Райдиан 32 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙаков цӕуы Исавы размӕ 1 Йаков дарддӕр араст ис йӕ фӕндагыл, ӕмӕ йыл амбӕлдысты Хуыцауы зӕдтӕ. 2 Йаков сӕ куы федта, уӕд загъта: «Ай у Хуыцауы рӕсӕнуат!» Ӕмӕ уыцы бынат схуыдта Маханаим. 3 Йаков йӕ разӕй йе ’фсымӕр Исавмӕ арвыста минӕвӕрттӕ Сеиры зӕхмӕ, Едомы бӕстӕм. 4 Бафӕдзӕхста сын: «Ме ’лдар Исавӕн-иу зӕгъут, дӕ цагъар Йаков афтӕ зӕгъы: „Ӕз ныронг цардтӕн ӕцӕгӕлон зӕххыл, Лаванмӕ. 5 Ныр мӕм ис галтӕ ӕмӕ хӕрджытӕ, лыстӕг фос, нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг цагъартӕ. Ме ’лдарӕн хъусын кӕнын ацы хабар ӕмӕ йын лӕгъстӕ кӕнын, йӕ хӕлардзинад мын ма бавгъау кӕнӕд!“» 6 Минӕвӕрттӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йаковӕн загътой: «Де ’фсымӕр Исавмӕ дын бахӕццӕ стӕм, ӕмӕ, йемӕ цыппарсӕдӕ лӕджы, афтӕмӕй дӕ размӕ рацӕуы». 7 Тынг фӕтарст Йаков. Йӕ зӕрдӕ ныссӕххӕтт кодта, ӕмӕ йӕ адӕмы, йӕ лыстӕг фос, йе стурвос ӕмӕ йӕ теуаты адих кодта дыууӕ рӕсӕнуатыл. 8 Загъта: «Исав йӕхи иу рӕсӕныл куы ныццӕва ӕмӕ йӕ куы ныддӕрӕн кӕна, уӕддӕр, иннӕ рӕсӕны чи уа, уыдон алидздзысты ӕмӕ фервӕздзысты». 9 Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ! 10 Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг. 11 Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ. 12 Зӕрдӕ мын куы бавӕрдтай, ауддзынӕн дыл ӕмӕ дын денджызы змисау дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн, зӕгъгӕ». 13 Йаков уым бахсӕвиуат кодта, стӕй йе ’ппӕт дзугтӕй йе ’фсымӕр Исавӕн лӕвары хай рахицӕн кодта 14 дыууӕсӕдӕ сӕгъы, ссӕдз цӕуы, дыууӕсӕдӕ фысы, ссӕдз фыры, 15 дӕс ӕмӕ ссӕдз дуцгӕ теуайы ӕд лӕппынтӕ, дыууиссӕдз хъуджы, дӕс галы, ссӕдз сыл хӕрӕджы, дӕс нӕл хӕрӕджы. 16 Йӕ цагъарты бар сӕ бакодта, алы дзугӕн дӕр — хицӕн скъӕрӕг, ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цӕугӕут мӕ разӕй, уӕ кӕрӕдзийӕ дӕрддзӕфгомау». 17 Фыццаг цагъарӕн загъта: «Ме ’фсымӕр Исав дыл куы амбӕла, уӕд дӕ фӕрсдзӕни, кӕй цагъар дӕ, кӕдӕм цӕуыс ӕмӕ кӕй фос тӕрыс дӕ разӕй, зӕгъгӕ. 18 Дзуапп-иу ын ратт: „Уыдон дӕ цагъар Йаковы фос сты, ме ’лдар Исавӕн сӕ рарвыста лӕварӕн. Йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». 19 Йаков бафӕдзӕхста дыккаг цагъарӕн, ӕртыккагӕн ӕмӕ, фосы фӕдыл чи цыди, уыцы цагъартӕн се ’ппӕтӕн дӕр: «Сымах дӕр-иу афтӕ зӕгъут Исавӕн, куы йыл амбӕлат, уӕд. 20 Уӕ ныхасыл ма-иу ӕнӕмӕнг бафтаут: „Дӕ цагъар Йаков йӕхӕдӕг дӕр нӕ фӕстӕ рацӕуы“». Афтӕ хъуыды кодта: «Йӕ зӕрдӕ йын балхӕнон, мӕ разӕй цы лӕвӕрттӕ фӕцӕуы, уыдонӕй, ӕмӕ йӕм мӕхи куы равдисон, уӕд мын, чи зоны, ныббара». 21 Афтӕмӕй Йаков йӕ лӕвӕрттӕ разӕй арвыста, йӕхӕдӕг та ӕхсӕвы рӕсӕнуаты баззади. Чидӕр хъӕбысӕй хӕцы Йаковимӕ 22 Тӕккӕ уыцы ӕхсӕв Йаков сыстади, сыстын кодта йӕ дыууӕ усы, сӕ унӕутты, йӕ иуӕндӕс фырты ӕмӕ доны тӕнджыты семӕ Йавочы фаллаг фарсмӕ бахызти. 23 Фаллаг фарсмӕ бахизын кодта се ’ппӕты дӕр, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уыимӕ. 24 Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ. 25 Йӕ бон Йаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ лӕгӕн йӕ сины стӕг фелвӕсти. 26 Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн». 27 Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Йаков». 28 Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ». 29 Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта. 30 Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн. 31 Уалынмӕ хур скаст, ӕмӕ Йаков Пенуелӕй рараст ис. Йӕ синӕй цыди къуылых. 32 Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia