Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Ӕстӕм ӕфхӕрд: мӕтыхтӕ

1 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ. Мӕ фӕндӕй фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕтӕ ныддур сты. Ӕз сын афтӕ уымӕн бакодтон, цӕмӕй сыл Мӕ диссӕгтӕ бавзарон.

2 Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый».

3 Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой.

4 Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн.

5 Уый бӕрц уыдзысты, ӕмӕ ӕрӕмбӕрздзысты зӕххы уӕлцъар, зӕхх сӕ бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Ихуарды фӕстӕ ма йыл зайӕгойӕ цы аззад, уыдонӕй ницыуал фӕуадздзысты, уӕ бӕлӕстӕ дӕр ма уын ахсындзысты.

6 Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.

7 Фараонӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Ацы лӕг ма нӕ бирӕ тухӕнӕй мардзӕн? Ауадз сӕ, ӕмӕ скувой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Ау, Мысыр сӕфтмӕ кӕй ӕрцыд, уый нӕ уыныс?»

8 Уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ раздӕхтой, ӕмӕ сын фараон загъта: «Ацӕут ӕмӕ бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ. Чи уӕ ацӕудзӕн?»

9 Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у».

10 Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат!

11 Фӕлӕ уын дзы ницы рауайдзӕн. Ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ бакувӕнт Дунедарӕгмӕ. Уый тыххӕй мӕм нӕ хатыдыстут?» Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны феддӕдуар кодтой.

12 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй февзид Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл мӕтыхтӕ ныццӕвдзысты сӕхи, бахӕрдзысты, ихы фӕстӕ ма йыл цы зайӕгойтӕ аззад, уыдон».

13 Моисей йӕ лӕдзӕгӕй февзыста Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл Дунедарӕг скӕсӕйнаг дымгӕ рауагъта. Дымгӕ ӕгас бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв фӕдымдта, ӕмӕ райсомӕй скӕсӕнӕй йемӕ мӕтыхтӕ ӕрбахаста.

14 Мӕтыхтӕ сӕхи андзӕрстой Мысыры зӕххыл ӕмӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй бацахстой. Уый бӕрц мӕтыхтӕ уӕды онг дӕр нӕ фендӕуыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ фендӕуыдзӕн.

15 Ӕрӕмбӕрзтой ӕгас зӕххы уӕлцъар, сау хӕрв ыл ӕрӕвӕрдтой. Бахордтой, их кӕй нӕ бахъыгдардта, уыцы зайӕгойтӕ ӕмӕ дыргътӕ. Иунӕг цъӕх тихалӕг нал фӕуагътой Мысыры зӕххыл, иунӕг цъӕх сыфтӕр — бӕлӕстыл.

16 Фараон тагъд фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Азымджын дӕн Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сымах раз.

17 Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».

18 Моисей рацыди фараоны галуанӕй ӕмӕ скуывта Дунедарӕгмӕ.

19 Дунедарӕг ныгуылӕнӕрдыгӕй рауагъта уаддымгӕ. Уаддымгӕ мӕтыхты фелвӕста ӕмӕ сӕ Сырх денджызы баппӕрста. Иу дӕр сӕ нал аззад Мысыры зӕххыл.

20 Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та нӕ рауагъта израилӕгты.


Фарӕстӕм ӕфхӕрд: саудалынг

21 Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Арвмӕ дӕ къухтӕ сдар, ӕмӕ Мысыры бӕстӕ ахӕм саудалынджы аныгъуылдзӕн, ӕмӕ адӕм, уырзӕй сгаргӕ, куырмӕджы цӕудзысты».

22 Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд.

23 Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.

24 Фараон Моисеймӕ басидт ӕмӕ йын афтӕ: «Ацӕут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувут. Уӕ сабитӕ дӕр ацӕуӕнт уемӕ, фӕлӕ уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стуртӕ ам уадзут».

25 Моисей йын загъта: «Нӕ фос нын немӕ куынӕ рауадзай, уӕд куыд ӕрхӕсдзыстӕм мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ?

26 Нӕ фос иу сӕры онг иууылдӕр хъуамӕ немӕ уой. Уыдонӕй хъуамӕ равзарӕм нывондӕгтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Цалынмӕ бынатыл сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, нывондӕн дзы кӕцы ӕрхӕссын ӕмбӕлы, уый».

27 Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та йӕ нӕ бафӕндыд адӕмы ауадзын.

28 Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ».

29 Моисей йын загъта: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал фендзынӕн».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan