Райдиан 16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстАгар ӕмӕ Измаел 1 Аврамы ус Сарӕйӕн зӕнӕг нӕ цыди. Уыди йын унӕут, мысыраг, йӕ ном — Агар. 2 Сарӕ загъта Аврамӕн: «Дунедарӕг мын зӕнӕг нӕ дӕтты, ӕмӕ уӕд та мӕ унӕутмӕ бацу, кӕд уый фӕрцы уӕддӕр схӕдзар уаин». Аврам сразы ис Сарӕимӕ. 3 Сарӕ ӕрбакодта йӕ унӕуты, мысыраг Агары, ӕмӕ йӕ радта усӕн йӕ мой Аврамӕн. Хъуыддаг ӕрцыд, Аврам Ханааны зӕххыл куы ӕрцарди, уымӕй дӕс азы фӕстӕдӕр. 4 Аврам ӕрӕмуат ис Агаримӕ. Уый банхъӕлцау ис ӕмӕ, йӕ уавӕр куы федта, уӕд йе ’хсины ницӕмӕуал дардта. 5 Сарӕ Аврамӕн загъта: «Ды дӕ аххосджын ме ’фхӕрды. Дӕ хъӕбысы дын ӕй бакодтон, ӕмӕ, куы банхъӕлцау ис, уӕдӕй фӕстӕмӕ мӕн ницӕмӕуал дары. Гъемӕ дын Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг уӕд!» 6 Аврам Сарӕйӕн загъта: «Дӕ унӕутыл дӕ бар цӕуы, ӕмӕ дӕ цыдӕриддӕр фӕнды, уый йын кӕн». Сарӕ райдыдта ӕфхӕрын Агары, ӕмӕ уый алыгъди. 7 Агармӕ ӕдзӕрӕг быдыры, Шурмӕ фӕндагыл суадоны цурмӕ фӕзынди Дунедарӕджы зӕд 8 ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Агар, Сарӕйы унӕут, кӕцӕй рацыдтӕ ӕмӕ кӕдӕм цӕуыс?» Уый дзуапп радта: «Ме ’хсин Сарӕйӕ лидзын». 9 Дунедарӕджы зӕд ын загъта: «Аздӕх де ’хсинмӕ ӕмӕ йын быхс». 10 Ноджы ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕ уыдзӕни». 11 Ноджыдӕр ма йын Дунедарӕджы зӕд загъта: «Гъеныр ды ӕнхъӕлцау дӕ, гъеныр лӕппу ныййардзынӕ. Сӕвӕр-иу ыл Измаел — Дунедарӕг фехъуыста, фехъуыста дӕ дзыназын. 12 Дӕ лӕппу, хъӕддаг хӕрӕгау, алкӕмӕ лӕбурдзӕни, йе ’мтуг адӕмтимӕ нӕ фидаудзӕн». 13 Агар йемӕ дзурӕг Дунедарӕджы рахуыдта ахӕм номӕй: «Ды дӕ, мӕн Чи уыны, уыцы Хуыцау». Загъта: «Ӕз ам ӕцӕгдӕр федтон, мӕныл Чи ауды, уыцы Хуыцауы». 14 Уымӕ гӕсгӕ ацы цъай хонынц «Кӕй хорзӕх мӕ ис, уыцы Цардӕгасы цъай». Ныронг дӕр лӕууы Кадеш ӕмӕ Береды ’хсӕн. 15-16 Агар Аврамӕн ныййардта фырт, ӕмӕ йыл Аврам сӕвӕрдта ном Измаел. Уӕд Аврамыл цыдис ӕхсӕз ӕмӕ цыппарыссӕдз азы. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia