Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Райдиан 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Вавилоны мӕсыг

1 Ӕппӕт дунейы адӕм дзырдтой иу ӕвзагыл, пайда кодтой уыцы иу дзырдтӕй.

2 Скӕсӕнӕрдӕм цӕугӕйӕ, адӕм бахӕццӕ сты Шинары зӕххыл иу дӕлвӕзмӕ ӕмӕ уым ӕрцардысты.

3 Бауынаффӕ кодтой: «Скӕнӕм агуыридуртӕ». Ӕмӕ хуымӕтӕг дурты бӕсты аразын райдыдтой агуыридуртӕй, чъыры бӕсты та пайда кодтой писийӕ.

4 Загътой: «Цӕй ӕмӕ ном скӕнӕм нӕхицӕн — саразӕм сахар, уӕлӕрвтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм мӕсыгимӕ, цӕмӕй ӕгас зӕххы цъарыл ма ныххӕлиу уӕм».

5 Уӕд Дунедарӕг ӕрцыд, адӕм кӕй арӕзтой, уыцы сахар ӕмӕ мӕсыг фенынмӕ.

6 Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ — иу адӕм, се ’ппӕтӕн дӕр — иу ӕвзаг. Цы аразынц, уый нырма сӕ хъуыддӕгты райдиан у ӕрмӕст. Ныр сӕ уромӕг нал бауромдзӕни, цӕмӕ нӕ бавналой — алцыдӕр сын бантысдзӕнис.

7 Гъемӕ сӕм ныццӕуӕм ӕмӕ сын се ’взаг схъомпал кӕнӕм, сӕ кӕрӕдзийы куыннӕуал ӕмбарой».

8 Ӕмӕ сӕ Дунедарӕг уырдыгӕй, сӕ сахар кӕронмӕ арӕзт нӕ фӕцис, афтӕмӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.

9 Уымӕ гӕсгӕ ацы сахар хонынц Вавилон. Дунедарӕг уым схӕццӕ кодта ӕппӕт адӕмы ӕвзаг ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ныххӕлиу кодта ӕгас зӕххы цъарыл.


Симы байзӕддӕгтӕ

10 Мӕнӕ Симы хӕдзарвӕндаг. Симыл фондзыссӕдз азы куы цыд, уый та уыди доныхъаймӕтӕй дыууӕ азы фӕстӕдӕр, уӕд ын райгуырд Арфахсад.

11 Арфахсады райгуырды фӕстӕ ма Сим фӕцарди фондзсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

12 Арфахсадыл фынддӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Шелах.

13 Шелахы райгуырды фӕстӕ ма Арфахсад фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

14 Шелахыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырд Евер.

15 Евер ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Шелах фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

16 Еверыл цыппӕрдӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Пелег.

17 Пелег ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Евер фӕцарди цыппарсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

18 Пелегыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Рагав.

19 Рагав ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Пелег фӕцарди дыууӕсӕдӕ фараст азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

20 Рагавыл дыууадӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Серух.

21 Серух ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Рагав фӕцарди дыууӕсӕдӕ авд азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

22 Серухыл дӕс ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Нахор.

23 Нахор ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Серух фӕцарди дыууӕсӕдӕ азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

24 Нахорыл фараст ӕмӕ ссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырди Терах.

25 Терах ын куы райгуырди, уый фӕстӕ ма Нахор фӕцарди сӕдӕ нудӕс азы, ӕмӕ ма йын рацыди фырттӕ ӕмӕ чызджытӕ.

26 Терахыл дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы куы цыд, уӕд ын райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран.

27 Мӕнӕ Терахы байзӕддӕгтӕ. Терахӕн райгуырди фырттӕ: Аврам, Нахор ӕмӕ Аран. Аранӕн райгуырди Лот.

28 Аран амарди йӕ райгуырӕн зӕххыл, халдейаг Уры. Йӕ фыд Терах ма уӕд ӕгас уыд.

29 Аврам ӕмӕ Нахор ӕрхастой устытӕ. Аврамы усы ном — Сарӕ, Нахоры усы ном та — Милка. Милка ӕмӕ йӕ хо Иска уыдысты Араны чызджытӕ.

30 Сарӕ уыд ӕнӕзӕнӕг, цот ын нӕ цыди.

31 Терах халдейаг Урӕй араст ис Ханааны зӕхмӕ йӕ фырт Аврам ӕмӕ Араны фырт Лотимӕ. Семӕ ма уыди Терахы чындз Сарӕ, Аврамы ус. Фӕлӕ Хараны сахармӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд уым ӕрцардысты.

32 Терах амарди Хараны, дыууӕсӕдӕ фондз азы йыл цыдис, афтӕмӕй.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan