Псаломтӕ 88 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарахы байзӕддаг Етаны зондамонӕн псалом. 2 О Дунедарӕг, мыггагмӕ зардзынӕн Де стыр хорзӕхтыл, фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ хъусын кӕндзынӕн Дӕ рӕстад. 3 Дзурын ӕз: ӕнусон у Дӕ хорзӕх, Дӕ иузӕрдиондзиад айтыгътай уӕлӕрвты. [Хуыцау:] 4 — Ӕз ме ’взӕрстимӕ фидыд сарӕзтон, Мӕ цагъарӕн, Давидӕн, сомы ракодтон: 5 «Дӕ байзӕддагыл дын мыггагмӕ Мӕ арм дардзынӕн, Дӕ паддзахы бадӕн дын фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ сфидар кӕндзынӕн». 6 Дунедарӕг! Уӕлӕрвтӕ стауынц Дӕ диссӕгтӕ, Дӕ иузӕрдиондзинад стауынц сыгъдӕджытӕ. 7 Дунедарӕгимӕ кӕй абарӕн ис уӕлӕрвты? Хуыцауы фыртты ’хсӕн Дунедарӕджы хуызӕн чи у? 8 Тасӕфтауӕг у Хуыцау Йӕ сыгъдӕджыты астӕу, Йӕ алыварс чи ис, ӕппӕт уыдонӕй тӕссагдӕр. 9 О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? О Дунедарӕг, чи у тыхджын Дӕуау? Дӕ алыварс — Дӕ иузӕрдиондзинад. 10 Ды абухгӕ денджызыл паддзахиуӕг кӕныс, йӕ уылӕнтӕ хӕрдмӕ куы ссӕуынц, уӕд сӕ ӕрсабыр кӕныс Ды. 11 Мӕлӕтдзаг цӕф ныккодтай Рахавӕн, Дӕ хъомысджын къухӕй Де знӕгты фӕсырдтай. 12 Дӕу у арв, Дӕу у зӕхх дӕр; Ды сфӕлдыстай дун-дуне ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон. 13 Цӕгат ӕмӕ хуссар дӕр Ды сфӕлдыстай, Дӕ ном Дын сыстауынц Фавор ӕмӕ Ермон. 14 Хъӕддых у Дӕ цонг, хъомысджын у Дӕ къух, Дӕ рахиз къух бӕрзонд систай. 15 Дӕ паддзахы бадӕны бындур — рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон; Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдиондзинад цӕуынц Дӕ разӕй. 16 Тӕхудиаг — уӕлахизгӕнӕг адӕм! Дунедарӕг, сӕ алыварс — Дӕ рухс. 17 Дӕ номыл цин кӕнынц ӕрвылбон, Дӕ рӕстадӕй сты сӕрыстыр. 18 Сӕ тых ӕмӕ сӕ кад Ды дӕ, Дӕ хорзӕхы фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм. 19 Дунедарӕг — нӕ уарт, Израилы Уаз Хуыцау — нӕ паддзах. 20 Дӕ сыгъдӕджытӕм цӕстылуайӕны раргом дӕ ӕмӕ загътай: «Ӕз баххуыс кодтон сахъгуырдӕн, Мӕ адӕмы ’хсӕн кӕй сӕвзӕрстон, уымӕн. 21 Ӕз ссардтон Мӕ цагъары, Давиды, байсӕрстон ӕй Мӕ сыгъдӕг оливӕйы сойӕ. 22 Мӕ цонг ӕй фидар кӕндзӕни, Мӕ арм ыл дардзынӕн. 23 Нӕ йыл фӕтых уыдзӕни знаг, ӕнӕхуыцау ӕй нӕ бахъыгдардзӕн. 24 Ныппырх кӕндзынӕн йе знӕгты йӕ разы, ӕнӕуынон кӕмӕн у — ныззыгуым сӕ кӕндзынӕн. 25 Мӕ хорзӕх ӕмӕ мӕ иузӕрдиондзинад йемӕ сты. Йӕ сыкъауадындзтӕ Мӕ номимӕ уӕлахиздзауӕй сисдзӕни бӕрзонд. 26 Йӕ дӕлбар ын Ӕз бакӕндзынӕн денджыз, цӕугӕдӕттӕ йын ратдзынӕн йӕ къухмӕ. 27 Уый хондзӕни Мӕн: „Мӕ Фыд, мӕ Хуыцау, мӕ Ирвӕзынгӕнӕг!“ 28 Ӕз ӕй Мӕ фыццаг зӕнӕг скӕндзынӕн, зӕххон паддзӕхтӕн се ’ппӕтӕй уӕлдӕр. 29 Мыггагмӕ йын Мӕ хорзӕх ратдзынӕн, Мӕ фидыд Ӕз нӕ фехалдзынӕн йемӕ. 30 Йӕ байзӕддаг цӕрдзӕн ӕнусмӕ, йӕ паддзахы бадӕн арвау у ӕнусон. 31 Йӕ фырттӕ Мын куы ферох кӕной Ме ’гъдау, Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы не ’ххӕст кӕной, 32 Мӕ фӕткӕвӕрд Мын куы фехалой, 33 уӕд Мӕ лӕдзӕджы цӕф базондзысты ӕмӕ сӕ баййафдзӕн Мӕ азар сӕ тӕригъӕдты аххосӕй. 34 Фӕлӕ Мӕ хорзӕхӕй нӕ уыдзысты ӕнӕхай, Ӕз сыл ӕдзухдӕр иузӕрдион уыдзынӕн. 35 Мӕ фидыд Ӕз нӕ фехалдзынӕн семӕ, Мӕ зӕрдӕвӕрд нӕ аивдзынӕн никуы. 36 Ӕз иу хатт сомы ракодтон Мӕ сыгъдӕгдзинадӕй, нӕ асайдзынӕн Ӕз Давиды. 37 Йӕ байзӕддаг нӕ сыскъуыйдзӕн мыггагмӕ, йӕ паддзахы бадӕн — хурӕнгӕс Мӕ разы; 38 уыдзӕн ӕнусмӕ мӕйы хуызӕн фидар, уӕларвыл ис нӕ сомыйы ӕвдисӕн». 39 Фӕлӕ ныл Ды хъоды бакодтай ныр, ӕнӕуынон Дын систӕм, Дӕ байсӕрстмӕ Дӕ маст ссыгъди. 40 Дӕ цагъаримӕ фехӕлдтай Дӕ фидыд, йӕ кады худ ын фехстай зӕхмӕ. 41 Ды йын ныппырх кодтай йӕ бырутӕ, йӕ фидӕрттӕй йын сарӕзтай хӕлддзӕгтӕ, 42 фӕндаггонтӕн сси хӕлӕттаг, йӕ сыхӕгтӕн — хынджылӕггаг. 43 Ды радтай йе знӕгтӕн уӕлахиз, йӕ фыдызнӕгтӕн циндзинад ӕрхастай, 44 йӕ хъама йын ныкъкъуымых кодтай хӕсты, Ды тохы бон нӕ хӕцыдтӕ йӕ фарс. 45 Йӕ паддзахы лӕдзӕг ын байстай, йӕ паддзахы бадӕн ын сфӕлдӕхтай. 46 Йе ’взонджы бонтӕ йын фӕцыбыр кодтай, ӕгады ном ыл сӕвӕрдтай. 47 О Дунедарӕг! Кӕдмӕ ӕмбӕхсдзынӕ Дӕхи? Кӕдмӕ калдзӕни пиллон арт Дӕ маст? 48 Мӕ цард куыд цыбыр у, уый ӕрымыс. Ау, адӕмы бынтон дзӕгъӕлы сфӕлдыстай? 49 Адӕмӕй чи царди ӕмӕ мӕлӕт чи нӕ федта, мӕрдтыбӕстӕй чи аирвӕзт? 50 О Дунедарӕг! Дӕ раздӕры хорзӕхтӕ кӕм сты? Ды сомы куы ракодтай Давидӕн, кӕй йыл уыдзынӕ иузӕрдион. 51 О Дунедарӕг, ӕрымыс, фидиссаг куыд систӕм знӕгтӕн, ӕцӕгӕлон адӕмтӕн — хынджылӕггаг, 52 Де знӕгтӕ нын фидистӕ куыд кӕнынц, Дунедарӕг, Дӕ байсӕрсты йӕ алы къахдзӕфыл куыд ӕгад кӕнынц. 53 Дунедарӕг арфӕгонд у ӕнусӕй ӕнустӕм. Аммен. Аммен. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia