Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Хуыцау фӕлвары Авраамы

1 Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

2 Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».

3 Авраам райсомӕй раджы саргъ сӕвӕрдта йӕ хӕрӕгыл, йемӕ ракодта йӕ цагъартӕй дыууӕйы ӕмӕ йӕ фырт Исаакы, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн суг ныссаста ӕмӕ афтӕмӕй араст ис, Хуыцау ын цы бынат бацамыдта, уырдӕм.

4 Ӕртыккаг бон Авраам йӕ алыварс йӕ цӕст ахаста ӕмӕ дардмӕ суыдта уыцы бынат.

5 Йӕ цагъартӕн загъта: «Сымах уал ам хӕрӕгимӕ фӕлӕуут, ӕз ӕмӕ мӕ лӕппу та уартӕ уырдӕм бацӕуӕм Хуыцаумӕ бакувынмӕ, стӕй уӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхдзыстӕм».

6 Авраам йӕ фырт Исаакы ӕккой сӕвӕрдта, иууылсудзинаг нывонд ӕрхӕссынӕн сӕм цы суг уыди, уый, райста зынг ӕмӕ кард, ӕмӕ араст сты дыууӕйӕ.

7 Исаак дзуры йӕ фыд Аврааммӕ: «Мӕ фыд!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм, мӕ хъӕбул». Исаак бафарста: «Зынг ӕмӕ нӕм суг бӕргӕ ис, фӕлӕ уӕрыкк та кӕм ис иууылсудзинагӕн?»

8 Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.

9 Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ равӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ.

10 Фӕлӕ куыддӕр кард райста йӕ фырты аргӕвдынмӕ,

11 афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».

12 Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».

13 Авраам акаст ӕмӕ федта: пыхсыты йӕ сытӕ ныссагъдысты иу фырӕн. Авраам ӕм бацыди, суӕгъд ӕй кодта ӕмӕ йӕ иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхаста йӕ фырты бӕсты.

14 Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.

15 Дунедарӕджы зӕд та дыккаг хатт дӕр уӕларвӕй фӕсидти Аврааммӕ:

16 «Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай,

17 уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты!

18 Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».

19 Уый фӕстӕ Авраам ӕрбаздӕхт йӕ цагъартӕм, ӕмӕ иумӕ ацыдысты Беер-Шевӕмӕ. Авраам баззади Беер-Шевӕйы.


Нахоры байзӕддӕгтӕ

20 Уыцы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Авраамӕн загъдӕуыд, де ’фсымӕр Нахорӕн дӕр йӕ ус Милка фырттӕ ныййардта, зӕгъгӕ:

21 Уц — хистӕр, уый фӕстӕ — Буз, иннӕтӕ — Кемуел, Арамы фыд,

22 Кесед, Хазо, Пилдаш, Идлаф, Бетуел.

23 Бетуелӕн райгуырди Ревеккӕ. Уыцы аст фырты Авраамы ӕфсымӕр Нахорӕн ныййардта Милка.

24 Нахорӕн ма йӕ номылус Реума дӕр ныййардта фырттӕ: Тевах, Гахам, Тахаш ӕмӕ Маахайы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan