Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 97 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Псалом. Зарут Дунедарӕгӕн ног зарӕг, уымӕн ӕмӕ Уый диссӕгтӕ сарӕзта. Йӕ рахиз къухӕй, Йӕ уаз къухӕй Уый райста уӕлахиз!

2 Дунедарӕг раргом кодта Йӕ ирвӕзындзинад, ӕппӕт адӕмтӕн раргом кодта Йӕ рӕстад.

3 Йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыди Йӕ хорзӕх, Израилы адӕмыл иузӕрдион кӕй у, уый. Ӕмӕ зӕххы кӕрӕттӕм адӕмтӕ нӕ Хуыцауы ирвӕзындзинад федтой.

4 Цинӕй райут Дунедарӕгыл, ӕгас зӕххы цӕрджытӕ! Цинхъӕр кӕнут, хъӕлдзӕг ут ӕмӕ зарут!

5 Зарут Дунедарӕгӕн дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ, Зарут хъӕрӕй дыууадӕстӕнонты зӕлтимӕ!

6 Хӕтӕлтӕ ӕмӕ сыкъауадындзы цагъдимӕ цинӕй райут уӕ Паддзахы, Дунедарӕджы раз!

7 Нӕрӕд денджыз ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон, цинвӕдис кӕнӕд дун-дуне йе ’ппӕт цӕрджытимӕ!

8 Цӕугӕдӕттӕ Йын ӕмдзӕгъд кӕнӕнт, цин кӕнӕнт хӕхтӕ

9 Дунедарӕджы раз, Уымӕн ӕмӕ Уый зӕххӕн тӕрхон кӕнынмӕ рацӕуы. Уый дун-дунейӕн рахӕсдзӕн рӕстаг ӕмӕ ӕнӕхӕрам тӕрхон.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan