Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йосеф ахӕстыты фынтӕ райхалы

1-2 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Мысыры паддзахы дыууӕ барджыны — хистӕр дзагдар ӕмӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕг — фӕазымджын сты сӕ хицауы, Мысыры паддзахы, раз. Фараон смӕсты ис сӕ дыууӕмӕ дӕр

3 ӕмӕ сӕ сбадын кодта, хъахъхъӕнджыты хицауы хӕдзары цы ахӕстон уыди, раст Йосеф кӕм бадти, уым.

4 Хъахъхъӕнджыты хицау сӕ Йосефыл бафӕдзӕхста, ӕмӕ сын уый лӕггад кодта. Рӕстӕг цыдис,

5 ӕмӕ иуахӕмы дыууӕ ахӕсты, Мысыры паддзахы дзагдар ӕмӕ йӕ кӕрдзынгӕнӕг, уыцы иу ӕхсӕв федтой фынтӕ — фӕйнӕ фыны. Алкӕй фынӕн дӕр сӕ уыди йӕхи сӕрмагонд нысаниуӕг.

6-7 Райсомӕй Йосеф бацыди ахӕстытӕм, фараоны барджынтӕм, ӕмӕ сӕ уыцы тыхстхуызӕй куы баййӕфта, уӕд сӕ афарста: «Абон цӕй тар сты уӕ цӕсгӕмттӕ?»

8 Уыдон ын дзуапп радтой: «Фынтӕ федтам, ӕмӕ нын сӕ чи райхала, уый нӕй». Йосеф сын загъта: «Хуыцауы фӕрцы сын ис райхалӕн. Уӕ хорзӕхӕй, радзурут мын сӕ».

9 Хистӕр дзагдар Йосефӕн радзырдта: «Фыны федтон, цыма мӕ разы уыди сӕнӕфсиры тала,

10 ӕртӕ къалиуы йыл. Тала уайтагъд къуыбыр рафтыдта, дидинӕг ракалдта, цупӕлттӕ йыл фӕзынд, ӕмӕ йӕ гагатӕ арӕгъӕд сты.

11 Мӕ къухы уыди, фараон кӕмӕй фӕнуазы, уыцы синон. Ӕз ратыдтон сӕнӕфсиры гагатӕ, синонмӕ сӕ ӕрлӕмӕрстон ӕмӕ йӕ фараоны къухмӕ радтон».

12 Йосеф ын загъта: «Мӕнӕ дӕ фын. Ӕртӕ къалиуы сты ӕртӕ боны.

13 Ӕртӕ боны фӕстӕ дӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни: фӕстӕмӕ дӕ сӕвӕрдзӕни дӕ бынаты, ӕмӕ та раздӕрау уыдзынӕ йӕ дзагдар — фараон йӕ нуазӕн дӕ къухӕй исдзӕни.

14 Гъемӕ дӕ хъуыддаг хорз куы ацӕуа, уӕд-иу мӕ ма ферох кӕн. Уыцы хорз мын-иу ракӕн, зӕгъ мӕн тыххӕй фараонӕн ӕмӕ мӕ ауадзын кӕн ардыгӕй.

15 Дзуттӕгты зӕххӕй дӕр мӕ давгӕ ракодтой, ӕмӕ ам дӕр, ницӕмӕй фӕазымджын дӕн, афтӕмӕй мӕ хъоргъы смидӕг кодтой».

16 Хистӕр кӕрдзынгӕнӕг федта, Йосеф уыцы фын хорзӕрдӕм кӕй райхӕлдта, уый ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕр федтон иу фын. Цыма мӕ сӕрыл — дзулы ӕртӕ чыргъӕды.

17 Уӕллаг чыргъӕды — фараонӕн конд алыхуызон дзултӕ, мӕргътӕ сӕ чыргъӕдӕй хӕрынц».

18 Йосеф ын дзуапп радта: «Мӕнӕ цӕмӕ цӕуы дӕ фын. Ӕртӕ чыргъӕды сты ӕртӕ боны.

19 Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».

20 Ӕртыккаг бон уыди фараоны гуырӕнбон, ӕмӕ куывд скодта йе ’ппӕт дӕлдӕртӕн. Йӕ дӕлдӕрты раз бӕрзонд систа йӕ хистӕр дзагдары ӕмӕ йӕ хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы:

21 хистӕр дзагдары сӕвӕрдта йӕ раздӕры бынаты, цӕмӕй та фараоны къухмӕ дӕтта синон;

22 хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Йосеф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ.

23 Фӕлӕ Йосеф хистӕр дзагдары зӕрдыл не ’рлӕууыди. Ферох дзы ис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan