Псаломтӕ 98 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг у Паддзах, ӕмризӕджы ризӕнт адӕмтӕ! Уый ӕнцайы херувимтыл; уадз ӕмӕ ӕнкъуыса зӕхх! 2 Стыр у Сионы Хуыцау, бӕрзонд у Йӕ кад ӕппӕт адӕмтӕм. 3 Стауӕнт уыдон Де стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг ном: сыгъдӕг у уый! 4 Хъомысджын Паддзах раст тӕрхон уарзы. Ды сфидар кодтай рӕстдзинад, Йаковӕн равдыстай раст ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон. 5 Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, бакувут Йӕ ӕрлӕууӕн бынатӕн: сыгъдӕг у Уый! 6 Моисей ӕмӕ Аарон Йӕ сауджынты ’хсӕн уыдысты, Самуел та — Йӕ ном Ын чи ары, уыдоны ’хсӕн. Уыдон Дунедарӕгмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сын Уый дзуапп лӕвӕрдта. 7 Ӕврагъцӕджындзӕй дзырдта семӕ, Ӕгъдау сын радта, ӕмӕ уыдон ӕххӕст кодтой Йӕ фӕдзӕхстытӕ, Йӕ уагӕвӕрдтӕ. 8 Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! Ды сын дзуапп лӕвӕрдтай ӕмӕ сын уыдтӕ бараг Хуыцау, фӕлӕ сӕ ӕфхӕрдтай сӕ рӕдыдты тыххӕй. 9 Стаут Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, кад Ын кӕнут Йӕ сыгъдӕг хохыл, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг у Дунедарӕг, нӕ Хуыцау! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia