Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 46 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йаковы ацыд Мысырмӕ

1 Израил йе ’ппӕт исбонимӕ сыстади Ханааны зӕххӕй. Беер-Шевӕмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕн ӕрхаста нывӕндтӕ.

2 Ӕхсӕвы йӕм Хуыцау ӕргом рацыди ӕмӕ йӕм фӕсидти: «Йаков! Йаков!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

3 Хуыцау загъта: «Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ фыды Хуыцау. Ма тӕрс, цу Мысырмӕ — уым дӕуӕй рантысын кӕндзынӕн разагъды адӕм.

4 Мысырмӕ дӕр Мӕхӕдӕг ацӕудзынӕн демӕ, фӕстӕмӕ дӕр дӕ Мӕхӕдӕг ракӕндзынӕн уырдыгӕй. Йосеф дын йӕхи къухӕй ӕрӕхгӕндзӕни дӕ цӕстытӕ».

5 Ӕмӕ Йаков рацыди Беер-Шевӕйӕ. Фараон кӕй сӕрвыста, уыцы уӕрдӕтты Израилы фырттӕ аластой сӕ фыд Йаковы, сӕ сабитӕ ӕмӕ сӕ устыты.

6 Ханааны сӕм цы фос ӕмӕ цы мулк ӕрӕмбырд, уыимӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаг ӕрцыдысты Мысырмӕ.

7 Уырдӕм йемӕ ӕркодта йӕ цот ӕмӕ йӕ цоты цоты — йе ’ппӕт байзӕддӕгты.

8 Мӕнӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон — Йаков ӕмӕ йӕ фырттӕ: Рувим, йӕ зӕнӕджы хистӕр.

9 Рувимы фырттӕ: Ханох, Паллу, Хецрон, Карми.

10 Симеоны фырттӕ: Йемуел, Йамин, Охад, Йахин, Цохар, Саул — йӕ ханаанаг усы лӕппу.

11 Левийы фырттӕ: Гершон, Кехат, Мерари.

12 Иудӕйы фырттӕ: Ер, Онан, Шела, Парец, Зарах. Ӕцӕг, Ер ӕмӕ Онан амардысты Ханааны зӕххыл. Парецы фырттӕ: Есром ӕмӕ Хамул.

13 Иссахары фырттӕ: Тола, Пувва, Иов, Шимрон.

14-15 Зевулоны фырттӕ: Серед, Елон, Йахлеел. Йаковӕн уыди чызг дӕр — Динӕ. Адон сты Леайы цот, Йаковӕн Паддан-Арамы кӕй ныййардта, уыдон. Лӕппуйӕ, чызгӕй ӕдӕппӕтӕй — ӕртындӕс ӕмӕ ссӕдз.

16 Гады фырттӕ: Цифион, Хагги, Шуни, Ецбон, Ери, Ароди, Арели.

17 Асиры фырттӕ: Имна, Ишва, Ишви, Бриа; сӕ хо — Серах. Бриайы фырттӕ: Хевер ӕмӕ Малкиел.

18 Адон сты, Лаван йӕ чызг Леайӕн кӕй радта, уыцы унӕут Зилпайы цот, уый Йаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — ӕхсӕрдӕс.

19 Йаковы ус Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин.

20 Йосефӕн Мысыры зӕххыл райгуырдысты Менассиа ӕмӕ Ефрем, Оны сауджын Поти-Перы чызг Аснат ын кӕй ныййардта, уыдон.

21 Бениамины фырттӕ: Бела, Бехер, Ашбел, Гера, Нааман, Ехи, Рош, Муппим, Хуппим, Ард.

22 Адон сты Рахел ӕмӕ Йаковы цоты цот. Ӕдӕппӕтӕй — цыппӕрдӕс.

23 Даны фырт Хушим.

24 Неффалимы фырттӕ: Йахцеел, Гуни, Йецер, Шиллем.

25 Адон сты, Лаван йӕ чызг Рахелӕн кӕй радта, уыцы унӕут Билхайы цот, уый Йаковӕн кӕй ныййардта, уыдон. Ӕдӕппӕтӕй — авд.

26 Йаковимӕ Мысырмӕ чи ӕрцыди, йӕ уыцы байзӕддӕгтӕ, йӕ фыртты устыты нӕ нымайгӕйӕ, ӕдӕппӕтӕй уыдысты ӕхсӕз ӕмӕ ӕртиссӕдзы.

27 Йосефы фырттӕ та, Мысыры йын чи райгуырди, уыдон, уыдысты дыууӕ. Афтӕмӕй Йаковы мыггаг, Мысырмӕ чи ӕрцыди, уыдон, ӕдӕппӕтӕй уыдысты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы.

28 Йаков Йосефмӕ арвыста Иудӕйы, цӕмӕй уый йӕ размӕ рацӕуа Гошенмӕ. Ӕмӕ Йаков йӕ хӕдзаронтимӕ Гошены зӕхмӕ куы бахӕццӕ ис,

29 уӕд Йосеф дӕр сифтыгъта йӕ уӕрдон ӕмӕ ссыди Гошенмӕ, йӕ фыд Израилмӕ. Йӕ цуры куы балӕууыди, уӕд йе ’фцӕджы ныттыхст ӕмӕ бирӕ фӕкуыдта.

30 Израил Йосефӕн загъта: «Сӕрӕгасӕй ма дӕ кӕм федтон, уым ныр разы дӕн амӕлыныл дӕр».

31 Йосеф йе ’фсымӕртӕн ӕмӕ йӕ фыды иннӕ хӕдзаронтӕн загъта: «Цӕуон фараонмӕ ӕмӕ йын фехъусын кӕнон: „Ханааны зӕххӕй мӕм ӕрцыдысты ме ’фсымӕртӕ ӕмӕ мӕ фыды ӕппӕт хӕдзаронтӕ.

32 Фыййау адӕм сты, фосдарджытӕ. Семӕ ӕртардтой сӕ лыстӕг фос ӕмӕ се стурвос, ӕрхастой се ’ппӕт исбон дӕр“.

33 Фараон уӕм куы фӕдзура ӕмӕ уӕ куы бафӕрса, цы куыстгӕнӕг стут, зӕгъгӕ,

34 уӕд-иу ын раттут ахӕм дзуапп: „Мах, дӕ цагъартӕ, нӕ фыдӕлтау не ’взонгӕй нырмӕ фосдарджытӕ стӕм“. Ӕмӕ уӕд Гошены зӕххыл баззайдзыстут, уымӕн ӕмӕ мысырӕгтӕ фыййӕуттыл былысчъил кӕнынц».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan