Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Саррӕйы мӕлӕт

1 Саррӕ фӕцардис сӕдӕ дыууын авд азы.

2 Амарди Кирйат-Арбайы (ома Хевроны), Ханааны зӕххыл. Авраам фӕкуыдта, фӕхъарджытӕ кодта Саррӕйыл.

3 Стӕй Авраам сыстади марды цурӕй ӕмӕ хеттӕгтӕн загъта:

4 «Ӕз ӕрцӕуӕггаг дӕн, фӕлӕ уе ’хсӕн рагӕй цӕрын. Уӕ зӕххӕй мын иу гӕппӕл схай кӕнут, цӕмӕй дзы мӕ усы мард баныгӕнон».

5 Хеттӕгтӕ йын загътой:

6 «Дӕ хорзӕхӕй, ӕрбайхъус нӕм, нӕ хицау! Мах дӕ нымайӕм Хуыцауы барджын лӕгыл, ӕмӕ нӕ зӕппӕдзты хуыздӕры бавӕр дӕ усы. Уый тыххӕй дын махӕй ничи бавгъау кӕндзӕни йӕ мыггаджы зӕппадз».

7 Авраам сыстади, сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн, хеттӕгтӕн,

8 ӕмӕ сын загъта: «Кӕд мын мӕ усы мард бавӕрыны бар дӕттут, уӕд уӕ курын, ӕмӕ Цохары фырт Ефронмӕ бахатут,

9 цӕмӕй мын ратта, йӕ быдыры кӕрон цы лӕгӕт ис, Махпела, зӕгъгӕ, уый. Уӕ разы мын ӕй йе ’ххӕст аргъыл раттӕд зиан бавӕрыны тыххӕй».

10 Хеттаг Ефрон бадти йе ’мбӕстӕгты ’хсӕн ӕмӕ, сахары кулдуармӕ цы хеттӕгтӕ ӕрӕмбырд ис, уыдон ӕй иууылдӕр куыд хъусой, афтӕ Авраамӕн загъта:

11 «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, байхъус мӕм! Ӕз дын дӕттын уыцы зӕххы гӕппӕл дӕр ӕмӕ лӕгӕт дӕр. Дӕттын дын сӕ мӕ адӕмы раз, ӕмӕ дӕ зиан бавӕр».

12 Авраам та йӕ сӕрӕй ныллӕг акуывта уыцы зӕххы адӕмӕн

13 ӕмӕ йӕ се ’ппӕт дӕр куыд хъусой, афтӕ баздӕхти Ефронмӕ: «Мемӕ куы сразы уаис, уӕд дын быдыры аргъ раттин. Айс ӕй, ӕмӕ мӕ зиан уым бавӕрон».

14 Ефрон загъта Авраамӕн:

15 «Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ӕрбайхъус мӕм! Зӕххӕн йӕ аргъ у цыппарсӕдӕ ӕвзист шекелы — уый ӕз ӕмӕ дӕуӕн йӕ койы аккаг дӕр нӕу. Бавӕр дӕ зиан».

16 Авраам сразы ис Ефронимӕ. Хеттӕгты раз цас загъта, уый бӕрц ын сбарста ӕвзист — цыппарсӕдӕ шекелы, сӕудӕджертӕ куыд фӕбарынц, афтӕ.

17-18 Афтӕмӕй, Ефронӕн Мамрейы ныхмӕ Махпелайы цы быдыр уыди, уый бацис Авраамы ӕд лӕгӕт, ӕд бӕлӕстӕ. Уымӕн ӕвдисӕн уыдысты, сахары кулдуармӕ чи ӕрӕмбырд ис, уыцы хеттӕгтӕ иууылдӕр.

19 Ӕмӕ Авраам йӕ ус Саррӕйы бавӕрдта, Махпелайы быдыры, Мамрейы ныхмӕ (ныр Хеврон чи хуыйны, уый), цы лӕгӕт ис, уым, Ханааны зӕххыл.

20 Хеттӕгтӕй Аврааммӕ ӕрбахаудис зӕххы хай дӕр, цы лӕгӕт дзы уыди, уый дӕр, ӕмӕ йӕ зиан уыцы ран бафснайдта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan