Псаломтӕ 83 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ха-гиттит»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Корахы фыртты псалом. 2 Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Куыд бӕллиццаг у Дӕ цӕрӕн бынат! 3 Тӕхуды, Дунедарӕджы Кувӕндоны кӕрты ма иу хатт мӕ къах куы ӕрӕвӕрин! Мӕ зӕрдӕ ӕмӕ мӕ буар цинимӕ куы скъӕфынц мӕн цардӕгас Хуыцаумӕ! 4 Дӕ нывондхӕссӕнты алыварс суанг сырддонцъиутӕ ӕмӕ зӕрватыччытӕ дӕр сӕ лӕппынтӕн ахстӕттӕ куы аразынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, мӕ Паддзах ӕмӕ мӕ Хуыцау! 5 Тӕхудиаг сты, Дӕ хӕдзары чи цӕры, уыдон, — иудадзыг Дӕ стаудзысты! 6 Тӕхудиаг у, Ды йӕ хъомысы гуырӕн кӕмӕн дӕ ӕмӕ Дӕ раст фӕндагыл цӕуын ӕхцон кӕмӕн у! 7 Цӕссыджы дӕлвӕзы цӕугӕйӕ дӕр уыдон суадӕттӕ ссарынц, арфӕ йын ӕрхӕссы къӕвда. 8 Фӕндагыл фылдӕрӕй-фылдӕр кӕны сӕ хъару, Сионы хохыл Хуыцауы раз ӕрлӕууынц. 9 Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, айс мын мӕ куывд! Йаковы Хуыцау, фехъус мын мӕ лӕгъстӕ! 10 О Хуыцау, нӕ сӕрылхӕцӕг! Дӕ аудӕг цӕстӕй ӕркӕс Дӕ байсӕрст паддзахмӕ! 11 Дӕ Кувӕндоны кӕрты иу бон алӕууын ӕндӕр ран мин боны арвитынӕй — хуыздӕр! Ӕнӕхуыцӕутты цатырты цӕрынӕй Хуыцауы хӕдзарӕн йӕ къӕсӕры цур лӕууын — хуыздӕр! 12 Дунедарӕг Хуыцау — нӕ хур ӕмӕ нӕ уарт. Дунедарӕг дӕтты фарн ӕмӕ кад. Йӕ царды бонтӕ рӕстӕй чи ӕрвиты, уыдоны ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй нӕ ныууадздзӕн. 13 Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Тӕхудиаг у, Дӕуыл йӕхи чи фӕдзӕхсы, уыцы адӕймаг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia