Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 50 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йосеф ныддӕлгом ис йӕ фыдыл ӕмӕ йын, цӕссыг згъалгӕйӕ, фӕбатӕ кодта.

2 Уый фӕстӕ йӕ лӕггадгӕнӕг дохтыртӕн бардзырд радта, цӕмӕй йын йӕ фыды мардмӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базилой. Ӕмӕ дохтыртӕ базылдысты Израилы мардмӕ.

3 Дыууиссӕдз боны дӕргъы йыл архайдтой — ӕгъдау куыд амыдта, афтӕ. Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз боны йыл фӕхъыг кодтой Мысыры адӕм.

4 Саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд Йосеф бахатыди фараоны галуаны адӕммӕ: «Кӕд мын уыцы хорз ракӕнын уӕ бон у, уӕд уӕ курын, ӕмӕ фараонӕн мӕ номӕй зӕгъут:

5 „Мӕ фыд мын ард бахӕрын кодта — афтӕ мын бафӕдзӕхста, куы амӕлон, уӕд-иу мӕ, Ханааны зӕххыл мӕхицӕн цы зӕппадз скодтон, уым бавӕр, зӕгъгӕ. Гъемӕ мын бар ратт, цӕмӕй ацӕуон ӕмӕ мӕ фыды бавӕрон. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхдзынӕн“».

6 Фараон ын бар радта: «Ацу ӕмӕ бавӕр дӕ фыды, ард дын куыд бахӕрын кодта, афтӕ».

7 Йосеф араст ис йӕ фыды мард бавӕрынмӕ. Йемӕ рацыдысты фараоны фӕсдзӕуинтӕ, йӕ барджынтӕ ӕмӕ Мысыры кадджын хистӕртӕ,

8 стӕй Йосефы хӕдзаронтӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — йӕ фыды ӕппӕт хӕдзар. Гошены зӕххыл ма баззадысты ӕрмӕст сӕ сабитӕ, сӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурвос.

9 Йосефимӕ рацыдысты уӕрдонджынтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ дӕр. Тынг бирӕ адӕм рацыд йӕ фӕдыл.

10 Иорданы фале Горен-Атадмӕ куы ӕрбахӕццӕ сты, уӕд уым Йосефы фыдыл еххӕй фӕкуыдтой, фӕбогъ-богъ кодтой, фӕхъыг ыл кодтой авд боны.

11 Уыцы зӕххы цӕрджытӕ, ханаанӕгтӕ, Горен-Атады куыд дзынӕзтой, уый куы федтой, уӕд загътой: «Куыд тынг кӕуынц мысырӕгтӕ!» Уымӕ гӕсгӕ ацы бынат схуыдтой Авел-Мицраим, ис Иорданы фале.

12 Йаковы фырттӕ сӕххӕст кодтой сӕ фыды фӕдзӕхст,

13 ахастой йӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ йӕ бавӕрдтой, Мамрейы ныхмӕ Махпелайы быдыры цы лӕгӕт уыди, уым. Уыцы быдыр кӕддӕр Авраам хеттаг Ефронӕй зиан бавӕрыны тыххӕй балхӕдта.

14 Йосеф йӕ фыды куы бавӕрдта, уӕд йе ’фсымӕртимӕ ӕмӕ, йӕ фыды зианы фӕдыл чидӕриддӕр рацыди, уыдонимӕ ӕрбаздӕхти Мысырмӕ.


Йосеф йе ’фсымӕртимӕ куыд бафидыдта

15 Йаковы мӕлӕты фӕстӕ Йосефы ӕфсымӕртӕ ныссагъӕс кодтой: «Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма нӕм Йосеф хӕрам у, цы фыд ын ракодтам, уый тыххӕй нӕ йӕ маст райсдзӕн».

16 Ӕмӕ Йосефмӕ барвыстой: «Дӕ фыд нын йӕ мӕлӕты размӕ ныффӕдзӕхста,

17 Йосефӕн, дам, зӕгъут: де ’фсымӕртӕн ныббар сӕ тӕригъӕд, сӕ азым — цы фыдми дын бакодтой, уый. Гъемӕ дӕ курӕм, ныххатыр кӕн, дӕ хорзӕхӕй, сӕ азым дӕ фыды Хуыцауы цагъартӕн». Уыцы ныхӕстӕ йын куы кодтой, уӕд Йосеф куыдта.

18 Ӕфсымӕртӕ йӕм сӕхӕдӕг дӕр ӕрбацыдысты, ныддӕлгом сты йӕ разы ӕмӕ загътой: «Нырӕй фӕстӕмӕ дын мах — цагъартӕ».

19 Фӕлӕ сын Йосеф загъта: «Тӕрсгӕ мӕ ма кӕнут! Ӕз Хуыцау, мыййаг, куынӕ дӕн.

20 Фыдвӕнд уӕ зӕрды уыди, фӕлӕ уын ӕй Хуыцау хорзӕрдӕм фӕкодта, цӕмӕй ӕрцӕуа, абон цы уынӕм, уый: бирӕ адӕм фервӕзтысты мӕлӕтӕй.

21 Гъемӕ ма тӕрсут. Ӕз уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сабиты дӕр дардзынӕн». Уыцы рӕвдауӕн ныхӕстӕй Йосеф ӕрсабыр кодта йе ’фсымӕрты.

22 Афтӕ Йосеф йӕ фыды ӕппӕт мыггагимӕ ӕрцарди Мысыры. Фӕцарди дӕс ӕмӕ фондзыссӕдз азы.

23 Ӕрӕййӕфта ма Ефремы фыртты фыртты. Менассиайы фырт Махиры хъӕбултӕ дӕр ма уый хъӕбысмӕ райгуырдысты.

24 Ӕмӕ загъта Йосеф йе ’фсымӕртӕн: «Мӕнӕн мӕ адзал ӕрцыди, фӕлӕ Хуыцау сымах ӕнӕмӕнг ӕрхъуыды кӕндзӕн ӕмӕ уӕ ацы зӕххӕй акӕндзӕн, Авраамӕн, Исаакӕн ӕмӕ Йаковӕн цы зӕхх раттынӕй сомы кодта, уырдӕм».

25 Йосеф Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Искӕд бон Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ ардыгӕй ахӕссут».

26 Йосеф амарди, дӕс ӕмӕ йыл фондзыссӕдз азы куы цыди, уӕд. Йӕ мардмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕй базылдысты, чырыны йӕ нывӕрдтой ӕмӕ йӕ Мысыры зӕххыл бафснайдтой.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan