Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Рацыд 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Израилӕгты хъизӕмӕрттӕ Мысыры

1 Мысыры бӕстӕм Йаковимӕ, йӕ иннӕ ном — Израил, ӕрбацыдысты (алчи ӕд бинонтӕ) йӕ фырттӕ:

2 Рувим, Симеон, Левий, Иудӕ,

3 Иссахар, Зевулон, Бениамин,

4 Дан, Неффалим, Гад, Асир.

5 Йосефимӕ — уый раздӕр афтыди Мысырмӕ — Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз.

6 Амард Йосеф, амардысты йе ’фсымӕртӕ, удӕгас ничиуал уыд сӕ фӕлтӕрӕй дӕр.

7 Фӕлӕ израилӕгтӕн сӕ хъӕстӕ даргъ-уӕрӕх ацыд — сбирӕ ӕмӕ стыхджын сты, Мысыры зӕххӕн уӕз кӕнын райдыдтой.

8 Уӕдмӕ бӕстӕйы сӕргъы ӕрлӕууыди ног паддзах, Йосефы чи нӕ зыдта, ахӕм.

9 Уый йӕ адӕмӕн загъта: «Кӕсут-ма, израилӕгтӕ куыд сбирӕ сты! Хъомысӕй дӕр ныл уӕлахиз кӕнынц.

10 Исты ӕрхъуыды хъӕуы, цӕмӕй бынтон ма ныббирӕ уой, уый тыххӕй. Науӕд, хӕст райдыдта, зӕгъгӕ, уӕд нӕ фыдгултимӕ баиу уыдзысты, нӕ ныхмӕ ралӕудзысты ӕмӕ сӕхи айсдзысты нӕ бӕстӕй».

11 Израилӕгты, сӕ тых сын чи сӕтта, ахӕм уӕззау куыстытыл бафтыдтой. Цӕстдарджытӕ сын сӕвӕрдтой ӕмӕ сын фараонӕн дыууӕ сахары саразын кодтой ӕфтауцуатӕн — Питом ӕмӕ Рамсес.

12 Фӕлӕ сӕ цас тынгдӕр ӕфхӕрдтой, уыйас тынгдӕр рӕзти сӕ нымӕц. Мысырӕгтӕ тасы бацыдысты

13 ӕмӕ сын ноджы карздӕр фыдӕбӕттӕ ӕвзарын кодтой.

14 Израилӕгты цард бынтондӕр зындон фестад: змӕстой ӕлыг ӕмӕ дзы амайӕн дуртӕ арӕзтой, быдыры фыдӕбон кодтой. Мысырӕгтӕ тӕригъӕд нӕ зыдтой, уӕззаудӕр цы куыст ис, уыдон сын се ’ккой скодтой.


Ӕвгъӕдгӕс устытӕ фараоны фыдӕнхъӕл куыд фӕкодтой

15 Мысыры паддзах фӕдзырдта дзуттаг ӕвгъӕдгӕс устытӕм, сӕ иуы ном — Шифра, иннӕйы ном — Пуа,

16 ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕй ӕвгъӕдгӕс кӕмӕн уат, уыдонӕн-иу сӕ лӕппуты амарут, чызджытӕ та цӕрӕнт».

17 Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.

18 Паддзах сӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафарста: «Ноггуырд лӕппуты удӕгасӕй цӕмӕн ныууадзут?»

19 Ӕвгъӕдгӕстӕ фараонӕн загътой: «Дзуттаг сылгоймӕгтӕ мысырӕгты хуызӕн не сты. Уыдон хъӕддых сты — ӕвгъӕдгӕс нӕма бахӕццӕ вӕййы, афтӕмӕй сӕ сывӕллон гуырд вӕййы».

20 Израилӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр ӕмӕ тыхджынӕй-тыхджындӕр кодтой. Хуыцау Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта ӕвгъӕдгӕс устыты.

21 Хуыцауӕй кӕй тарстысты, уый тыххӕй сын зӕнӕгӕй амонд радта.

22 Уӕд фараон бардзырд радта йе ’ппӕт адӕмӕн: «Дзуттӕгтӕн-иу сӕ ноггуырд лӕппуты Нилы доны баппарут, чызджытӕ та уадз ӕмӕ цӕрой».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan