Псаломтӕ 90 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Иууылбӕрзондӕн Йӕ дӕлбазыр чи цӕры, уый Ӕппӕтхъомысы аууоны ссары ӕнцой. 2 Дунедарӕгӕн зӕгъы: «Ды — мӕ ирвӕзӕн фидар, мӕ къӕдзӕх, мӕ зӕрдӕ Кӕуыл дарын, уыцы Хуыцау!» 3 Уый дӕ фервӕзын кӕндзӕн ахсӕн хызӕй ӕмӕ алы фыдбылызӕй. 4 Йӕ базыры бын дӕ бакӕндзӕн, ӕмӕ дын тас ницӕмӕй уыдзӕн. Йӕ иузӕрдиондзинад — дӕ сис ӕмӕ дӕ уарт. 5 Ӕхсӕв дын тас нӕ уыдзӕни фыдмонтӕй, боныгон — тӕхгӕ фатӕй, 6 талынджы хъуызӕг емынӕйӕ ӕмӕ ӕмбисбон сафӕг рынӕй. 7 Минӕй ӕрхаудзысты Дӕ разы, дӕс мины та — дӕ рахизфарс, фӕлӕ ды баззайдзынӕ ӕвыдӕй. 8 Ӕрмӕстдӕр ӕвдисӕн уыдзынӕ — дӕхи цӕстӕй фыдлӕгты ӕфхӕрд фендзынӕ. 9 Уымӕн ӕмӕ ды загътай: «Мӕ зӕрдӕ Дунедарӕгыл дарын». Дунедарӕгыл бафӕдзӕхстай дӕхи, 10 ӕмӕ фыдбылызы нӕ бахаудзынӕ, дӕ хӕдзармӕ бӕллӕх нӕ бацӕудзӕн. 11 Бафӕдзӕхсдзӕни дӕ Йӕ зӕдтӕн — дӕ алы фӕндагыл дӕ бахъахъхъӕндзысты. 12 Сӕ къухтыл дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ. 13 Домбай ӕмӕ сау калмы дӕ къӕхты бын кӕндзынӕ, домбай ӕмӕ залымы ныссӕнддзынӕ. 14 Дунедарӕг зӕгъы: «Уарзы Мӕ, ӕмӕ йӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ ном Мын зоны, ӕмӕ йӕ Ӕз бахиздзынӕн. 15 Фӕсиддзӕн Мӕм, ӕмӕ йӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Йӕ тыхсты сахат йемӕ дӕн. Ӕххуысмӕ йӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ йӕ скадджын кӕндзынӕн. 16 Царды бонтӕй йӕ бафсаддзынӕн, Мӕ ирвӕзындзинад ын раргом кӕндзынӕн». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia