Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 47 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Йосеф фараонмӕ бацыдис ӕмӕ йын загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ ме ’фсымӕртӕ ӕрцыдысты Ханааны зӕххӕй — ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон. Ӕрӕнцадысты Гошены зӕххыл».

2 Йосеф йе ’фсымӕртӕй фондзы бакодта фараоны размӕ.

3 Фараон сӕ бафарста: «Цы куыстгӕнӕг стут?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау фыййӕуттӕ стӕм».

4 Ноджы ма загътой фараонӕн: «Мах ардӕм уымӕн ӕрцыдыстӕм цӕрынмӕ, ӕмӕ нӕ фосӕн хизӕнуат нал ис — Ханааны зӕххыл скодта ӕвирхъау стонг заман. Бар ратт дӕ цагъартӕн, цӕмӕй Гошены зӕххыл ӕрцӕрой».

5 Фараон Йосефӕн загъта: «Дӕ фыд ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕм ӕрцыдысты;

6 Мысыры зӕхх иууылдӕр дӕ разы ис — хуыздӕр кӕм у, уыцы ран сӕ ӕрцӕрын кӕн. Гошены зӕххыл ӕрцӕрӕнт. Кӕд се ’хсӕн сӕрӕн адӕм зоныс, уӕд уыдонӕн та мӕ фос сӕ бӕрны бакӕн».

7 Уӕд Йосеф фараоны размӕ бахуыдта йӕ фыд Йаковы дӕр, ӕмӕ Йаков фараонӕн раарфӕ кодта.

8 Фараон Йаковы бафарста: «Ныр дыл цал азы цӕуы?»

9 Йаков фараонӕн дзуапп радта: «А дунейыл хӕтӕнхуагӕй цӕрын сӕдӕ ӕртын азы. Цыбыр ӕмӕ зынвадат уыди мӕ цард. Мӕ фыдӕлтӕ цас фӕцардысты, мӕнӕн уыйас нӕ бантыст».

10 Йаков та ногӕй раарфӕ кодта фараонӕн ӕмӕ йӕ цурӕй рацыд.

11 Йосеф, фараоны фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ, йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕрты ӕрцӕрын кодта Мысыры хуыздӕр зӕххыл, Рамсесы. Уым сын радта зӕххы хӕйттӕ.

12 Йосеф йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн, стӕй йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн, кӕмӕн цал сабийы уыди, уымӕ гӕсгӕ, хойраг лӕвӕрдта.


Стонг заман Мысыры зӕххыл

13 Стонг заман афтӕ стыхджын ис, ӕмӕ зӕххыл хойраджы мур нал баззади. Мысыр ӕмӕ Ханааны адӕмтӕ батадысты фыр ӕххормагӕй.

14 Мысыр ӕмӕ Ханааны цӕрджытӕн хор уӕй кӕнгӕйӕ, Йосеф ӕрбамбырд кодта, цыдӕриддӕр сӕм ӕвзист уыди, уый, ӕмӕ йӕ фараоны хӕзнадонмӕ бахаста.

15 Афтӕмӕй Мысыр ӕмӕ Ханааны ӕвзист нал баззади. Мысыры адӕм иууылдӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ӕри нын хойраг! Ӕви дӕ разы мӕлгӕ хъуамӕ акӕнӕм? Ӕвзист нӕм нал баззад!»

16 Йосеф сын афтӕ: «Кӕд уӕм ӕвзист нал ис, уӕд уын уӕ фосы сӕрмӕ ратдзынӕн хойраг».

17 Уыйадыл Йосефмӕ ӕрбатардтой сӕ фос, ӕмӕ сын уый сӕ бӕхтӕ, сӕ фысвос, стурвос ӕмӕ хӕрджыты сӕрмӕ радта афӕдзваг хойраг.

18 Аивгъуыдта уыцы аз, ӕмӕ та иннӕ аз дӕр ӕрбацыдысты Йосефмӕ ӕмӕ йын загътой: «Цы йӕ сусӕг кӕнӕм не ’лдарӕй, не ’взист дӕр нал ис, нӕ фос дӕр дӕу баци. Ницыуал нӕм баззади, цы дын раттӕм, ахӕмӕй, нӕхи ӕмӕ нӕ зӕххытӕй дарддӕр.

19 Ау, дӕ цӕсты раз хъуамӕ бабын уӕм, ӕмӕ нӕ зӕххытӕ ӕдзӕрӕг фӕуой? Фӕлтау нын нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ зӕххытӕ дӕр хойраджы сӕрмӕ айс, ӕмӕ ӕд зӕххытӕ суыдзыстӕм фараоны цагъартӕ. Ратт нын тауинаг, цӕмӕй удӕгасӕй аирвӕзӕм, науӕд быныскъуыд кӕнӕм, ӕмӕ заууатмӕ ӕрцӕудзӕни зӕхх дӕр».

20 Афтӕмӕй Йосеф фараонӕн балхӕдта ӕппӕт Мысыры зӕххытӕ. Мысырӕгтӕ сыдӕй мӕлынмӕ куы ӕрцыдысты, уӕд ауӕй кодтой сӕ хуымтӕ, ӕмӕ зӕхх баци фараоны исбон.

21 Мысыры адӕмы та — бӕстӕйӕн йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — Йосеф скодта фараоны цагъартӕ.

22 Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕ нӕ балхӕдта, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕн хай уыди фараоны бӕркадӕй. Уымӕй цардысты ӕмӕ нӕ ауӕй кодтой сӕ зӕххытӕ.

23 Йосеф Мысыры адӕмӕн загъта: «Гъеныр уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ зӕххытӕ дӕр балхӕдтон фараонӕн. Мӕнӕ уын хор тауинагӕн.

24 Тыллӕг куы исат, уӕд ын йӕ фӕндзӕм хай дӕттут фараонӕн, цыппар хайы та уын — тауинагӕн, стӕй хӕрынӕн: уӕхицӕн, уӕ хӕдзаронтӕн ӕмӕ уӕ сабитӕн».

25 Уыдон загътой: «Ды нӕ фервӕзын кодтай! Хорздзинад нын дӕ цӕст бауарзта, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ уыдзыстӕм фараоны цагъартӕ».

26 Йосеф Мысыры цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уый ма суанг абон дӕр йӕ тыхы ис: тыллӕджы фӕндзӕм хай фараоны у. Ӕрмӕст сауджынты зӕххытӕй ницы ӕрхауди фараонмӕ.


Йаковы фӕстаг курдиат

27 Израилӕгтӕ ӕрцардысты Мысыры, Гошены зӕххыл, цот рауагътой ӕмӕ сбирӕ сты.

28 Йаков Мысыры зӕххыл фӕцарди ӕвддӕс азы, ӕмӕ йыл уым сӕххӕст ис сӕдӕ цыппор авд азы.

29 Израилӕн йӕ адзал куы ӕрӕввахс ис, уӕд басидт йӕ фырт Йосефмӕ: «Кӕд мӕ нымайыс, уӕд мын дӕ къухӕй мӕ агъдрӕбынмӕ бавнал ӕмӕ ард бахӕр, иузӕрдион ӕмӕ мын уарзӕгой фырт кӕй разындзынӕ, уый тыххӕй. Мысыры-иу мын ма бавӕр мӕ мард,

30 фӕлӕ, мӕ фыдӕлтыл куы бафтон, уӕд-иу мӕ ардыгӕй алас ӕмӕ-иу мӕ бавӕр мӕ фыдӕлты зӕппадзы». Йосеф ын дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ бакӕндзынӕн».

31 Израил загъта: «Расомы мын кӕн». Йосеф ын сомы ракодта, ӕмӕ Израил йӕ хуыссӕнуаты скуывта Хуыцаумӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan