Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Лот ӕмӕ дыууӕ зӕды

1 Дыууӕ зӕды уыцы изӕр Содоммӕ бацыдысты. Лот бадти Содомы кулдуары цур. Куы сӕ ауыдта, уӕд фестади, сӕ размӕ рауад, ныддӕлгом ис зӕххыл

2 ӕмӕ сӕм бахатыди: «Ме ’лдӕрттӕ, уӕ хорзӕхӕй, саккаг кӕнут уӕ цагъары хӕдзармӕ. Цӕхсдзыстут уӕ къӕхтӕ ӕмӕ бахсӕвиуат кӕндзыстут, райсом раджы та араст уыдзыстут уӕ фӕндагыл». Уыдон загътой: «Нӕ, ӕдде бахсӕвиуат кӕндзыстӕм».

3 Фӕлӕ сӕм Лот тынг ӕрхатыд, ӕмӕ уӕд бацыдысты хӕдзармӕ. Лот сын фынг ацӕттӕ кодта, донгонд дзултӕ дӕр сын акодтой, ӕмӕ бахордтой.

4 Уазджытӕ нӕма бахуыссыдысты, афтӕ Содомы сахары нӕлгоймӕгтӕ, зӕрондӕй, ногӕй, сахарӕн йӕ алы кӕрӕттӕй, ӕртыхстысты Лоты хӕдзарыл

5 ӕмӕ йӕм хъӕр кодтой: «А изӕр дӕм цы лӕгтӕ ӕрбацыди, уыдон кӕм сты? Ракӕн-ма сӕ ардӕм, ӕмӕ семӕ нӕхи аирхӕфсӕм!»

6 Лот сӕм къӕсӕрмӕ рауади, дуар йӕ фӕдыл рахгӕдта

7 ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕртӕ, уӕ хорзӕхӕй, мацы фыдбылыз саразут.

8 Мӕ уазджытӕ сты, ӕмӕ сӕ ма бахъыгдарут. Дыууӕ чызджы мын ис, ӕнӕрцӕф сты нырма, ӕмӕ уӕм фӕлтау уыдоны ракӕнон, ӕмӕ уӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый сын кӕнут».

9 Уыдон ыл схъӕртӕ кодтой: «Фесӕф ардыгӕй! Ай ӕрцӕуӕггаг куы у, уӕд нын ам уынаффӕ кӕныныл цы схӕцыд? Фӕлӕуу афтӕ, мах дын ныртӕккӕ, уыдонӕн цы бакӕнинаг стӕм, уымӕй фыддӕртӕ куынӕ фӕуӕм!» Ныууырдыг сты Лотмӕ, дуар батоныныл архайынц.

10 Фӕлӕ Лоты уазджытӕ ӕддӕмӕ сӕ къухтӕ радардтой, фӕмидӕг ӕй кодтой ӕмӕ дуар ахгӕдтой,

11 къӕсӕрыл цы адӕм уыди, уыдоны та кӕстӕрӕй, хистӕрӕй афтӕ бакуырм кодтой, ӕмӕ, дуар агургӕйӕ, фыдӕбоны хай баисты.

12 Лотӕн йӕ уазджытӕ загътой: «Ам ма дын чи ис? Сиахсӕй, фыртӕй, чызгӕй, ӕндӕрӕй дын сахары чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр акӕн ардыгӕй,

13 уымӕн ӕмӕ хъуамӕ зӕххы цъарӕй фесафӕм ацы бынат. Бирӕ хъӕстытӕ йыл ссыди Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ нӕ йӕ фесафынмӕ рарвыста».

14 Лот ацыд ӕмӕ хабар фехъусын кодта йӕ чызджыты курджытӕн: «Ӕвӕстиатӕй ардыгӕй уӕхи айсут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг рӕхджы фесафдзӕн ацы сахар». Фӕлӕ уыдонмӕ Лоты ныхас худӕгау фӕкасти.

15 Боныцъӕхтыл зӕдтӕ Лотмӕ бадзырдтой: «Фӕтагъддӕр кӕн, ӕмӕ дӕ ус ӕмӕ дӕ дыууӕ чызгимӕ цӕугӕут ардыгӕй, науӕд ацы тӕригъӕдджын сахаримӕ сымах дӕр бабын уыдзыстут».

16 Фӕлӕ Лот фӕстиат кодта, ӕмӕ йын лӕгтӕ йӕ къухыл рахӕцыдысты. Рахӕцыдысты йын йӕ ус ӕмӕ йӕ дыууӕ чызджы къухтыл дӕр ӕмӕ сӕ фӕссахар балӕууын кодтой, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг тӕригъӕд кодта Лотӕн.

17 Куы сӕ ракодтой, уӕд Лотӕн загътой: «Гъеныр дӕ сӕр бафснай! Фӕстӕмӕ дӕр мауал фӕкӕс, дӕлвӕзы макуы ӕрлӕуу! Хӕхты ’рдӕм цӕугӕ, науӕд сӕфыс!»

18 Фӕлӕ Лот загъта: «Нӕ, Бардарӕг!

19 Ды Дӕ цагъары скодтай Дӕ аудыны аккаг, радтай мын стыр хорзӕх: фервӕзын мӕ кодтай. Гъе ӕрмӕст хӕхтӕм балидзын мӕ бон нӕ бауыдзӕни — бӕллӕх мӕ ӕрӕййафдзӕни фӕндагыл, ӕмӕ фесӕфдзынӕн.

20 Уартӕ уыцы чысыл сахар хӕстӕг у! Цӕй, уырдӕм алидзон! Чысыл у, ӕмӕ уым удӕгасӕй баззайдзынӕн».

21 Дзуапп ын рардӕуыд: «Ацы хъуыддаг дӕр сараздзынӕн дӕ сӕраппонд: цы сахары кой скодтай, уый нӕ ныппырх кӕндзынӕн.

22 Батагъд кӕн уырдӕм ӕмӕ дзы дӕ сӕр бафснай. Цалынмӕ уырдӕм бахӕццӕ уай, уӕдмӕ мын ацы хъуыддагӕн райдайӕн нӕй». Уымӕ гӕсгӕ уыцы сахарӕн ис ӕхӕм ном — Цоар.

23 Хур куыддӕр скаст, афтӕ Лот дӕр бахӕццӕ ис Цоармӕ.


Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сӕфт

24 Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл уӕлӕрвтӕй ӕркалдта судзгӕ сондон

25 ӕмӕ бабын кодта сахартӕ ӕмӕ ӕгас дӕлвӕз ӕд цӕрджытӕ, зайӕгхал дӕр дзы нал баззади.

26 Лоты ус фӕстӕмӕ фӕкаст ӕмӕ цӕххы цӕджындз фестад.

27 Авраам сӕумӕраджы бацыд, айфыццаг Дунедарӕджы раз кӕм лӕууыди, уыцы бынатмӕ.

28 Афӕлгӕсыди Содом ӕмӕ Гоморрӕйыл, стӕй ӕгас дӕлвӕзыл ӕмӕ федта: зӕхх цыма гарнайы пец фестади, уыйау дзы цыди фӕздӕг.

29 Гъе афтӕ, Хуыцау Иорданы дӕлвӕзы сахартӕ куы бабын кодта, уӕд нӕ ферох кодта Авраамы — Лоты рагацау рарвыста уыцы фыдохы ранӕй, йӕ цӕрӕнбынатӕй.

30 Цоарӕй Лот йӕ дыууӕ чызгимӕ ссыди хӕхтӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ уӕндыди Цоары цӕрын. Ӕрбынат кодтой лӕгӕты.

31 Иуахӕмы хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Нӕ фыд базӕронд ис, ӕмӕ, дунейы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ немӕ чи бацӕра, ацы ран иу ахӕм лӕг нӕй.

32 Гъемӕ нӕ фыды мыггаг сӕфын ма бауадзӕм, сӕн ын бадарӕм ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцӕуӕм».

33 Уыцы ӕхсӕв сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ хистӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.

34 Иннӕ бон хистӕр чызг кӕстӕрӕн загъта: «Дысон ӕз уыдтӕн нӕ фыдимӕ. Цӕй ӕмӕ та йын ахсӕв дӕр сӕн бадарӕм, ӕмӕ ды дӕр йемӕ фӕу. Афтӕмӕй нӕ фыды мыггаг сӕфын нӕ бауадздзыстӕм».

35 Уыцы ӕхсӕв дӕр та сӕ фыды срасыг кодтой, ӕмӕ кӕстӕр чызг йемӕ фӕци. Ныр куыд ӕрхуыссыд ӕмӕ куыд сыстади, уый фыд ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта.

36 Афтӕмӕй Лотӕн йӕ дыууӕ чызджы дӕр банхъӕлцау сты сӕ фыдӕй.

37 Хистӕр чызг ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Моав. Уый у моавӕгты фыдӕл.

38 Кӕстӕр чызг дӕр ныййардта лӕппу ӕмӕ йыл сӕвӕрдта ном Бен-Амми. Уый та у ныры аммонӕгты фыдӕл.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan