Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 85 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Давиды куывд. О Дунедарӕг, фехъус мӕ ӕмӕ мын дзуапп ратт, уымӕн ӕмӕ мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк дӕн!

2 Фыдбылызӕй мӕ бахиз, уымӕн ӕмӕ Дыл ӕз иузӕрдион дӕн! Фервӕзын кӕн Дӕ лӕггадгӕнӕджы, уымӕн ӕмӕ Ды мӕ Хуыцау дӕ, мӕхи Дӕуыл фӕдзӕхсын!

3 О Дунедарӕг, батӕригъӕд мын кӕн, бон-сауизӕрмӕ Дӕм дзыназын!

4 О Дунедарӕг, Ды мӕ ныфс Дӕ, Дӕ лӕггадгӕнӕджы зӕрдӕ барухс кӕн!

5 О Дунедарӕг, Ды хӕрзгӕнӕг ӕмӕ хатыргӕнаг дӕ, ӕнӕкӕрон у Дӕ хорзӕх, чи Дӕм кувы, уыдонӕн.

6 Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, Дӕ хъус ӕрдар мӕ лӕгъстӕтӕм!

7 Мӕ тыхст бон Дӕм дзыназын, ӕмӕ мын Ды ратдзынӕ дзуапп.

8 О Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Уымӕн ӕмӕ, Ды цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдон никӕмӕн бантысдзысты!

9 Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.

10 Уымӕн ӕмӕ Ды дӕ Стыр Иунӕг Хуыцау — диссӕгтӕ фӕлдисӕг!

11 О Дунедарӕг, сахуыр мӕ кӕн Дӕ фӕндагыл цӕуын, цӕмӕй Дын иузӕрдионӕй лӕггад кӕнон! Мӕ зӕрдӕйы мын Дӕ разы аргъуыцгӕнгӕ цӕрыны хъару бауадз!

12 Зӕрдӕбынӕй Дӕ стаудзынӕн ӕмӕ мыггагмӕ кад кӕндзынӕн Дӕ номӕн, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау!

13 Уымӕн ӕмӕ мын Ды Де стыр хорзӕх саккаг кодтай, бахызтай мӕ ӕнӕбын зындонӕй.

14 О Хуыцау! Сӕрыстыр адӕм сыстадысты мӕ ныхмӕ, фыдлӕгты бардз мӕ марынвӕнд скодта — уыдон нӕ нымайынц Дӕу!

15 Фӕлӕ Ды, Дунедарӕг, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг дӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг ӕмӕ иузӕрдион.

16 Ӕркӕс мӕм, батӕригъӕд мын кӕн, хъару ратт Дӕ лӕггадгӕнӕгӕн, фервӕзын кӕн Дӕ унӕуты фырты!

17 Кӕй мыл аудыс, уый нысан мын равдис; уадз ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон феной, Ды мын, Дунедарӕг, кӕй баххуыс кодтай, ныфс мӕ кӕй бауагътай, уый ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайой!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan