Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцау сфӕнд кодта ӕнӕуаг адӕмы фесафын

1 Адӕм зӕххыл райдыдтой фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнын. Райгуырди сын чызджытӕ.

2 Хуыцауы фырттӕ федтой, адӕмӕн сӕ чызджытӕ рӕсугъд кӕй сты, уый, ӕмӕ-иу дзы йӕ цӕст чи кӕуыл ӕрӕвӕрдта, уыимӕ-иу ӕмуат ӕрцыди.

3 Уӕд Дунедарӕг загъта: «Ӕз адӕймагӕн мыггагмӕ нӕ ныууадздзынӕн Мӕ царддӕттӕг комулӕфт, уымӕн ӕмӕ буар йеддӕмӕ ницы у. Йӕ царды бонтӕ уӕнт сӕдӕ дыууын азы».

4 Уыцы заман ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр зӕххыл цардысты уӕйыгӕнгӕс адӕм, Хуыцауы фырттӕн-иу зӕххон чызджытӕй чи райгуырди, уыдон. Незаманты цы хъуыддӕгтӕй фесгуыхтысты, уыдонӕй хъуыстгонд сты ныр дӕр ма.

5 Дунедарӕг федта, адӕймаг бынтондӕр кӕй сӕлгъаг, йӕ сӕрызонды фыдбылызӕй дарддӕр кӕй ницыуал баззад, уый,

6 ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта, кӕй йӕ сфӕлдыста, ууыл. Ныккӕрзыдта Йӕ зӕрдӕ,

7 ӕмӕ загъта: «Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн Ме сфӕлдыст адӕмы. Никӕйуал ныууадздзынӕн удӕгасӕй — нӕдӕр адӕмы, нӕдӕр цӕрӕгойты, нӕдӕр хилӕгойты, нӕдӕр уӕларвон мӕргъты. Ӕрфӕсмон кодтон, кӕй сӕ сфӕлдыстон, ууыл».

8 Иунӕг Ной фӕцыди Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ.

9-10 Мӕнӕ Нойы царды хабӕрттӕ. Уыди йын ӕртӕ фырты: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Рӕстӕвзар лӕг уыди Ной, йӕ заманы адӕмы ’хсӕн — ӕнӕкъӕм. Царди Хуыцауӕн коммӕгӕсӕй.

11 Фӕлӕ зӕхх Хуыцауы раз сӕнӕуаг ис, фыдракӕндӕй байдзаг ис.

12 Хуыцау ӕркасти зӕхмӕ ӕмӕ федта, зӕхх куыд сӕнӕуаг ис, уый: алы цӕрӕг уд дӕр галиу фӕндагыл ныллӕууыд.

13 Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.

14 Ды та дӕхицӕн гофер бӕласы хъӕдӕй нау сараз, скӕн дзы хатӕнтӕ, стӕй йӕ ӕдде ӕмӕ мидӕгӕй писийӕ байсӕрд.

15 Сараз ӕй афтӕ: йӕ дӕргъ уӕд ӕртӕсӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.

16 Сараз ын сӕр ӕмӕ йӕ иу ӕлмӕрины бӕрц уӕлӕмӕ сис, наумӕ рухс куыд цӕуа, афтӕ. Науы уӕд ӕртӕ уӕладзыджы, йӕ иу фарсыл — дуар.

17 Ӕз зӕххыл рауадздзынӕн доныхъаймӕт, ӕмӕ арвы бын царды комулӕфт кӕмӕдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕн, зӕххон цӕрджытӕ бабын уыдзысты иууылдӕр.

18 Фӕлӕ демӕ сараздзынӕн фидыд. Ды бахиздзынӕ наумӕ — дӕ фырттӕ, дӕ ус ӕмӕ дӕ чындзытимӕ.

19 Зӕххыл цыдӕриддӕр цӕрӕгойтӕ ис, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр наумӕ бакӕн къӕйттӕ, нӕлтӕ ӕмӕ сылтӕ, цӕмӕй уыдон дӕр демӕ фервӕзой.

20 Алы мӕргъты мыггагӕй ӕмӕ алы зӕххон цӕрӕгойты мыггагӕй, стырӕй, чысылӕй, демӕ наумӕ бацӕуӕнт къӕйттӕ, цӕмӕй баззайой удӕгасӕй.

21 Ноджы ма демӕ райс алы хойраг — дӕхицӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр».

22 Ной ӕппӕт дӕр бакодта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan