Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд.

2 Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын.

3 Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ.

4 Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард.

5 Ӕмӕ уӕхи туг, — уӕ цард кӕй мидӕг ис, — уый дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕистӕй нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа.

6 Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.

7 Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».

8 Хуыцау загъта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн:

9 «Абон Ӕз фидыд аразын уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ,

10 стӕй ма цӕрӕг удӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — науӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ.

11 Уемӕ аразын фидыд: никуыуал бабын кӕндзынӕн ӕппӕт цӕрӕг удты, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл».

12 Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ ма уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд аразын, уый нысан:

13 ӕврӕгътыл ӕвӕрын Ме ’рдын — арвӕрдын. Уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн фидыды нысан.

14 Зӕххы сӕрмӕ-иу ӕврӕгътӕ куы рауадзон ӕмӕ-иу ӕврӕгътыл арвӕрдын куы фӕзына,

15 уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг.

16 Ӕврӕгътыл-иу арвӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл цӕрӕг удӕй цы ис, Хуыцау уыдонимӕ мыггагмӕйы фидыд кӕй сарӕзта, уый».

17 Хуыцау загъта Нойӕн: «Гъе уый — ӕппӕт зӕххон цӕрӕг удтимӕ цы фидыд аразын, уый нысан».

18 Нойы фырттӕ, науӕй чи рацыди, уыдон: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Хам уыди Ханааны фыд.

19 Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ — зӕххон адӕм иууылдӕр уыдонӕй равзӕрдысты.

20 Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта.

21 Иуахӕмы бануӕзта сӕн, барасыг ис ӕмӕ бӕгънӕгӕй хуыссыди йӕ цатыры.

22 Афтӕмӕй йӕ федта Хам, Ханааны фыд, ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн.

23 Уӕд Сим ӕмӕ Йафет райстой пӕлӕз, сӕ уӕхсчытыл ӕй ӕрбакодтой, чъылдымыздӕхтӕй бацыдысты сӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой. Се ’ргом иннӕрдӕм здӕхт уыд, ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой.

24 Ной куы ӕрӕрвонг ис, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакуыста, уый,

25 ӕмӕ загъта: «Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан! Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»

26 Загъта ма: «Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Симы Хуыцау! Ханаан йӕ цагъар суӕд Симӕн!

27 Йафетӕн парахат зӕхх бауарзӕд Хуыцауы цӕст, ӕмӕ Симы цатырты ӕрцӕрӕд! Йафетӕн дӕр суӕд йӕ цагъар Ханаан!»

28 Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Ной фӕцардис ӕртӕсӕдӕ фӕндзай азы.

29 Ӕмткӕй райсгӕйӕ та Ной фӕцарди фарастсӕдӕ фӕндзай азы, стӕй амард.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan