Псаломтӕ 94 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй Дунедарӕджы сыстауӕм, кад кӕнӕм Хуыцауӕн, нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн. 2 Йӕ разы ӕрлӕууӕм райгондӕй, кады зарджытӕй Йӕ стауӕм, 3 уымӕн ӕмӕ Стыр Хуыцау у Дунедарӕг — ӕппӕт хуыцӕутты Стыр Паддзах. 4 Зӕххӕн йӕ бындуртыл Уый хӕцы, хӕхты бӕрзӕндтӕ Йӕ къухы сты. 5 Уый у денджыз дӕр, Уый йӕ сфӕлдыста, ӕмӕ сур дӕр сарӕзтой Йӕ къухтӕ. 6 Ӕрбацӕут-ма ӕмӕ бакувӕм, ӕрзоныг уӕм Дунедарӕджы, не Сфӕлдисӕджы раз. 7 Уый нӕ Хуыцау у, мах та — Йӕ адӕм, Йӕ фысты дзуг. Абон Ын Йӕ хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд, 8 фӕлварӕн бон Меривайы, ӕдзӕрӕг быдыры, Массӕйы, куыд уыдыстут, уӕдау уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут. 9 Уӕ фыдӕлтӕ Мӕ уым фӕлвӕрдтой ӕмӕ, цы сарӕзтон, уый федтой. 10 Дыууиссӕдз азы Ӕз мӕсты уыдтӕн сӕ фӕлтӕрмӕ. Уӕд загътон: «Ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ адзӕгъӕл сты, Мӕ фӕндӕгтӕ Мын нӕ зонынц». 11 Ӕз смӕсты дӕн ӕмӕ расомы кодтон: «Ме ’нцойадмӕ никуы бацӕудзысты уыдон». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia