Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йосеф ӕмӕ Потифары ус

1 Йосефы акодтой Мысырмӕ. Уым ӕй измаелӕгтӕй иу мысыраг балхӕдта, йӕ ном Потифар. Потифар уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.

2 Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ Йосеф алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын. Царди йӕ мысыраг хицауы хӕдзары.

3 Мысыраг уыдта, Дунедарӕг Йосефыл кӕй ауды, алы хъуыддаджы дӕр ӕнтыстджын кӕй у, уый.

4-5 Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад.

6 Гъемӕ Потифар дӕр Йосефыл йӕ ис, йӕ бон иууылдӕр бафӕдзӕхста, ӕмӕ йӕ ныр бахӕрынӕй дарддӕр ницыуал мӕт уыдис. Йосеф уындӕй ӕмӕ кондӕй рӕсугъд уыди.

7 Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ йыл Потифары ус йӕ цӕст ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йын загъта: «Бауарз-ма мӕ!»

8 Фӕлӕ уый не сразы: «Ме ’лдары мӕн руаджы ницӕйуал мӕт ис йӕ хӕдзары. Йе ’ппӕт исбон дӕр бакодта мӕ быгъдуан,

9 ацы хӕдзары мӕ скодта йе ’мсӕр. Тобӕ мын ницӕмӕй загъта — дӕуӕй фӕстӕмӕ: ды йӕ ус дӕ. Куыд хъуамӕ бакӕнон ныр ахӕм ми, куыд хъуамӕ бацӕуон тӕригъӕды Хуыцауы раз?»

10 Сылгоймаг ӕрвылбон уӕгъд нӕ уагъта Йосефы, фӕлӕ йын уый ком нӕ лӕвӕрдта — йе ’мгӕрон нӕ цыд.

11 Иуахӕмы Йосеф йӕ куысты фӕдыл хӕдзармӕ куы бахызти (ныр хӕдзаронтӕй та мидӕгӕй ничи уыди),

12 уӕд ын ус йӕ дарӕсмӕ фӕлӕбурдта ӕмӕ та загъта: «Ӕрхуысс мемӕ!» Фӕлӕ уый йӕ дарӕс усы къухы фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис.

13 Йосефы дарӕс йӕ къухы куы аззади,

14 уӕд сылгоймаг хӕдзаронтӕм фӕфӕдис кодта: «Кӕсут-ма, мӕ мой нӕм ацы дзуттаджы махӕй фӕхъазынмӕ ӕрбакодта. Йӕ зӕрды мын тыхми бакӕнын уыди!

15 Фӕлӕ, куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ феддӕдуар ис».

16 Ус йӕ мойы ӕрбацыдмӕ йӕхимӕ ныууагъта Йосефы дарӕс,

17 стӕй уыцы ныхӕстӕ рафӕзмыдта йӕ мойӕн дӕр: «Цы дзуттаг цагъары ӕрбакодтай нӕ хӕдзармӕ, уый мыл тыхӕй ӕрхӕцынмӕ хъавыди,

18 фӕлӕ, куы ныцъцъӕхахст кодтон, уӕд йӕ дарӕс мӕ цуры фӕуагъта ӕмӕ фӕлидзӕг ис».

19 Потифар йӕ усы ныхӕстӕ куы фехъуыста, дӕ цагъар мын афтӕ бакодта, зӕгъгӕ, уӕд йӕ маст рафыхт.

20 Йосефы ӕрцахсын кодта ӕмӕ йӕ, паддзахы ахӕстытӕ кӕм уыдысты, уыцы ахӕстоны бакодта. Афтӕмӕй Йосеф бахаудта ахӕстонмӕ.


Йосеф ахӕстоны

21 Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.

22 Ӕмӕ йын уый ӕппӕт ахӕстыты дӕр йӕ бар бакодта. Цыдӕриддӕр куыстой, уым сын Йосеф лӕвӕрдта разамынд.

23 Ахӕстоны хицау йӕхӕдӕг, Йосефы бӕрны цы уыди, уыдӕттӕй йӕ цӕст ницӕмӕуал дардта, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг аудыдта Йосефыл, ӕмӕ уый алы хъуыддаджы дӕр уыд ӕнтыстджын.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan