Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йаков йӕ бинонтимӕ алыгъди Лаванӕй

1 Йаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ: «Йаков нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирдыгӕй фӕкодта. Уый бӕрц мулк ратыдта нӕ фыдӕй!»

2 Ӕмӕ Йаков Лаваны куы федта, уӕд бафиппайдта, раздӕры цӕстӕй йӕм кӕй нал кӕсы, уый.

3 Дунедарӕг Йаковӕн загъта: «Аздӕх дӕ фыдӕлты зӕхмӕ, дӕ хионтӕм. Ӕз уыдзынӕн демӕ».

4 Йаков арвыста Рахел ӕмӕ Леамӕ, цӕмӕй рацӕуой быдырмӕ, йӕ фосы дзугтӕ кӕм уыдысты, уырдӕм,

5 ӕмӕ сын загъта: «Уӕ фыды уын федтон ӕмӕ бафиппайдтон, раздӕрау мӕм хорз цӕстӕй нал кӕсы, уый. Фӕлӕ мыл мӕ фыды Хуыцау ауды.

6 Уӕхӕдӕг ӕй зонут: уӕ фыдӕн куыстон, мӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ,

7 уый та-иу мӕ афӕлывта, иу-дӕс хатты мын аивта мӕ мызд дӕр. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр Хуыцау нӕ бауагъта мӕнӕн фыдбылыз ракӕнын.

8 Лаван мын афтӕ куы загъта, тӕппытимӕ цы фос фӕзына, уый уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, уӕд ӕппӕт фос дӕр фӕзынди тӕппытимӕ. Гӕрӕм фос уыдзӕни дӕ мызд, зӕгъгӕ, мын куы загъта, уӕд та фосы зӕйц иууылдӕр разындис гӕрӕм.

9 Афтӕмӕй Хуыцау уӕ фыды фос байста ӕмӕ сӕ мӕнӕн радта.

10 Иуахӕмы фосы хъазын афон федтон ахӕм фын: сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазыд, уыдон уыдысты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытимӕ.

11 Хуыцауы зӕд мӕм фыны басидт: „Йаков!“ Ӕз ын дзуапп радтон: „Хъусын дӕм“.

12 Уый загъта: „Акӕс-ма, сӕгътимӕ цы цӕутӕ хъазынц, уыдон сты хъулӕттӕ, гӕрӕмтӕ ӕмӕ тӕппытӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз федтон, Лаван дын цытӕ кӕны, уый.

13 Ӕз Вефилы Хуыцау дӕн, уаз дуры цъуппыл оливӕйы сой ӕруадзгӕйӕ Мын сомы кӕм ракодтай, уыцы Вефилы Хуыцау. Ныр ӕвӕстиатӕй ацу ацы зӕххӕй ӕмӕ аздӕх дӕ райгуырӕн бӕстӕм“».

14 Рахел ӕмӕ Леа Йаковӕн загътой: «Нӕ фыды хӕдзарӕй ма нӕм исты хай, исты мулк ӕрхаудзӕни, мыййаг?

15 Ӕцӕгӕлӕттыл нӕ куы нымайы! Ауӕй нӕ кодта ӕмӕ нын нӕ аргъ йӕхӕдӕг бахордта.

16 Хуыцау нӕ фыдӕй цы исбон райста, уый ай-гъай мах ӕмӕ нӕ цоты у. Гъемӕ дын Хуыцау куыд загъта, афтӕ кӕн».

17 Йаков йӕ бинонты теуатыл сбадын кодта,

18 сӕргъӕвта йе ’ппӕт мулк, ахъӕр кодта, Паддан-Арамы кӕй самал кодта, уыцы фосыл ӕмӕ араст ис йӕ фыд Исаакмӕ, Ханааны зӕхмӕ.

19 Уыцы рӕстӕг Лаван ацыд йӕ фыстӕ ӕлвынынмӕ, ӕмӕ Рахел радавта йӕ фыды хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ.

20 Йаков дӕр хинӕй рацыд арамейаг Лаваныл — ницы йын загъта,

21 афтӕмӕй сусӕгӕй алыгъд йе ’ппӕт исбонимӕ. Евфраты доны сӕрты ахызт ӕмӕ йӕ ных сарӕзта Галаады хӕхтӕм.

22 Ӕртыккаг бон Лаванмӕ хабаргӕнӕг фӕци, Йаков алыгъди, зӕгъгӕ.

23 Лаван йӕ хӕстӕджыты йемӕ ракодта ӕмӕ фӕсте расырдта Йаковы. Авд боны фӕстӕ йӕ Галаады хӕхты баййӕфтой.

24 Фӕлӕ уыцы ӕхсӕв арамейаг Лаванмӕ йӕ фыны Хуыцау ӕргом рацыд ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Йаковмӕ мацы сдзур!»

25 Лаван Йаковы куы баййӕфта, уӕдмӕ уый Галаады хӕхбӕсты айтыгъта йӕ цатыр. Лаван дӕр йӕ хионтимӕ рӕсӕнуат скодта уыцы хӕхбӕсты.

26 Лаван Йаковы бафарста: «Уый цы бакуыстай? Хинӕй мыл цӕмӕн рацыдтӕ? Мӕ чызджыты мын дӕ разӕй, хӕсты заман уацайраг чызджыты куыд фӕтӕрынц, афтӕ ратардтай!

27 Сусӕгӕй цӕмӕн алыгътӕ, куыд мӕ афӕлывтай? Куыд ницы мын загътай? Ӕз дӕ афӕндараст кодтаин хъӕлдзӕг зарджытимӕ, далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ.

28 Мӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ мын мӕ чызджытӕн аба кӕныны фадат дӕр куынӕуал радтай. Ӕнӕрхъуыды ми бакодтай ды.

29 Мӕ бон у ӕмӕ уӕ бафхӕрон, фӕлӕ мын дысон уӕ фыды Хуыцау ныффӕдзӕхста, Йаковмӕ мацы сдзур, зӕгъгӕ.

30 Дӕ фыды уӕзӕг фенын дӕ бафӕндыди нӕхъӕцгӕйӕ, ӕмӕ мӕнӕй рацыдтӕ, уый, зӕгъӕм, фӕуӕд афтӕ, фӕлӕ мын мӕ хуыцӕутты та цӕмӕн радавтай?»

31 Йаков дзуапп радта Лаванӕн: «Ӕз тарстӕн, дӕ чызджыты мын фӕстӕмӕ куы байсай, уымӕй.

32 Ӕцӕг, дӕ хуыцӕутты кӕмӕ ссарай, уый удӕгасӕй нӕ баззайдзӕни! Хиуӕттӕ ӕвдисӕн фӕуӕнт: цыдӕриддӕр мӕм ис, уымӕ ӕркӕс ӕмӕ дӕхион фӕстӕмӕ райс!» Йаков нӕ зыдта, хуыцаугӕндтӕ Рахел кӕй радавта, уый.

33 Лаван баджигул кодта Йаковы цатыры, Леайы цатыры ӕмӕ дыууӕ унӕуты цатыры, фӕлӕ ницы ссардта. Леайы цатырӕй куы рацыди, уӕд Рахелы цатырмӕ бахызти.

34 Уӕдмӕ Рахел хуыцаугӕндтӕ райста, теуайы саргъыл цы хордзен ӕфтыд уыди, уым сӕ нывӕрдта ӕмӕ йыл ӕрбадти. Лаван ын басгӕрста йӕ цатыры ӕппӕт къуымтӕ, фӕлӕ ницы ссардта.

35 Рахел йӕ фыдӕн афтӕ: «Ма мӕм фӕхӕрам уӕд мӕ хицау, мӕ бон ын сыстын кӕй нӕу, уый тыххӕй: ныртӕккӕ сылгоймаджы низӕй тыхсын». Афтӕмӕй, Лаван йӕ хуыцаугӕндтӕ фӕцагуырдта, фӕлӕ сӕ не ссардта.

36 Йаков рамӕсты ис ӕмӕ Лаванӕн уайдзӕфтыл схӕцыди: «Уӕддӕр цы у мӕ фыдракӕнд, цавӕр тӕригъӕды бацыдтӕн, цӕмӕй гурӕй-гурмӕ мӕ фӕдыл зилай?

37 Ме ’ппӕт дзауматӕ дӕр мын басгӕрстай ӕмӕ мӕм дӕхионӕй цы ссардтай? Ӕрӕвӕр-ма сӕ ам мӕ хиуӕтты раз, ӕмӕ нӕ дыууӕйӕн тӕрхонгӕнӕг фӕуӕнт!

38 Ссӕдз азы дӕм фӕдӕн, ӕмӕ дӕ фыстӕ дӕр, дӕ сӕгътӕ дӕр никуы фефтыдтой. Дӕ дзуджы фыстӕй, мӕхи дзы куы бафсадин, зӕгъгӕ, никуы аргӕвстон.

39 Дӕ фосӕй дын тугдзых сырд аргӕвста, зӕгъгӕ, уӕд-иу дӕм ӕй нӕ бахастон, фӕлӕ-иу дын йӕ аргъ мӕхӕдӕг бафыстон. Боныгон ӕрцыдаид уыцы зиан ӕви ӕхсӕв — агуырдтай йӕ мӕнӕй.

40 Бон-иу ӕнтӕфӕй тыхстӕн, ӕхсӕв — уазалӕй, ӕмӕ-иу мӕ хуыссӕг фӕлыгъди.

41 Гъе афтӕмӕй ссӕдз азы арвыстон дӕ хӕдзары. Дӕ дыууӕ чызджы тыххӕй дын фӕкуыстон цыппӕрдӕс азы, фосы тыххӕй та — ӕхсӕз. Мӕ мызд дӕр мын аивтай иу-дӕс хатты.

42 Мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау, Исаак Кӕмӕй тӕрсы, уыцы Хуыцау мемӕ куынӕ уыдаид, уӕд мӕ ныридӕгӕн ӕнӕ ницӕмӕй рарвыстаис. Фӕлӕ мын Хуыцау федта ме ’фхӕрд ӕмӕ мӕ хъиамӕт ӕмӕ дысон мӕ сӕрыл рахӕцыди».

43 Лаван Йаковӕн загъта: «Мӕнӕ — мӕ чызджытӕ, мӕнӕ — мӕ зӕнӕджы зӕнӕг, мӕнӕ — мӕ фос. Ам цыдӕриддӕр уыныс, уыдон мӕн сты. Фӕлӕ ма ныр цы ракӕнын у мӕ бон мӕ чызджытӕн кӕнӕ, кӕй ныййардтой, уыцы сывӕллӕттӕн?

44 Цӕй ӕмӕ бафидауӕм, ӕмӕ нӕ фидыд исты нысанӕй сфидар кӕнӕм!»

45 Уыйадыл Йаков дурцӕджындз сӕвӕрдта, зӕрдыл дарыны охыл,

46 ӕмӕ йӕ хиуӕттӕн загъта: «Ӕрӕмбырд кӕнут дуртӕ». Уыдон дурцӕнд самадтой ӕмӕ цӕнды цур минасыл ӕрбадтысты.

47 Лаван уыцы цӕнд схуыдта Йегар-Сахадута, Йаков та — Гал-Ед.

48 Лаван загъта: «Абон ацы дурцӕнд нӕ дыууӕйӕн дӕр — ӕвдисӕн». Уымӕ гӕсгӕ йӕ схуыдтой Гал-Ед,

49 стӕй — Мицпа, уымӕн ӕмӕ ма Лаван йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Дунедарӕг Йӕ цӕст дарӕд нӕ дыууӕмӕ дӕр, кӕрӕдзийы куынӕуал уынӕм, уӕд.

50 Мӕ чызджыты мын куы ӕфхӕрай кӕнӕ ма ӕндӕр устытӕ куы ӕрхӕссай, уӕд-иу дӕ зӕрдыл дар: ам нӕ цуры ӕвдисӕны номыл иу адӕймаг дӕр нӕй — Хуыцау у нӕ дыууӕйӕн ӕвдисӕн!»

51 Лаван ма Йаковӕн ноджыдӕр загъта: «Дӕ зӕрдыл дар! Мӕнӕ — дурцӕнд, мӕнӕ уый та — уаз дур, нӕ дыууӕйы ’хсӕн кӕй ныссагътон, уый.

52 Ацы дурцӕнд ӕмӕ ацы уаз дур уыдзысты ӕвдисӕн, фыдвӕндимӕ дӕм кӕй нӕ бацӕудзынӕн сӕ фаллаг фарсмӕ, ды дӕр мӕм фыдвӕндимӕ кӕй не ’рбацӕудзынӕ сӕ ацы фарсмӕ.

53 Тӕрхонгӕнӕг нын фӕуӕнт Авраамы Хуыцау ӕмӕ Нахоры хуыцау». Ӕмӕ Йаков ард бахордта йӕ фыд Исаакы Хуыцауӕй.

54 Стӕй Йаков уым, хохы сӕрыл, нывонд ӕрхаста ӕмӕ йӕ хӕстӕджытӕм фӕдзырдта. Фӕминас кодтой ӕмӕ уыцы ӕхсӕв уым баззадысты.

55 Райсомӕй раджы Лаван йӕ зӕнӕджы зӕнӕг ӕмӕ йӕ чызджытӕн фӕбатӕ кодта, раарфӕ сын кодта ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ аздӕхтис.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan