Райдиан 35 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙаков — Вефилы 1 Хуыцау Йаковӕн загъта: «Вефилмӕ ссу, ӕрцӕр дзы ӕмӕ Хуыцауӕн — де ’фсымӕр Исавӕй куы алыгътӕ, уӕд дӕм ӕргом Чи рацыди, Уымӕн, — уым сараз нывондхӕссӕн». 2 Йаков йӕ бинонтӕн ӕмӕ, йемӕ чидӕриддӕр уыдис, уыдонӕн бафӕдзӕхста: «Аппарут, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй уӕм цыдӕриддӕр ис, уыдон, уӕхи ссыгъдӕг кӕнут ӕмӕ уӕ дарӕс раивут. 3 Сыстӕм ардыгӕй ӕмӕ ссӕуӕм Вефилмӕ. Уым сараздзынӕн нывондхӕссӕн, мӕ зыны сахат-иу мын Чи баххуыс кодта ӕмӕ, цы фӕндӕгтыл фӕцыдтӕн, уым мемӕ Чи уыди, уыцы Хуыцауӕн». 4 Йаковмӕ радтой, ӕцӕгӕлон хуыцауӕй сӕм цыдӕриддӕр уыди, уыдон, стӕй сӕ хъусцӕг-амулеттӕ, ӕмӕ сӕ Йаков баныгӕдта Шехеммӕ ӕввахс тулдз бӕласы бын. 5 Уӕд уырдыгӕй араст сты. Сӕ алфамбылай сахарты цӕрджытыл Хуыцау бафтыдта стыр тас, ӕмӕ Йаковы фыртты фӕсте нал асырдтой. 6 Йаков йӕ адӕмимӕ бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Лузмӕ, ома Вефилмӕ, 7 ӕмӕ уым сарӕзта нывондхӕссӕн. Уыцы бынат схуыдта Ел-Бет-Ел, уымӕн ӕмӕ, йе ’фсымӕрӕй куы алыгъди, уӕд ӕм уыцы ран Хуыцау ӕргом рацыди. 8 Амарди Ревеккӕйы дыджызӕ Деворӕ, ӕмӕ йӕ баныгӕдтой Вефилмӕ хӕстӕг, тулдзы бын. Уыцы бӕлас схуыдтой Аллон-Бахут. 9 Йаков Паддан-Арамӕй куы ӕрбаздӕхти, уый фӕстӕ та йӕм Хуыцау ногӕй ӕргом рацыд ӕмӕ йын раарфӕ кодта. 10 Загъта йын: «Дӕ ном Йаков у, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Йаков нӕ — Израил уыдзӕни дӕ ном!» Афтӕмӕй йыл сӕвӕрдта ном Израил. 11 Хуыцау ма йын ноджыдӕр загъта: «Ӕз дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцау. Цот уадз, ӕмӕ сбирӕ уӕнт дӕ байзӕддӕгтӕ! Рантысдзӕни дӕ адӕм, бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ дӕ рантысдзӕн. 12 Авраам ӕмӕ Исаакӕн зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдтон, уый ратдзынӕн дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн». 13-14 Хуыцау Йаковы ныууагъта, йемӕ кӕм дзырдта, уыцы ран. Йаков уыцы ран дурцӕджындз сӕвӕрдта, сӕн ӕмӕ йыл оливӕйы сой рауагъта. 15 Хуыцау йемӕ кӕм дзырдта, уыцы бынатӕн Йаков радта ном Вефил. Бениамины райгуырд ӕмӕ Рахелы мӕлӕт 16 Вефилӕй сӕ фӕндаг адардтой, ӕмӕ, Ефрафӕмӕ нӕма бахӕццӕ сты, афтӕ Рахелӕн ӕрцыди йӕ арыны афон. Тынг фӕрыстис йе ’вгъӕды сахат. 17 Йӕ рыстӕн куынӕуал фӕрӕзта, уӕд ын ӕвгъӕдгӕс афтӕ: «Ма тӕрс, ай дӕр дын лӕппу у». 18 Фӕлӕ Рахел мӕлыны къахыл ныллӕууыд ӕмӕ, йӕ уд исгӕйӕ, йӕ лӕппуйыл сӕвӕрдта ном Бен-Они; йӕ фыд та йӕ схуыдта Бениамин. 19 Афтӕ амарди Рахел, ӕмӕ йӕ бавӕрдтой Ефрафӕмӕ (ома Вифлееммӕ) фӕндагыл. 20 Йаков ын йӕ ингӕны сӕрмӕ зӕрдылдарынӕн дур сӕвӕрдта, ӕмӕ ма уыцы дур абон дӕр лӕууы Рахелы ингӕныл. 21 Израил уырдыгӕй араст ис ӕмӕ йӕ цатыр айтыгъта Мигдал-Едеры фале. 22 Израил уыцы зӕххыл куы царди, уӕд иуахӕмы Рувим бацыд йӕ фыды номылус Билхамӕ ӕмӕ йемӕ ӕрӕмуат ис. Израилмӕ уыцы хабар ӕрыхъуыст ӕмӕ йын фӕхъыг ис. Йаковӕн уыди дыууадӕс фырты. Йаковы фырттӕ 23 Леайы лӕппутӕ: Рувим, Йаковы зӕнӕджы хистӕр, дарддӕр — Симеон, Левий, Иудӕ, Иссахар ӕмӕ Зевулон. 24 Рахелы лӕппутӕ: Йосеф ӕмӕ Бениамин. 25 Рахелы унӕут Билхайы лӕппутӕ: Дан ӕмӕ Неффалим. 26 Леайы унӕут Зилпайы лӕппутӕ: Гад ӕмӕ Асир. Адон — Йаковы фырттӕ, райгуырдысты йын Паддан-Арамы. Исаакы мӕлӕт 27 Йаков ӕрцыди йӕ фыд Исаакмӕ Мамремӕ. Уый ис Кирйат-Арбамӕ (ома Хевронмӕ) хӕстӕг. Авраам ӕмӕ Исаак кӕддӕр уым ӕрцардысты. 28 Исаак фӕцарди сӕдӕ ӕстай азы. 29 Йӕ цардӕй ахицӕн ис хӕрз зӕрондӕй, цардӕфсӕстӕй. Амард ӕмӕ йӕ фыдӕлты размӕ бацыди. Бавӕрдтой йӕ Исав ӕмӕ Йаков, йӕ фырттӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia