Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 95 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, ӕгас зӕххы цъар, Дунедарӕгӕн зар!

2 Зарут Дунедарӕгӕн, арфӕ кӕнут Йӕ номӕн, бонӕй-бонмӕ Йӕ ирвӕзындзинадыл дзурут!

3 Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.

4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг стыр у, ӕппӕлыны аккаг у Уый, ӕппӕт хуыцӕуттӕй — тӕссагдӕр.

5 Адӕмтӕн сӕ хуыцӕуттӕ — гуымирытӕ, Дунедарӕг та сфӕлдыста уӕлӕрвтӕ.

6 Йӕ кад ӕмӕ намыс цӕуынц Йӕ разӕй; Йӕ Кувӕндоны — Йӕ хъару ӕмӕ Йе стырад.

7 Адӕмтӕ, сыстаут Дунедарӕджы, стаут Ын Йӕ кад ӕмӕ Йӕ хъомыс!

8 Дунедарӕгӕн Йӕ номы аккаг кад скӕнут, бацӕут Йӕ кӕртытӕм хуынтимӕ.

9 Бакувут Дунедарӕгӕн Йӕ сыгъдӕг кады рухсы! Ӕгас зӕхх Дунедарӕджы раз ӕмризӕджы нырризӕд!

10 Фехъусын кӕнут адӕмтӕн: «Дунедарӕг паддзахиуӕг кӕны!» Дун-дуне Уый фӕрцы у фидар, нӕ фенкъуысдзӕн; Дунедарӕг адӕмтӕн раст тӕрхон кӕндзӕн.

11 Цин кӕнӕд уӕларв иууылдӕр, цинӕй райӕд зӕхх; ныннӕрӕд денджыз ӕмӕ, йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон;

12 райгонд уӕнт фӕзтӕ ӕмӕ сыл цыдӕриддӕр ис, уыдон, хъӕды бӕлӕстӕ иууылдӕр ныццин кӕнӕнт

13 Дунедарӕджы раз, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕрцӕудзӕн — тӕрхон кӕнынмӕ зӕххӕн. Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни рӕстдзинады, Йӕ ӕцӕгады домӕнтӕм гӕсгӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan