Псаломтӕ 87 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕг. Корахы фыртты псалом. Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Махалат леаннот»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Зарахы байзӕддаг Хеманы зондамонӕн псалом. 2 О Дунедарӕг, мӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Дӕумӕ дзыназын! 3 Мӕ куывд Дӕм фехъуысӕд! Мӕ лӕгъстӕмӕ Дӕ хъус ӕрдар! 4 Хъизӕмарӕй мӕлын, мӕрдтыбӕсты къӕсӕрыл лӕууын. 5 Ӕз сдӕн, ингӕнмӕ чи ныххызти, хъару кӕмӕ нал ис, уыдоны ’нгӕс. 6 Мӕрдты ’хсӕн мӕ ныууагътой; ингӕны чи хуыссы, уыдоны — лӕджы къухӕй кӕй амардӕуыд, Ды хъуыды дӕр кӕй нал кӕныс ӕмӕ Дӕ къухӕй чи фӕиртӕсти, уыдоны ’нгӕс сдӕн. 7 Фехстай мӕ ӕнӕбын сӕрсӕфӕнмӕ, сау дӕлдзӕхмӕ. 8 Дӕ судзгӕ маст мыл уӕз кӕны, Дӕ уылӕнты бын фӕдӕн. 9 Фӕсырдтай мын мӕ хӕлӕртты, ӕлгъ мыл кӕнынц. Ахӕстау ӕддӕмӕ мӕ къах нал ӕвӕрын. 10 Фыр хъизӕмарӕй мӕ цӕстытӕй ницыуал уынын. Ӕрвылбон Дӕм дзынӕзтон, Дунедарӕг, мӕ къухтӕ Дӕм тыгъдӕй фӕдардтон. 11 Мӕрдтӕн Ды цавӕр диссӕгтӕ равдисдзынӕ? Мӕрдты удтӕ растдзысты, мыййаг, ӕмӕ Дӕ райдайдзысты стауын? 12 Ингӕны Дӕ хорзӕхы кой чи ракӕндзӕн? Мӕрдтыбӕсты чи ӕрымысдзӕн Дӕ иузӕрдиондзинад? 13 Талынг дунейы чи базондзӕн Дӕ диссӕгтӕ, рохуаты бӕсты — Дӕ рӕстдзинад? 14 Ӕз та, Дунедарӕг, дзыназын Дӕумӕ! Ӕрвылрайсом Дӕм кувын! 15 Дунедарӕг, цӕмӕн мыл атигъ кодтай Дӕхи, Де ’ргом мӕ цӕмӕн аздӕхтай? 16 Ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ хъизӕмарӕй мӕлын, ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси мӕ уд. Дӕ азар мӕ баййӕфта, ӕвирхъау тас мыл ӕртыхсын кодтай, ӕмӕ ӕз удхайраг фӕдӕн. 17 Дӕ масты уылӕнтӕ акалдысты мӕ сӕрты, стыр тас мыл бафтыдтай, ӕмӕ асасти мӕ ныфс. 18 Алы бон мыл донивылдау ӕртыхсы, ӕрбалвасы мӕ алырдыгӕй. 19 Мӕ хӕлӕртты, мӕ уарзон ӕмбӕлтты Ды адард кодтай мӕнӕй; талынг — мӕ иунӕг ӕмбал. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia