Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йосефы ӕфсымӕрты фыццаг балц Мысырмӕ

1 Йаков базыдта, Мысыры хор кӕй ис, уый ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Уӕ кӕрӕдзимӕ цы ракӕс-бакӕс кӕнут?

2 Мысыры хор ис, зӕгъгӕ, фехъуыстон, цӕугӕут уырдӕм ӕмӕ дзы балхӕнут, цӕмӕй удӕгасӕй баззайӕм, науӕд амӕлдзыстӕм».

3 Ӕмӕ Йосефы дӕс ӕфсымӕры хор ӕлхӕнынмӕ араст сты Мысырмӕ.

4 Ӕрмӕст сын Йаков Йосефы ӕфсымӕр Бениамины, исты йыл куы ӕрцӕуа, зӕгъгӕ, семӕ нӕ рауагъта.

5 Ханааны зӕххыл стонг заман кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ Мысырмӕ афтыди бирӕ хорӕлхӕнӕг адӕм, уыдонимӕ Йаковы фырттӕ дӕр.

6 Ныр Мысыры зӕххӕн та йе ’лдар Йосеф уыд, ӕмӕ хор дӕр уый уӕй кодта бӕстӕйы ӕппӕт адӕмӕн. Йе ’фсымӕртӕ йӕм бацыдысты ӕмӕ йӕ разы ныддӕлгом сты зӕххыл.

7 Йосеф сӕ куыддӕр ауыдта, афтӕ сӕ базыдта, фӕлӕ сын йӕхи не схъӕр кодта. Тызмӕгӕй сӕ бафарста: «Кӕцӕй ӕрбацыдыстут?» Дзуапп ын радтой: «Ханааны зӕххӕй, хойраг балхӕнынмӕ».

8 Афтӕмӕй Йосеф базыдта йе ’фсымӕрты, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ базыдтой.

9 Йосефы зӕрдыл ӕрлӕууыди, кӕддӕр сӕ йӕ фынты куыд федта, уый ӕмӕ сын загъта: «Сымах сгарджытӕ стут. Нӕ бацӕуӕнтӕ нын басгарынмӕ фӕзындыстут».

10 Уыдон ын дзуапп радтой: «Нӕ, не ’лдар, дӕ цагъартӕ хойраг ӕлхӕнынмӕ ӕрбацыдысты.

11 Мах не ’ппӕт дӕр — иу лӕджы фырттӕ, ӕууӕнкджын адӕм стӕм. Дӕ цагъартӕ никуы уыдысты сгарджытӕ».

12 Фӕлӕ та сын уый афтӕ: «Нӕ, сымах нын нӕ бацӕуӕнтӕ басгарынмӕ фӕзындыстут».

13 Уыдон ын загътой: «Мах, дӕ цагъартӕ, дыууадӕс ӕфсымӕрӕй иу лӕджы фырттӕ стӕм, ханаанӕгтӕ. Кӕстӕр ныртӕккӕ нӕ фыдимӕ ис, нӕ иу ӕфсымӕр та нал ис».

14 Йосеф сын ногӕй: «Куыд ӕнхъӕлдтон, хъуыддаг афтӕ у: сымах, бӕлвырд, сгарджытӕ стут.

15 Фӕлӕ уӕ мах бафӕлвардзыстӕм. Фараонӕй уын ард хӕрын, ардыгӕй нӕ аздӕхдзыстут, цалынмӕ уӕ кӕстӕр ӕфсымӕр ӕрцӕуа, уӕдмӕ.

16 Уӕ иуы арвитут уе ’фсымӕры ӕркӕнынмӕ, иннӕтӕ та уӕдмӕ ахӕстоны абадӕнт. Афтӕмӕй раргом уыдзӕн, уӕ ныхӕстӕ раст сты ӕви нӕ. Раст куынӕ разыной, уӕд, фараонӕй ард хӕрын, сгарджытӕ стут».

17 Ӕмӕ сӕ ӕртӕ боны дӕргъы ахӕсты фӕдардта.

18 Ӕртыккаг бон сын Йосеф загъта: «Ӕз Хуыцауӕй тӕрсын ӕмӕ уын зӕгъын, удӕгасӕй баззайдзыстут, мӕнӕ афтӕ куы бакӕнат, уӕд.

19 Кӕд ӕууӕнкджын адӕм стут, уӕд уал уӕ иу ам, ахӕстоны, лӕууӕд, иннӕтӕ хор аласӕнт се ’ххормаг бинонтӕн.

20 Стӕй мӕм ӕркӕндзыстут уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры. Афтӕ куы бакӕнат, уӕд сбӕрӕг уыдзӕни уӕ рӕстдзинад ӕмӕ нӕ амӕлдзыстут». Ӕфсымӕртӕ сразы сты.

21 Сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Бӕгуыдӕр, азымджын стӕм не ’фсымӕры раз. Йӕ зӕрдӕйы тас ын уыдтам, куы нын лӕгъстӕ кодта, уӕд, фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстам, ӕмӕ ныр нӕхӕдӕг дӕр бӕллӕхы бахаудыстӕм».

22 Рувим сын афтӕ: «Нӕ уын дзырдтон, уыцы лӕппуйы тӕригъӕды ма бацӕут, зӕгъгӕ? Фӕлӕ нӕ байхъуыстат, ӕмӕ нӕ йӕ туг истӕуы ныр».

23 Йосеф сӕм хъусы, уый нӕ зыдтой, уымӕн ӕмӕ се ’хсӕн тӕлмацгӕнӕг уыд.

24 Иуварс рацыд Йосеф ӕмӕ ныккуыдта. Фӕстӕмӕ сӕм куы баздӕхт ӕмӕ та семӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд Симеоны иннӕтӕй фӕхицӕн кодта ӕмӕ йӕ сӕ цуры сбӕттын кодта.

25 Уый фӕстӕ Йосеф бафӕдзӕхста, цӕмӕй сын сӕ голджытӕ хорӕй байдзаг кӕной, алкӕмӕн дӕр йе ’взист фӕстӕмӕ йӕ голладжы нывӕрой, фӕндаггагӕй дӕр сӕ сифтонг кӕной. Ӕмӕ сын афтӕ бакодтой.

26 Ӕфсымӕртӕ сӕ хор хӕрджытыл сӕвӕрдтой ӕмӕ рараст сты уырдыгӕй.

27 Фӕндагыл ӕхсӕвиуат кӕм бакодтой, уым ӕфсымӕртӕй иу, хӕрӕгӕн холлаг раттон, зӕгъгӕ, йӕ голладжы ком райхӕлдта, ӕмӕ дзы йе ’взист куы ауынид.

28 Йе ’фсымӕртӕм дзуры: «Ме ’взист мӕм фӕстӕмӕ раздӕхти. Мӕнӕ ма — мӕ голладжы ис». Ӕфсымӕртӕ хорзау нал фесты ӕмӕ, сӕхимидӕг баризгӕйӕ, дзырдтой кӕрӕдзийӕн: «Уый нын Хуыцау цы кӕны?»

29 Ӕфсымӕртӕ схӕццӕ сты сӕ фыд Йаковмӕ Ханааны зӕхмӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ӕрцыди, уыдӕттӕ йын рафӕзмыдтой:

30 «Уыцы бӕстӕйы ӕлдар немӕ ныхас кодта тынг тызмӕгӕй, рахуыдта нӕ сгарджытӕ,

31 фӕлӕ йын загътам: „Мах ӕууӕнкджын адӕм стӕм, сгарджытӕ никуы уыдыстӕм.

32 Дыууадӕс ӕфсымӕрӕй стӕм иу фыды фырттӕ. Нӕ иу ӕфсымӕр нал ис, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззади Ханааны зӕххыл“.

33 Уӕд нын уыцы бӕстӕйы ӕлдар загъта: „Ӕууӕнкджын адӕм стут, уый сбӕрӕг кӕндзынӕн мӕнӕ афтӕ. Уе ’фсымӕртӕй иуы ам ныууадзут, уӕхӕдӕг та райсут хор, аласут ӕй ӕмӕ уе ’ххормаг бинонты бафсадут.

34 Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕркӕнут, ӕмӕ мӕ уӕд бауырндзӕни, сгарджытӕ нӕ, фӕлӕ ӕууӕнкджын адӕм кӕй стут, уый. Уӕд уын суӕгъд кӕндзынӕн уӕ иннӕ ӕфсымӕры, стӕй уын а зӕххыл уыдзӕни сӕудӕджер кӕныны бар дӕр“».

35 Ӕфсымӕртӕ сӕ голджытӕ равдӕлон кӕнынмӕ куы бавнӕлдтой, уӕд алкӕмӕн дӕр йе ’взисты дзӕкъул йӕ голладжы куы разынид. Уый фенгӕйӕ, старстысты — сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ фыд дӕр.

36 Сӕ фыд Йаков сын загъта: «Мӕ фырттӕй мӕ фенӕхай кодтат. Йосеф нал ис. Симеон нал ис. Бениамины дӕр акӕнынмӕ хъавут. Ӕппӕт бӕллӕхтӕ дӕр мӕныл цӕуынц!»

37 Уӕд Рувим йӕ фыдӕн загъта: «Мӕ дыууӕ фырты-иу мын амар, Бениамины дӕм фӕстӕмӕ куы не ’рбакӕнон, уӕд. Ме ’вджид ӕй бакӕн, ӕмӕ дыл ӕй фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕндзынӕн».

38 Йаков загъта: «Мӕ фырт уемӕ нӕ ацӕудзӕн! Йе ’фсымӕр мард у, ӕмӕ ма мын иунӕг уый баззад! Уӕ балцы рӕстӕг ыл исты бӕллӕх ӕрцыди, зӕгъгӕ, уӕд ӕй мӕ зӕрдӕ нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ мын афтӕмӕй мӕрдтыбӕстӕм барвитдзыстут мӕ урс сӕр».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan