Райдиан 49 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Йаков йӕ фырттӕм басидт ӕмӕ сын загъта: «Ӕрбамбырд ут, ӕмӕ уын радзурон, фидӕны уӕм цы кӕсы, уый. 2 Ӕртымбыл ут, ӕрбайхъусут, Йаковы фырттӕ, ӕрбайхъусут уӕ фыд Израилмӕ. 3 Рувим, ды мӕ хистӕр зӕнӕг, мӕ тых дӕ, мӕ нӕлгоймаджы хъаруйы фыццаг ӕнтыст ды дӕ, дӕ кад, дӕ хъомысӕн ӕмбал нӕй. 4 Ивылд донау абухыс ды, ӕмӕ нӕ уыдзӕн хистӕры кад дӕу: дӕ фыды уатмӕ ӕнӕфсармӕй схызтӕ, фӕчъизи мын кодтай мӕ хуыссӕн. 5 Симеон ӕмӕ Левий — ӕфсымӕртӕ: сӕ кӕрдтӕ — тыхмийы хӕцӕнгӕрзтӕ. 6 Нӕ уыдзынӕн ӕз уыдонимӕ ’мдзӕхдон, се ’мбырдмӕ нӕ бавӕрдзынӕн къах, — куы смӕсты вӕййынц — адӕмы цӕгъдынц, сӕ хъалӕй уыдон галтӕн сӕ счъилы нуӕрттӕ адзӕнгӕл кӕнынц! 7 Ӕлгъыст фӕуӕд сӕ уыраугӕ маст, ӕлгъыст фӕуӕд сӕ хъӕхъхъаг уаг! Ӕз сӕ Йаковы фыртты ’хсӕн ныххӕлиу кӕндзынӕн, ӕз сӕ Израилы фыртты ’хсӕн байтаудзынӕн! 8 Ӕфсымӕртӕ дӕ стаудзысты, Иудӕ! Йӕ бӕрзӕйӕ ӕрцахсдзынӕ фыдгулы; ныллӕг дын кувдзысты дӕ фыды фырттӕ. 9 Иудӕ — домбайы лӕппын; дӕ амӕттагыл уӕлахиз кӕныс, мӕ фырт. Уый йӕхи ӕруадзы домбайау, мадӕл домбайау зӕххыл ӕрхуыссы — чи йӕ бауӕнддзӕн бахъыгдарын? 10 Иудӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай нӕ фӕуыдзӕн, йӕ байзӕддаг паддзахы бадӕнӕй нӕ фӕхаудзӕн, цалынмӕ, паддзахы бартӕ Кӕмӕ сты, Уый не ’рцӕуа, ӕмӕ адӕмтӕ Йӕ дӕлбар не суой, уӕдмӕ. 11 Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс. 12 Йӕ цӕстытӕ уымӕн сты сау сӕнӕй саудӕр, йӕ дӕндӕгтӕ уымӕн ӕхсырӕй сты урсдӕр. 13 Зевулон! Ӕввахс ӕрцӕрдзӕни фурдмӕ, ӕмӕ йӕ бӕстӕ наулӕууӕн суыдзӕн. Йӕ арӕнтӕ ӕххӕсдзысты Сидонмӕ. 14 Иссахар — фидарстӕг хӕрӕг, хуыссы йӕ хордзенты астӕу. 15 Уый федта, йӕ улӕфӕн бынат куыд хорз у, бӕллиццаг кӕй у уыцы зӕхх, ӕмӕ йе уӕхск бадардта уаргъмӕ — цагъары куыстыл сразы ис. 16 Дан, тӕрхоны лӕг дӕ адӕмӕн уыдзынӕ — Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуӕн. 17 Хилӕгау уыдзӕни Дан фӕндагыл, калмау уыдзӕни уый развӕдыл: бӕхы счъилыл куы фӕхӕцы, уӕд барӕг асхъиуы фӕстӕрдӕм. 18 Дунедарӕг, фервӕзын кӕн, дарын Дыл мӕ зӕрдӕ! 19 Гадмӕ абырджыты бардз лӕбурдзӕни, фӕлӕ сӕ уый зӕйау йӕ разӕй ахӕсдзӕн. 20 Асиры бӕркадӕн ныккӕнӕн нӕ уыдзӕни, аккаг хӕлц паддзахӕн хӕсдзӕни. 21 Неффалим — сӕрибар хъуаз, рӕсугъд сты йӕ лӕппынтӕ. 22 Йосеф — зад сӕнӕфсиры тала, зад сӕнӕфсиры тала суадоны сӕрмӕ. Йӕ къабузтӕ сисыл хилынц. 23 Маст ын кодтой ӕмӕ йӕ фатӕй ӕхстой, тох амадтой йемӕ ӕрдынджынтӕ. 24 Фӕлӕ йӕ фат ӕмӕ йе ’рдын ӕндӕрхуызон дӕр нӕ фесты, йӕ цонджы хъаруйыл ын бафтыдта Йаковы Хъомысджын Хуыцау. Уый фӕрцы сдӕ Израилӕн йӕ фыййау, йӕ ныфсы мӕсыг ды. 25 Дӕ фыды Хуыцау аудӕд дӕуыл, Ӕппӕтхъомысы арфӕ дыл ӕмбӕлӕд: уӕларвы ’ртах ӕмӕ, зӕххы бын цы дон ис, уымӕй, дӕ хуымтӕ донӕфсӕст цы ’ййафой, дӕ байзӕддаг бирӕ-бирӕ цы бауа. 26 Дӕ фыды арфӕтӕ рагон хӕхтӕй — бӕрзонддӕр, ӕнусон къуылдымтӕй — уӕлдӕр! Ӕппӕтӕй дӕр схайджын уӕд Йосеф, — ӕфсымӕрты ’хсӕн уый куы у ӕвзӕрст. 27 Бениамин — тугдзых бирӕгъ, уый райсомӕй йӕ тӕлӕттаг хӕры, изӕры та йӕ амӕттаджы скъуыны». 28 Гъе уыдон сты Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы. Гъе ахӕм арфӕтӕ сын ракодта сӕ фыд, алкӕмӕн дӕр — сӕрмагондӕй. Йаковы мӕлӕт 29 Йаков йӕ фырттӕн бафӕдзӕхста: «Ныр ӕз мӕрдтӕм, мӕ фыдӕлты размӕ, цӕуинаг дӕн, ӕмӕ-иу мӕ бавӕрут, хеттаг Ефроны быдыры цы лӕгӕт ис, уым. 30 Лӕгӕт ис Ханааны зӕххыл, Мамрейы цур, кӕддӕр Авраам зиан ӕвӕрынӕн хеттаг Ефронӕй кӕй балхӕдта, уыцы Махпелайы быдыры. 31 Уым бавӕрдтой Авраам ӕмӕ йӕ ус Саррӕйы, уым бавӕрдтой Исаак ӕмӕ йӕ ус Ревеккӕйы дӕр, ӕз та дзы бавӕрдтон Леайы. 32 Уыцы быдыр ӕд лӕгӕт хеттӕгтӕй ӕлхӕд у». 33 Йаков Йӕ фырттӕн уыцы фӕдзӕхстытӕ куы загъта, уӕд йӕ хуыссӕнуаты йӕхи ауагъта ӕмӕ уыйадыл йӕ уд систа, йӕ фыдӕлтӕм ацыд. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia