Райдиан 26 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстИсаакы ус Ревеккӕ ӕмӕ Авимелех 1 Ханааны зӕххыл та скодта ӕххормаг рӕстӕг, уый размӕ Авраамы заманы куыд уыди, афтӕ, ӕмӕ Исаак араст ис Герармӕ, филистимаг паддзах Авимелехмӕ. 2 Дунедарӕг ӕргом рацыд Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Мысырмӕ ма ацу, фӕлӕ дын цы зӕхх бацамонон, уым ӕрбынат кӕн. 3 Ацӕр дзы. Ӕз уыдзынӕн демӕ ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. Дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр ӕмӕ афтӕмӕй сӕххӕст кӕндзынӕн, дӕ фыд Авраамӕн цы сомы ракодтон, уый. 4 Дӕ байзӕддӕгты дын сбирӕ кӕндзынӕн, арвы стъалытау, ӕмӕ сын ратдзынӕн ацы зӕххытӕ иууылдӕр. Дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр — 5 Авраам Мӕм кӕй байхъуыста ӕмӕ Мын Мӕ ныстуантӕ, Мӕ фӕдзӕхстытӕ, Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Ме ’гъдӕуттӕ кӕй ӕххӕст кодта, уый тыххӕй». 6 Афтӕмӕй Исаак баззади Герары. 7 Бынӕттон цӕрджытӕ Исаакы йӕ ус Ревеккӕйӕ куы бафарстой, уӕд сын дзуапп радта: «Уый мӕ хо у». «Мӕ ус у» зӕгъын нӕ бауӕндыди, рӕсугъд у, ӕмӕ мӕ амардзысты, зӕгъгӕ. 8 Фӕлӕ уым дзӕвгар рӕстӕг куы ацарди, уӕд иуахӕмы филистимаг паддзах Авимелех, рудзынгӕй кӕсгӕйӕ, Исаакы федта Ревеккӕимӕ хъазгӕ. 9 Авимелех фӕдзырдта Исаакмӕ ӕмӕ йын загъта: «Уый дӕ ус куы у, уӕд цӕмӕн загътай, мӕ хо у, зӕгъгӕ?» Исаак ын дзуапп радта: «Уый тыххӕй мӕ куы амарой, уымӕй тарстӕн». 10 Авимелех ын загъта: «Уый нын цы бакуыстай? Чысыл ма, ӕмӕ мӕ адӕмӕй исчи дӕ усимӕ фӕрӕдыдаид, ӕмӕ дӕу аххосӕй азымджын фӕуыдаиккам». 11 Авимелех йӕ адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Ацы лӕджы кӕнӕ йын йӕ усы чи бахъыгдара, уымӕн ӕнӕ амӕлгӕ нӕй». 12 Исаак уыцы зӕххыл байтыдта хор, ӕмӕ уыцы аз йӕ тыллӕг тугыл аскъуыди, цы байтыдта, уымӕй райста фондзыссӕдз ахӕмы. Афтӕ йын раарфӕ кодта Дунедарӕг. 13 Исаакы исбон кодта фылдӕрӕй-фылдӕр, ӕмӕ куыдфӕстӕмӕ сси тынг бонджын лӕг. 14 Уыйас бирӕ систы йӕ лыстӕг фос ӕмӕ йе стурвос, стӕй йӕ цагъартӕ, ӕмӕ йӕм филистимӕгтӕ райдыдтой хӕлӕг кӕнын. 15 Уӕдмӕ филистимӕгтӕ фехӕлдтой ӕмӕ сыджытӕй байдзаг кодтой, йӕ рӕстӕджы Исаакы фыд Авраамы цагъартӕ кӕй скъахтой, ӕппӕт уыцы цъайтӕ. 16 Авимелех Исаакӕн загъта: «Ацу нӕ цурӕй, уымӕн ӕмӕ дзӕвгар стыхджындӕр дӕ махӕй». 17 Исаак уырдыгӕй ацыди, Герары дӕлвӕзы рӕсӕнуат скодта ӕмӕ уым баззади. 18 Фӕстӕмӕ ссыгъдӕг кодта, йӕ фыд Авраамы заманы кӕй скъахтой ӕмӕ уый фӕстӕ филистимӕгтӕ кӕй фехӕлдтой, уыцы цъайтӕ. Ногӕй сӕ схуыдта, йӕ фыд сын кӕддӕр цы нӕмттӕ радта, уыдонӕй. 19 Иу хатт Исаакы цагъартӕ дӕлвӕзы къахтой, ӕмӕ дзы донгуырӕн разынди. 20 Фӕлӕ герараг фыййӕуттӕ фӕбыцӕу сты Исаакы фыййӕуттимӕ, уый мах дон у, зӕгъгӕ. Загъд кӕй кодтой, уымӕ гӕсгӕ Исаак уыцы цъай схуыдта Есек. 21 Уӕд скъахтой ӕндӕр цъай, фӕлӕ уый дӕр расайдта быцӕу, уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Ситна. 22 Исаак ацыди дарддӕр ӕмӕ ма скъахта иу цъай, ӕмӕ уый тыххӕй быцӕу ничиуал кодта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ Исаак схуыдта Реховот. Загъта: «Ныр нын Дунедарӕг радта парахат бынат, ӕмӕ сбирӕ уыдзыстӕм зӕххыл». 23 Уырдыгӕй Исаак ссыди Беер-Шевӕмӕ. 24 Уым ӕм фыццаг ӕхсӕв ӕргом рацыди Дунедарӕг ӕмӕ йын загъта: «Ӕз дӕ фыд Авраамы Хуыцау дӕн. Ма тӕрс, Ӕз демӕ дӕн. Раарфӕ дын кӕндзынӕн ӕмӕ дын, Мӕ цагъар Авраамы сӕр нымайгӕйӕ, дӕ байзӕддӕгты сбирӕ кӕндзынӕн». 25 Исаак уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ ссардта Дунедарӕджы ном. Уыцы ран айтыгъта йӕ цатыр, ӕмӕ йӕ цагъартӕ райдыдтой цъай къахын. 26 Иуахӕмы Исаакмӕ Герарӕй ӕрбацыд Авимелех йӕ уынаффӕйы лӕг Ахузат ӕмӕ йе ’фсады хицау Пихолимӕ. 27 Исаак сӕ бафарста: «Цы ма мӕм ӕрбацыдыстут, уе сӕфт мӕ куы федтат ӕмӕ мӕ уӕ цурӕй куы фӕсырдтат, уӕд?» 28 Уыдон ын загътой: «Мах бӕлвырд бафиппайдтам, Дунедарӕг дыл кӕй ауды, уый, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ бауынаффӕ кодтам: демӕ бафидауӕм ӕмӕ нӕ фидыд сфидар кӕнӕм иумӕйаг ардбахӕрдӕй. 29 Ард бахӕр, кӕй ницы фыдбылыз нын сараздзынӕ, уый тыххӕй. Мах дӕр дӕ куынӕ бахъыгдӕрдтам, хорзы дын куы бацыдыстӕм ӕрмӕстдӕр ӕмӕ дӕ фарнимӕ куы арвыстам! Дунедарӕгӕй арфӕгонд дӕ ныр». 30 Уый фӕстӕ сын Исаак куывд скодта, ӕмӕ фӕминас кодтой. 31 Райсомӕй раджы кӕрӕдзийӕн ард бахордтой, ӕмӕ сӕ Исаак фарнимӕ афӕндараст кодта. 32 Уыцы бон Исаакмӕ ӕрбацыдысты йӕ цагъартӕ, цъайкъахджытӕ, ӕмӕ йын, дон ссардтам, зӕгъгӕ, фехъусын кодтой. 33 Исаак уыцы цъай схуыдта Шива Сахар ныронг дӕр уымӕ гӕсгӕ хуыйны Беер-Шевӕ. Исавы хеттаг устытӕ 34 Исавыл дыууиссӕдз азы куы цыд, уӕд ӕрхаста хеттаг Беерийы чызг Йехудиты ӕмӕ хеттаг Елоны чызг Басематы. 35 Ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр Исаак ӕмӕ Ревеккӕйӕн уыдысты масты хос. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia