Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 89 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг Моисейы куывд.

2 О Хуыцау, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ Ды дӕ не ’мбӕхсӕн бынат!

3 Хӕхтӕ нӕма сӕнтыстысты, дуне ӕмӕ зӕхх нӕма сфӕлдыстай — ӕнусӕй ӕнустӕм Ды Хуыцау дӕ.

4 Ды адӕймаджы фӕстӕмӕ сыджытмӕ раздахыс, фӕзӕгъыс адӕмӕн: «Раздӕхут сыджытмӕ!»

5 Дӕуӕн мин азы сты зноны бонау, ӕхсӕвы хъахъхъӕнӕджы иу аивдау.

6 Ды тыгъдызӕйау адӕмы ахӕссыс Дӕ разӕй, ӕмӕ ӕрбайсӕфынц фынау; кӕрдӕджы ’нгӕс сты уыдон — райсомӕй чи ӕрзайы, дидинӕг чи ракалы, изӕры та чи ахус вӕййы.

7 Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.

8 Нӕ тӕригъӕдтӕ нын равӕрдтай Дӕ разы, нӕ сусӕгтӕ Дӕ цӕсгомы рухсӕй раргом кодтай.

9 Цӕргӕбонты нӕм Дӕ маст нӕ сысы, ӕмӕ нӕ азтӕ иунӕг уысмау атӕхынц.

10 Нымадӕй ахӕссӕм ӕвдай азы, хъӕддыхдӕр чи у, уый — ӕстай, сӕ фылдӕр хай — фыдӕбон ӕмӕ низтӕ; уайтагъд фӕвӕййынц, ӕмӕ ӕрбайсӕфӕм.

11 Дӕ масты тых Дын чи базыдта? Хуыцауы тас нӕм цас фылдӕр ис, уый бӕрц нӕм къаддӕр абухы Дӕ маст.

12 Сахуыр нӕ кӕн нӕ царды бонтӕ афтӕ нымайын, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ суа куырыхон.

13 О Дунедарӕг, раздӕх нӕм! Кӕдмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Батӕригъӕд кӕн Дӕ цагъартӕн!

14 Ӕрвылрайсом нӕ Дӕ хорзӕхӕй ӕфсад, цӕмӕй зӕрдӕрухс уӕм, нӕ царды бонтӕ цинимӕ ӕрвитӕм.

15 Цал боны ӕмӕ нӕ цал азы ӕфхӕрдтай, уыдоны ныхмӕ нын циндзинад ратт,

16 Дӕ цагъартӕ Дын Де стырад куыд феной, сӕ кӕстӕртӕм куыд раргом уа Дӕ кад!

17 Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы хорзӕх нӕ уӕд! Нӕ къухтӕ нын фӕфидар кӕн нӕ алы хъуыддаджы, хъару ратт нӕ цӕнгты фӕллойӕн!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan