Псаломтӕ 84 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Корахы фыртты псалом. 2 О Дунедарӕг! Дӕ бӕстӕйӕн саккаг кодтай Дӕ хорзӕх, уацарӕй раздӕхтай Йаковы байзӕддаджы. 3 Дӕ адӕмӕн сӕ азым ныббарстай, сӕ тӕригъӕдтӕ сын ныххатыр кодтай. 4 Нал мӕсты кодтай, Дӕ маст ӕрсабыр ис. 5 Нӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, мауал ныл кал Дӕ маст! 6 Ау, ӕнусмӕ нӕм мӕсты кӕндзынӕ? Иу фӕлтӕрӕй иннӕмӕ судздзӕни Дӕ маст? 7 Ау, нал нӕ раздахдзынӕ цардмӕ, цӕмӕй Дӕ адӕм цин кӕной, Ды семӕ кӕй дӕ, ууыл? 8 О Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх нын ратт, Дӕ ирвӕзындзинад нын балӕвар кӕн! 9 Байхъусон, Дунедарӕг Хуыцау цы зӕгъдзӕни, уымӕ. Уый Йӕ иузӕрдион адӕмӕн сабыр цардӕй зӕрдӕ ӕвӕры. Ӕрмӕст ныууадзӕнт се ’нӕсӕрфат митӕ. 10 Чи Дзы тӕрсы, уыдоны рӕхджы фервӕзын кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Хуыцауы кад ӕрцӕрдзӕн. 11 Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты. 12 Иузӕрдиондзинад тау суадздзӕни зӕххӕй, ӕмӕ рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕларвӕй. 13 Хуыцау зӕххыл ӕруадздзӕни Йӕ фарн, ӕмӕ нын нӕ зӕхх ратдзӕни йӕ тыллӕг. 14 Дунедарӕгӕн Йӕ разӕй цӕудзӕни Йӕ рӕстад ӕмӕ Йын ӕрцӕттӕ кӕндзӕни фӕндаг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia