Псаломтӕ 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн: «Алмут Лаббен»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2 О Дунедарӕг, зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн, Дӕ диссӕгты тыххӕй Дын дзурдзынӕн. 3 Цин кӕндзынӕн, сараздзынӕн бӕрӕгбон, Иууылбӕрзонд, стаудзынӕн Дын Дӕ ном. 4 Ме знӕгтӕ лидзӕг фесты, ӕрхаудысты, бабын сты Дӕ разы. 5 Уымӕн ӕмӕ мын Ды мӕ хъаст равзӕрстай. Дӕ къӕлӕтджыны ӕрбадгӕйӕ, Ды раст тӕрхон рахастай, о раст Тӕрхонгӕнӕг! 6 Дӕ азар баййӕфта адӕмты, фыдгӕнджыты ныццагътай, мыггагмӕ сын сӕ кой дӕр фесӕфтай. 7 Знӕгтӕ бынысӕфт фесты, ныппырх сын кодтай сӕ сахартӕ, ӕмӕ сӕ кой дӕр нал ис. 8 Фӕлӕ Дунедарӕг Йӕ къӕлӕтджыны — ӕнустӕм, Йӕ паддзахы бадӕн тӕрхон кӕнынмӕ цӕттӕ у. 9 Уый дунейӕн тӕрхон кӕндзӕни ӕнӕхӕрамӕй, адӕмтӕн рахӕсдзӕни раст тӕрхон. 10 Ӕфхӕрд лӕгӕн Дунедарӕг уыдзӕни ӕмбӕхсӕн, фыдбылызы заман ӕй бахиздзӕн. 11 Дӕ ном Дын чи зоны, уыдонӕн сӕ ныфс Ды Дӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Ды нӕ ныууадздзынӕ, Дӕу чи агуры, уыдоны. 12 Кады зарӕг кӕнут Дунедарӕгӕн, Сионы Паддзахӕн, адӕмтӕн хъусын кӕнут Йӕ хъуыддӕгтӕ. 13 Уымӕн ӕмӕ Уый туджы аргъ фидын кӕны, рох Дзы нӕу мӕгуырты дзыназын. 14 Батӕригъӕд мын кӕн, Дунедарӕг, ӕркӕс, ме знӕгтӕ мӕ удхарӕй куыд марынц, уымӕ, мӕлӕты комӕй мӕ байс! 15 Ӕмӕ ӕз ӕппӕлдзынӕн Дӕуӕй Сионы чызджы кулдуары раз, цин кӕндзынӕн, кӕй мӕ фервӕзын кодтай, ууыл. 16 Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти. 17 Дунедарӕг раргом ис, стӕрхон кодта: фыдгӕнджытӕ сӕхи къӕппӕджы бахаудтой. 18 Мӕрдтыбӕсты хай бауӕнт фыдгӕнджытӕ, Хуыцау кӕмӕй ферох, ӕппӕт уыцы адӕмтӕ. 19 Ӕнусмӕ нӕ уыдзӕн рохуаты мӕгуыр лӕг, мӕгуыр лӕджы ныфс мыггагмӕ сӕфт нӕу. 20 Раст, Дунедарӕг, уадз адӕймаг йӕхи бӕрзонд ма сӕвӕра, адӕмты ӕрлӕууын кӕн Дӕ тӕрхоны раз. 21 Ӕвирхъау тас сыл бафтау, Дунедарӕг; уадз, зоной — адӕмӕй уӕлдай ницы сты. 22 О Дунедарӕг! Цӕмӕн лӕууыс дард, фыд заманы цӕмӕн бамбӕхстай Дӕхи? 23 Сӕрбӕрзондӕй ӕнӕхуыцау мӕгуыр лӕджы фӕдыл зилы — йӕ фыдвӕндты азар йӕхи баййафӕд! 24 Фыдгӕнӕг ӕппӕлы йӕ монцтӕй, кӕрӕф адӕймаг буц кӕны йӕхи, Дунедарӕджы та фауы. 25 Ӕнӕхуыцау сӕрбӕрзондӕй кӕсы, Дунедарӕджы ницӕмӕ дары, дзуапп дӕттын мӕ нӕ бахъӕудзӕни, Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ. 26 Йӕ хъуыддӕгты — алкӕддӕр ӕнтыстджын, дард у Дӕ уынаффӕтӕй, ӕлгъ кӕны йе ’ппӕт знӕгтыл. 27 Йӕхинымӕр зӕгъы: «Нӕ фӕцуддзынӕн, мыггагмӕ фыдбылызӕй хызт уыдзынӕн». 28 Йӕ былалгъыл — ӕрмӕстдӕр ӕлгъыст, мӕнгарддзинад ӕмӕ сайд, йе ’взагыл — бӕллӕх ӕмӕ фыдбылыз. 29 Бабады фӕскъуымты, фӕсвӕдӕй амары ӕнаххосы, аивӕй йӕ амӕттаджы хъахъхъӕны. 30 Домбай йӕ хуыккомы куыд бабада, уыйау рӕсӕны фӕбады, цӕмӕй мӕгуыр лӕджы ӕрцахса; фӕлӕбуры мӕгуыр лӕгмӕ, йӕ ахсӕн хыз ыл баппары. 31 Ӕрныгъуылы, ӕрӕмбӕхсы, ӕмӕ ӕнӕбонтӕ бахауынц йӕ дзӕмбытӕм. 32 Фӕзӕгъы йӕхицӕн: «Ферох дӕн Хуыцауӕй! Йӕ цӕсгом азылдта, никуы мӕ фендзӕн». 33 Раст, Дунедарӕг! Сис Дӕ къух, Хуыцау! Ӕфхӕрд адӕмы ма ферох кӕн. 34 Фыдгӕнӕг цӕмӕн фауы Хуыцауы? Афтӕ йӕм цӕмӕн кӕсы, цыма дзы дзуапп не ’рдомдзынӕ? 35 Ды кӕсыс, маст ӕмӕ рыст уыныс — Дӕхи къухӕй сын райсдзынӕ сӕ маст! Дӕуыл фӕдзӕхсы йӕхи мӕгуыр лӕг, йе ’ххуысгӕнӕг сидзӕрӕн Ды дӕ! 36 Фыдгӕнӕг ӕмӕ ӕнӕхуыцауӕн йӕ тых басӕтт, йӕ кой дӕр куыннӕуал баззайа, афтӕ. 37 Дунедарӕг — мыггагмӕйы паддзах; муртаттӕгтӕ ӕрбайсӕфдзысты Йӕ зӕххӕй. 38 Сӕрныллӕгты бӕллицтӕ зоныс, Дунедарӕг! Сӕ зӕрдӕтӕ сын фӕфидар кӕн, фехъус сӕ, 39 цӕмӕй сидзӕр ӕмӕ ӕфхӕрдӕн раст тӕрхон уа, цӕмӕй ӕфхӕрджытӕ мауал уой зӕххыл. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia