Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 37 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йосеф ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ

1-2 Мӕнӕ Йаков ӕмӕ йӕ байзӕддаджы царды хабӕрттӕ. Йаков ӕрбынат кодта Ханааны зӕххыл — кӕддӕр йӕ фыд кӕм ӕрцарди, уым. Йосефыл цыдис ӕвддӕс азы. Йе ’фсымӕртимӕ хызта лыстӕг фос — ӕххуыс кодта йӕ фыды устытӕ Билха ӕмӕ Зилпайы лӕппутӕн ӕмӕ-иу сыл йӕ фыдмӕ ӕвзаг хаста.

3 Йосеф Израилӕн йӕ зӕры бонты райгуырд, ӕмӕ йӕ, иннӕ фырттӕй уӕлдай, хъулон уарзт кодта. Уымӕ гӕсгӕ йын балӕвар кодта даргъ нывӕфтыд хӕдон.

4 Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.

5 Иуахӕмы Йосеф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн.

6 Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ!

7 Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».

8 Йе ’фсымӕртӕ йын афтӕ зӕгъынц: «Ау, ды нын паддзах уыдзынӕ? Дӕ дӕлбар уыдзыстӕм мах?» Ӕмӕ сын йӕ фынтӕ ӕмӕ йӕ ныхӕсты тыххӕй ноджы тынгдӕр сӕнӕуынон ис.

9 Йосеф ма федта иу фын ӕмӕ та уый дӕр йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Федтон ма ноджы иу фын: цыма мын ӕркуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы».

10 Йосеф уыцы фын радзырдта йӕ фыд ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн. Йӕ фыд ын бауайдзӕф кодта: «Уый дын цавӕр фын у? Ау, ӕз ӕмӕ дӕм дӕ мад, де ’фсымӕртӕ зӕххы онг ӕркувынмӕ ӕцӕг бацӕудзыстӕм?»

11 Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.


Ӕфсымӕртӕ ауӕй кодтой Йосефы

12 Иуахӕмы Йосефы ӕфсымӕртӕ сӕ фыды фос хизынмӕ ацыдысты Шехемы быдыртӕм.

13 Израил Йосефӕн загъта: «Зоныс ӕй, де ’фсымӕртӕ Шехемы быдырты фос хизынц, уый, ӕмӕ дӕ, зӕгъын, уыдонмӕ арвитон». Уый дзуапп радта: «Ӕз цӕттӕ дӕн».

14 Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,

15 ӕмӕ, фӕссахар йе ’фсымӕрты агурӕг куыд фӕцӕйцыд, афтӕмӕй йыл иу чидӕр амбӕлд ӕмӕ йӕ бафарста: «Цы агурыс?»

16 Йосеф дзуапп радта: «Ме ’фсымӕрты агурын. Зӕгъ-ма мын, дӕ хорзӕхӕй, сӕ фос цы ран хизынц?»

17 Уыцы лӕг ын афтӕ: «Ардыгӕй ацыдысты. Сӕ ныхас сын куыд фехъуыстон, афтӕмӕй — Дотанмӕ». Йосеф йе ’фсымӕрты фӕдыл араст ис ӕмӕ сӕ ссардта Дотаны.

18 Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.

19 Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уартӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг.

20 Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».

21 Фӕлӕ Рувим уый куы фехъуыста, уӕд ӕм нӕ бауагъта къух сисын. Загъта сын: «Нӕ йӕ хъӕуы марын».

22 Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсымӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.

23 Йосеф куыддӕр йе ’фсымӕртӕм ӕрбахӕццӕ ис, афтӕ йын йӕ аив пӕлӕз йӕ уӕлӕйӕ феппӕрстой,

24 йӕхи та йын донуаты нысхуыстой. Донуат афтид уыди — бахуыскъ ис.

25 Ӕфсымӕртӕ къӕбӕр хӕрыныл куыд ӕрбадтысты, афтӕ кӕсынц, ӕмӕ Галаады ’рдыгӕй ӕрбацӕуы измаелонты чырӕ — сӕ теуатыл Мысырмӕ ластой хӕрздӕфгӕнӕн чъиу неход, ӕвдадз ӕмӕ буд.

26 Иудӕ йе ’фсымӕртӕн загъта: «Не ’фсымӕры куы амарӕм ӕмӕ йын йӕ мард куы басусӕг кӕнӕм, уӕд ныл уымӕй цы бафтдзӕни?

27 Нӕ къух ӕм сисыны бӕсты йӕ фӕлтау измаелӕгтӕн ауӕй кӕнӕм. Уӕддӕр не ’фсымӕр у, нӕ туг, не стӕг». Ӕфсымӕртӕ сразы сты ууыл,

28 ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.

29 Рувим донуатмӕ ӕрбаздӕхти, кӕсы, ӕмӕ Йосеф уым нал. Уӕд йӕ дарӕс арӕдывта фӕйнӕрдӕм,

30 йе ’фсымӕртӕм бацыд ӕмӕ сын афтӕ: «Лӕппу уым куынӕуал ис, уӕд цы кӕнон? Цы ма фӕуон?»

31 Уӕд ӕфсымӕртӕ аргӕвстой цӕу, Йосефы аив пӕлӕз райстой ӕмӕ йӕ тугӕй самӕстой.

32 Уый фӕстӕ уыцы пӕлӕз сӕ фыдмӕ ахастой ӕмӕ загътой: «Мӕнӕ цы ссардтам! Фен-ма, дӕ фырты пӕлӕз ма уӕд».

33 Йаков ӕй базыдта ӕмӕ ныккӕрзыдта: «Ай мӕ фырты пӕлӕз куы у! Тугдзых сырд бахордта Йосефы! Аргӕвста йӕ!»

34 Йаков йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта, йӕ астӕуыл сӕхъис ӕрбатыхта ӕмӕ бирӕ бонты фӕкуыдта йӕ фыртыл.

35 Йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕ иууылдӕр ӕрбалӕууыдысты йӕ фарсмӕ, йӕ зӕрдӕ йын фӕфидар кӕнынмӕ, фӕлӕ йӕм ныфсӕвӕрӕнтӕ нӕ хъардтой. Загъта: «Хъыггӕнгӕ ныххиздзынӕн мӕрдтыбӕстӕм мӕ фыртмӕ». Афтӕ йыл хъарӕг кодта йӕ фыд.

36 Ныр мидианӕгтӕ та Йосефы аластой Мысырмӕ ӕмӕ йӕ ауӕй кодтой Потифарӕн. Уый уыди фараоны барджын, йӕ хъахъхъӕнджыты хицау.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan