Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Йаков фембӕлы Рахелыл

1 Йаков араст ис дарддӕр ӕмӕ скӕсӕйнаг адӕмы бӕстӕм бахӕццӕ ис.

2 Иу ран, быдыры, федта цъай, цъайӕн йӕ цуры ривӕд кодтой фысты ӕртӕ дзуджы. Дон-иу сын дардтой ам. Цъайы сӕрыл — стыр къӕй фӕлдӕхт,

3 ӕмӕ-иу фыстӕ уырдӕм куы ’рбамбырд сты, уӕд-иу фыййӕуттӕ уыцы къӕй иуварс ассыдтой ӕмӕ-иу сын дон бадардтой, стӕй та-иу къӕй фӕстӕмӕ йӕ бынаты сӕвӕрдтой.

4 Йаков фыййӕутты бафарста: «Кӕцӕй стут, ме ’фсымӕртӕ?» Дзуапп ын радтой: «Харанӕй».

5 Йаков та сӕ бафарста: «Нахоры байзӕддаг Лаваны зонут?» Загътой: «Зонӕм ӕй».

6 Бафарста ма сӕ: «Дзӕбӕх, ӕнӕниз у?» Дзуапп та йын радтой: «Дзӕбӕх у. Уартӕ йӕ чызг Рахел фосимӕ ӕрбацӕуы».

7 Йаков сын загъта: «Изӕрмӕ ма бирӕ рӕстӕг ис, фос ӕмбырд кӕныны афон нӕма у. Дон сын бадарут ӕмӕ сӕ хизынмӕ аскъӕрут».

8 Фӕлӕ йын уыдон загътой: «Цалынмӕ дзугтӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд уой, уӕдмӕ нӕ бон нӕу. Стӕй цъайы сӕрӕй къӕй ассондзыстӕм ӕмӕ фыстӕн дон бадардзыстӕм».

9 Йаков ма семӕ куыд ныхас кодта, афтӕ йӕ фыды фысвосимӕ ӕрбахӕццӕ ис Рахел дӕр — уый сӕ хызта.

10 Йаков йӕ мады ’фсымӕр Лаваны чызджы куы ауыдта фыстимӕ, уӕд цъаймӕ бауад, къӕй иуварс ассыдта ӕмӕ Лаваны фосӕн дон бадардта.

11 Уый фӕстӕ Йаков Рахелӕн аба кодта ӕмӕ хъӕрӕй ныккуыдта.

12 Стӕй Йаков загъта Рахелӕн, дӕ фыды хион дӕн, зӕгъгӕ, Ревеккӕйы фырт. Чызг азгъордта ӕмӕ хабар йӕ фыдӕн фехъусын кодта.

13 Лаваны хъустыл йӕ хойы лӕппу Йаковы кой куы ’рцыди, уӕд разгъордта йӕ размӕ, ахъӕбыс, аба йын кодта ӕмӕ йӕ сӕхимӕ бахуыдта. Йаков ын йӕ хабӕрттӕ иууылдӕр радзырдта,

14 ӕмӕ йын Лаван загъта: «Ды мӕ туг, ме стӕг куы дӕ ӕцӕгдӕр!» Йаков Лаванмӕ иу мӕй куы ацарди,


Йаков ракуырдта Леа ӕмӕ Рахелы

15 уӕд ын Лаван афтӕ: «Хион мын дӕ, зӕгъгӕ, уӕд мын лӕвар хъуамӕ кусай? Цас мызд дӕ хъӕуы, уый мын зӕгъ!»

16 Ныр Лаванӕн та уыди дыууӕ чызджы, хистӕр — Леа, кӕстӕр та — Рахел.

17 Леайы зӕрдӕмӕдзӕугӕ ничи рахуыдтаид, Рахелмӕ та фыр рӕсугъдӕй бакӕсӕнтӕ нӕ уыд.

18 Йаков бауарзта Рахелы ӕмӕ Лаванӕн загъта: «Дӕ кӕстӕр чызг Рахелы тыххӕй дын бакусдзынӕн авд азы».

19 Лаван ын загъта: «Ӕндӕр искӕмӕн раттыны бӕсты йӕ дӕуӕн ратдзынӕн. Ам баззай».

20 Йаков Рахелы тыххӕй бакуыста авд азы, ӕмӕ йӕм фӕкастысты цалдӕр боны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ Рахелы уарзгӕ кодта.

21 Йаков Лаванӕн загъта: «Мӕ усаджы мын ратт — ныр афон у, ӕмӕ йемӕ бацӕрон».

22 Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.

23 Ӕцӕг, ӕхсӕвы Йаковмӕ бакодта йӕ чызг Леайы, ӕмӕ уый йемӕ ӕмуат ӕрцыди.

24 Йӕ чызг Леайӕн лӕггад кӕнынӕн Лаван радта йӕ унӕут Зилпайы.

25 Райсомӕй Йаков кӕсы, ӕмӕ дын мӕнӕ йӕ фарсмӕ Леа! Лаванӕн бауайдзӕф кодта: «Уый мын цы бакуыстай? Ӕз дӕм Рахелы тыххӕй куы фӕфыдӕбон кодтон! Цӕмӕн мӕ афӕлывтай?»

26 Лаван ын загъта: «Махмӕ афтӕ нӕ фӕкӕнынц, кӕстӕр чызджы хистӕры разӕй моймӕ нӕ фӕдӕттынц.

27 Аимӕ уал уӕ чындзӕхсӕвы къуыри ахицӕн уӕд, стӕй дын иннӕйы дӕр ратдзыстӕм, ӕрмӕст мӕм уый тыххӕй дӕр авд азы бакус».

28 Йаков сразы ис, ӕмӕ чындзӕхсӕвы къуыри куы ахицӕн ис, уӕд ын Лаван радта йӕ чызг Рахелы.

29 Лаван йӕ чызг Рахелӕн лӕггад кӕнынӕн радта йӕ унӕут Билхайы.

30 Афтӕмӕй Йаков ӕмуат ӕрцыди Рахелимӕ дӕр ӕмӕ йӕ фылдӕр уарзта Леайӕ. Лаванмӕ ма бакуыста ноджыдӕр авд азы.


Хуыцау Леайы лӕппуты мад фӕкодта

31 Дунедарӕг федта, Йаковӕн Леа ӕнад кӕй у, уый ӕмӕ йын радта зӕнӕджы амонд, Рахел та разынд ӕнӕзӕнӕг.

32 Леа банхъӕлцау ис, ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Рувим. «Дунедарӕг мын федта мӕ маст, — загъта уый, — ныр мӕ, ӕнӕмӕнг, бауарздзӕни мӕ мой».

33 Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Дунедарӕг федта, мӕ мойӕн ӕнад кӕй дӕн, уый ӕмӕ ма мын радта ацы лӕппуйы дӕр». Сӕвӕрдта йыл ном Симеон.

34 Банхъӕлцау та ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ацы хатт мӕ мой ӕрӕмуд уыдзӕни мемӕ, уымӕн ӕмӕ йын ӕртӕ фырты ныййардтон». Уымӕ гӕсгӕ йыл ӕвӕрд ӕрцыди ном Левий.

35 Ногӕй та банхъӕлцау ис, ӕмӕ та йын райгуырди лӕппу. Загъта: «Ныр стаудзынӕн Дунедарӕджы!» Уымӕ гӕсгӕ йыл сӕвӕрдта ном Иудӕ. Уый фӕстӕ Леайӕн цот нал цыди.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan