Псаломтӕ 93 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 О, алкӕмӕн йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ фидӕг Хуыцау! О Дунедарӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи! 2 Ӕгас зӕххы Тӕрхонгӕнӕг, сыст, хирвӕссонты бафхӕр! 3 О Дунедарӕг, ӕнӕхуыцӕуттӕ кӕдмӕ кӕндзысты уӕлахиз? 4 Сӕ ныхӕстӕ — къӕйных, сӕ фыдракӕндтӕй ӕппӕлынц. 5 О Дунедарӕг, ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ, 6 цӕгъдынц идӕдз сылгоймӕгты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ сидзӕрты. 7 Уыдон дзурынц: «Дунедарӕг нӕ фендзӕнис, нӕ базондзӕнис уыдӕттӕ Йаковы Хуыцау». 8 Уӕхи ӕрӕмбарут, ӕдылытӕ! Ӕнӕфендтӕ, уӕ сӕры зонд кӕд бацӕудзӕн? 9 Ау, хъустӕ чи радта, уый ницы фехъусдзӕн? Цӕстытӕ сфӕлдисӕг, ау, ницы фендзӕнис? 10 Адӕмты Зондамонӕг, адӕймаджы Чи ахуыр кӕны, Уый, ау, сымах не ’рфӕрсдзӕн? 11 Дунедарӕг зоны адӕмы хъуыдытӕ — уыдон кӕй ӕрбайсӕфынц мигъау. 12 Дунедарӕг! Тӕхудиаг у, Ды зонд кӕмӕн амоныс, уыцы адӕймаг, Де ’Гъдауыл кӕй ахуыр кӕныс, уый, 13 цӕмӕй фыд заманы уа ӕдас, цалынмӕ ӕнӕхуыцауӕн уӕрм скъахтӕуа, уӕдмӕ. 14 Дунедарӕг нӕ ныууадздзӕн Йӕ адӕмы, Йӕ исбон Дзы нӕ ферох уыдзӕн. 15 Тӕрхондоны уӕлахиз кӕндзӕни рӕстдзинад, ӕмӕ рӕстудтӕ раст тӕрхоны фарс хӕцдзысты. 16 Фыдгӕнджыты ныхмӕ тохы чи бацӕудзӕн мӕ сӕрыл? Фыдлӕгты ныхмӕ чи рахӕцдзӕн мӕ фарс? 17 Дунедарӕг мыл куынӕ ӕххуыс кӕнид, уӕд афонмӕ зӕххыл мӕ кой дӕр нал уаид. 18 Куы-иу загътон, гъа, ныр фӕкӕлдзынӕн, зӕгъгӕ, уӕд-иу мӕ, Дунедарӕг, фӕфидар кодта Дӕ хорзӕх. 19 Мӕ зӕрдӕ хъизӕмар кӕны, фӕлӕ мӕ ’рсабыр кӕныс Ды, ӕмӕ та сцин кӕны мӕ уд. 20 Фыдгӕнджыты паддзахы бадӕн, Де ’Гъдауы ныхмӕ чи цӕуы, уый не ’рфидар уыдзӕн Дӕ разы. 21 Уыдон рӕстудты ныхмӕ сыстынц, ӕнаххосты туг калынц, 22 фӕлӕ мӕн Дунедарӕг хъахъхъӕны, мӕ ныфсы мӕсыг у мӕ Хуыцау. 23 Сӕ фыдбылызтӕ сын сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзӕнис, сӕ фыдракӕндты тыххӕй ныццӕгъддзӕн, фесафдзӕн сӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia