Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Исаакы арфӕ йӕ фырт Йаковӕн

1 Исаак базӕронд ис ӕмӕ цӕстӕй хорз нал уыдта. Иуахӕмы фӕдзырдта йӕ хистӕр фырт Исавмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мӕ лӕппу!» Уый йын дзуапп радта: «Мӕнӕ дӕн».

2 Исаак ын загъта: «Ӕз базӕронд дӕн ӕмӕ нӕ зонын, мӕ адзалы бон кӕд ралӕудзӕни, уый.

3 Гъемӕ-ма де ’рдын ӕмӕ дӕ фатдонимӕ цуаны ацу ӕмӕ мын исты хъӕддаг сырд самал кӕн быдыры.

4 Мӕ уарзон хӕринаг мын сцӕттӕ кӕн, ӕмӕ дзы ӕз бахӕрон, цӕмӕй дын, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ арфӕ ракӕнон».

5 Ревеккӕ фехъуыста, Исаак Исавӕн цы дзырдта, уый. Исав цуаны куы ацыди,

6 уӕд Ревеккӕ Йаковӕн загъта: «Ӕз фехъуыстон, дӕ фыд де ’фсымӕр Исавӕн цы дзырдта, уый:

7 „Сырды фыд ӕрбахӕсс ӕмӕ мын дзы хӕрзад хӕринаг скӕн, ӕз дзы бахӕрдзынӕн ӕмӕ, цалынмӕ нӕма амардтӕн, уӕдмӕ дын Дунедарӕджы раз раарфӕ кӕндзынӕн“.

8 Гъемӕ, мӕ хъӕбул, байхъус, цы дын фӕдзӕхсын, уымӕ.

9 Цу ӕмӕ мын фосы дзугӕй дыууӕ дзӕбӕх сӕныччы ӕрбахӕсс, сӕ дзидзайӕ сын дӕ фыдӕн хӕрзад хӕринаг акӕнон, куыд уарзы, афтӕ.

10 Ды йын ӕй бахӕсдзынӕ, ӕмӕ, куы бахӕра, уӕд дын йӕ мӕлӕты размӕ раарфӕ кӕндзӕн».

11 Йаков загъта йӕ мад Ревеккӕйӕн: «Куы йӕ зоныс, ме ’фсымӕр Исавы буар хъуынджын у, мӕнӕн та нӕу.

12 Мӕ фыд мӕ, мыййаг, уырзӕй куы ӕрысгара, уӕд зӕгъдзӕни, хынджылӕг мӕ кӕны, зӕгъгӕ, ӕмӕ уӕд мӕхиуыл, арфӕйы бӕсты, ӕлгъыст бафтаудзынӕн».

13 Йӕ мад ын загъта: «Уыцы ӕлгъыст мӕныл ӕфтыд фӕуӕд, мӕ хъӕбул, ӕрмӕст цу ӕмӕ ӕрбахӕсс, цы дын загътон, уый».

14 Йаков ӕрбахаста дыууӕ сӕныччы, ӕмӕ Ревеккӕ скодта хӕрзад хӕринаг, Исаак куыд уарзта, афтӕ.

15 Уый фӕстӕ, хӕдзары йӕ хистӕр лӕппу Исавӕн цы райст-бавӕрды дарӕс уыди, уый скодта йӕ кӕстӕр лӕппу Йаковыл,

16 йӕ цӕнгтӕ ӕмӕ йын йӕ бӕрзӕйыл та ӕрбатыхта сӕныччыты цӕрмттӕ.

17 Стӕй, цы хӕрзад хӕринаг сцӕттӕ кодта, уый дзулимӕ Йаковмӕ радта.

18 Йаков бацыд йӕ фыдмӕ ӕмӕ загъта: «Мӕ фыд!» Уый йын дзуапп загъта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул. Кӕцы дӕ?»

19 Йаков дзуапп радта: «Исав дӕн, дӕ хистӕр фырт. Цы мын загътай, уый бакодтон. Рабад, дӕ хорзӕхӕй, ӕмӕ сырды фыдӕй саход, стӕй-иу мын саккаг кӕн дӕ арфӕ».

20 Исаак ӕй бафарста: «Цӕй тагъд ацуан кодтай уый, мӕ хъӕбул?» Фырт ын дзуапп радта: «Мӕ размӕ мын ӕй Дунедарӕг, Дӕ Хуыцау, рарвыста».

21 Исаак Йаковӕн афтӕ: «Ӕри-ма, мӕ уырзӕй дӕ фенон, кӕддӕра ӕцӕгдӕр Исав дӕ».

22 Йаков бацыди йӕ фыд Исаакмӕ, ӕмӕ йӕ уый ӕрысгӕрста ӕмӕ загъта: «Хъӕлӕс — Йаковы хъӕлӕс, къухтӕ та — Исавы къухтӕ».

23 Нӕ йӕ базыдта, уымӕн ӕмӕ йӕ къухтӕ йе ’фсымӕр Исавы къухтау хъуынджын уыдысты. Фӕлӕ йын цалынмӕ арфӕ нӕма ракодта,

24 уӕдмӕ ма йӕ ноджыдӕр бафарста: «Ӕцӕгдӕр мӕ фырт Исав дӕ?» Уый йын дзуапп радта: «О».

25 Исаак загъта: «Ӕри-ма, дӕ сырды фыдӕй дын бахӕрон, мӕ хъӕбул, стӕй дын раарфӕ кӕндзынӕн». Йаков ын радта, ӕмӕ уый бахордта. Ӕрбахаста йын сӕн дӕр, ӕмӕ бануӕзта.

26 Стӕй Исаак Йаковӕн загъта: «Рауай-ма ӕмӕ мын аба кӕн, мӕ фырт».

27 Уый бацыд ӕмӕ йын аба кодта. Исаак ын йӕ дарӕсмӕ куы басмыста, уӕд ын раарфӕ кодта: «Дунедарӕджы арфӕйы фӕрцы бӕзнаг цы хуым разынди, уыцы хуымы тӕф цӕуы дӕуӕй, мӕ фырт.

28 Гъемӕ дӕ Хуыцау арвы ’ртӕх ӕмӕ зӕххы сойӕ барӕвдауӕд! Дӕ хортӕ ӕмӕ дӕ сӕнӕн ныккӕнӕн дӕр куыннӕ уа, уыцы хорзӕхӕй дӕ схайджын кӕнӕд!

29 Алы адӕмтӕ дын лӕггад цы кӕной, дӕ разы-иу сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы амонд дӕр дын Йӕ цӕст бауарзӕд! Де ’фсымӕртӕн ӕлдариуӕг цы кӕнай ӕмӕ-иу уыдон дӕ разы сӕрныллӕгӕй цы ’рлӕууой, уыцы арфӕ дын раттӕд! Ӕлгъитгӕ дӕ чи ракӕна, уымӕн-иу йе ’лгъыст йӕхиуыл ӕрцӕуӕд, арфӕ дын чи ракӕна, уымӕн та-иу Хуыцау раарфӕ кӕнӕд!»

30 Куыддӕр Исаак Йаковӕн раарфӕ кодта, куыддӕр Йаков йӕ фыд Исаакы цурӕй рацыд, афтӕ Исав дӕр ӕрбахӕццӕ ис цуанӕй.

31 Уый дӕр скодта хӕрзад хӕринаг, йӕ фыдмӕ йӕ бахаста ӕмӕ йын загъта: «Рабад, мӕ фыд, ӕмӕ саход сырды фыдӕй, стӕй мын-иу саккаг кӕн дӕ арфӕ».

32 Исаак ӕй бафарста: «Чи дӕ?» Уый дзуапп радта: «Ӕз дӕ хистӕр фырт Исав дӕн».

33 Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».

34 Исав йӕ фыды ныхас куы фехъуыста, уӕд тынг ныууынӕргъыдта. Бахатыд ӕм: «Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!»

35 Уый йын загъта: «Де ’фсымӕр мӕм ӕрбацыд ӕмӕ, дӕуӕн цы арфӕ ракӕнинаг уыдтӕн, уый сайдӕй йӕхи бакодта».

36 Исав ын загъта: «Хуымӕтӕджы йӕ не схуыдтой Йаков — ныр мыл дыууӕ хатты рацыди хинӕй. Фыццаг мын мӕ хистӕрад байста, ныр та — мӕ арфӕ». Йӕ фыды ма бафарста: «Ау, мӕнӕн дӕм арфӕйы ныхас нал разындзӕн?»

37 Исаак ын дзуапп радта: «Йаковы дын скодтон ӕлдар, йе ’фсымӕртӕ — йӕ цагъартӕ, радтон ын хор ӕмӕ сӕн. Дӕу та ма цӕмӕй барӕвдауон, мӕ хъӕбул?»

38 Исав йӕ фыдӕн афтӕ: «Ау, иунӕг арфӕ йеддӕмӕ дӕм нӕй, мӕ фыд? Мӕнӕн дӕр раарфӕ кӕн, мӕ фыд!» Ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныккуыдта.

39 Исаак ын загъта: «Зӕххы сойӕ дӕуӕн нӕ уыдзӕн хай, уӕларвы ’ртӕх дын не ’фсаддзӕн дӕ хуымгӕнд.

40 Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар. Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».

41 Исав фӕфыдӕх ис Йаковмӕ, йӕ фыд ын кӕй раарфӕ кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕхинымӕр загъта: «Мӕ фыдыл кӕуӕн бонтӕ ӕрӕввахс сты, ӕмӕ уӕд амардзынӕн ме ’фсымӕр Йаковы».

42 Ревеккӕйӕн радзырдӕуыди йӕ хистӕр фырт Исавы фӕнд, ӕмӕ фӕсидти йӕ кӕстӕр фырт Йаковмӕ ӕмӕ йын загъта: «Де ’фсымӕр дӕ марынмӕ хъавы,

43 ӕмӕ мӕм байхъус, мӕ хъӕбул. Ӕвӕстиатӕй алидз ме ’фсымӕр Лаванмӕ, Харанмӕ.

44 Иу цасдӕр ӕм ацӕр, цалынмӕ де ’фсымӕры маст ссӕуа, уӕдмӕ.

45 Йӕ маст куы ссӕуа де ’фсымӕрӕн, цы йын бакодтай, уый йӕ куы ферох уа, уӕд дӕм арвитдзынӕн ӕмӕ дӕ уырдыгӕй фӕстӕмӕ ӕрбакӕндзынӕн. Цӕмӕн хъуамӕ фенӕхай уон уыцы иу бон уӕ дыууӕйӕ дӕр?»

46 Ревеккӕ Исаакӕн загъта: «Мӕ цард мын ад нал кӕны нӕ хеттаг чындзыты аххосӕй. Йаков дӕр ма амы чызджытӕй, хеттӕгтӕй, куы ӕрхӕсса, мӕнӕ адоны хуызӕттӕй, уӕд ма мӕ цард цы у?»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan