Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йаков ӕмӕ Исавы фембӕлд

1 Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ Исав цыппарсӕдӕ лӕгимӕ ӕрбацӕуы. Уӕд Леайы, Рахелы ӕмӕ дыууӕ номылусы хицӕнтӕй ӕрлӕууын кодта, алкӕй дӕр — йӕхи сывӕллӕттимӕ.

2 Разӕй уыдысты номылустытӕ сӕ цотимӕ, уыдоны фӕстӕ — Леа йӕ цотимӕ, се ’ппӕты фӕстӕ та — Рахел ӕмӕ Йосеф.

3 Йӕхӕдӕг цыди разӕй ӕмӕ, цалынмӕ йе ’фсымӕрмӕ бахӕццӕ ис, уӕдмӕ йын авд хатты зӕххы онг ӕркуывта.

4 Фӕлӕ йӕм Исав базгъордта ӕмӕ йын фӕбатӕ ӕмӕ фӕхъӕбыстӕ кодта, стӕй дыууӕйӕ дӕр ӕмкуыд ныккодтой.

5 Исав сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕтты куы федта, уӕд бафарста: «Адон дын чи сты?» Йаков дзуапп радта: «Хуыцау дӕ цагъарӕн кӕй балӕвар кодта, уыцы сывӕллӕттӕ».

6 Уалынмӕ сӕ сывӕллӕттимӕ ӕрбахӕццӕ сты номылустытӕ ӕмӕ ныллӕг акуывтой Исавӕн.

7 Стӕй ӕрбахӕццӕ ис Леа дӕр йӕ сывӕллӕттимӕ, ӕмӕ йын бакуывтой. Уыдоны фӕстӕ ӕрбахӕццӕ сты Йосеф ӕмӕ Рахел, ӕмӕ йын уыдон дӕр бакуывтой.

8 Исав та Йаковы бафарста: «Цы дзугтӕ федтон, уыдон та дын цы сты?» Йаков ын дзуапп радта: «Ме ’лдары зӕрдӕ балхӕнинаг сӕ дӕн».

9 Исав загъта: «Мӕнмӕ бирӕ ис, ме ’фсымӕр. Дӕхион дӕхицӕн уадз».

10 Йаков дзуапп радта: «Нӕ, кӕд мыл ӕввӕрсыс, уӕд мын мӕ лӕвар айс, дӕ хорзӕхӕй! Дӕ уынд мын Хуыцауы фендау у, хур мыл ракасти.

11 Айс, дӕ хорзӕхӕй, мӕ лӕвар. Хуыцау мын раарфӕ кодта, ӕмӕ мӕм алцыдӕр ис». Йаков ӕм тынг бахатыд, ӕмӕ уӕд уый дӕр уӕлдай ницыуал загъта.

12 Исав Йаковӕн зӕгъы: «Цом, ӕз дӕр демӕ цӕуын».

13 Йаков ын дзуапп радта: «Сывӕллӕттӕ лӕмӕгъ сты, уый зоныс, ме ’лдар. Мӕ ногзад фыстӕ ӕмӕ хъуццытыл дӕр тыхсын: куы сӕ атӕрон, уӕд иу бонмӕ фӕцагъды уыдзысты иууылдӕр.

14 Фӕлтау, ме ’лдар, ды, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъары разӕй ацу, ӕз та дӕ фӕстӕ — сындӕггай, мӕ разӕй фос куыд цӕуой, стӕй сывӕллӕттӕ куыд фӕразой, афтӕ, цалынмӕ дӕм, ме ’лдар, Сеирмӕ бахӕццӕ уон, уӕдмӕ».

15 Исав загъта: «Уӕд та дӕм, цӕй, мӕ адӕмӕй иу къорд лӕджы ныууадзон». Фӕлӕ Йаков не сразы: «Цӕмӕн? Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ дӕн, ме ’лдар».

16 Тӕккӕ уыцы бон Исав фӕстӕмӕ аздӕхти Сеирмӕ,

17 Йаков та араст ис Суккотмӕ ӕмӕ уым айтыгъта йӕ цатыр, йӕ фосӕн та скодта халагъудтӕ. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бынат хуыйны Суккот.

18 Афтӕ Йаков, Паддан-Арамӕй куы рацыди, уӕд сӕрӕгасӕй бахӕццӕ ис ханаанаг сахар Шехемы онг ӕмӕ сахармӕ хӕстӕг ӕрбынат кодта.

19 Йӕ цатыр кӕм айтыгъта, уыцы зӕххы хай балхӕдта Шехемы фыд Хаморы фырттӕй — уый сӕрмӕ сын радта сӕдӕ ӕвзист ӕхцайы.

20 Уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Ел-Елохе-Исраел.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan