Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 81 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Асафы псалом. Хуыцау сыстади хуыцӕутты ӕмбырды ӕмӕ се ’хсӕн рахаста Йӕ тӕрхон:

2 «Ӕнӕраст тӕрхон кӕдмӕ хӕсдзыстут, фыдлӕгты фарс кӕдмӕ хӕцдзыстут?

3 Мӕгуырты ӕмӕ сидзӕрты сӕрыл хӕцут, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр адӕмӕн рӕстаг тӕрхон хӕссут!

4 Бахизут ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыры, фыдлӕгты къухтӕй сӕ фервӕзын кӕнут!

5 Ницы зонынц ӕмӕ ницы ’мбарынц, талынджы цӕуынц; суанг ма зӕххы бындуртӕ дӕр нынкъуыстысты!

6 Ӕз загътон: „Сымах хуыцӕуттӕ стут, уе ’ппӕт дӕр — Иууылбӕрзонды фырттӕ“,

7 фӕлӕ сымах дӕр иннӕ адӕмау амӕлдзыстут, зӕххон хицӕуттау бабын уыдзыстут».

8 О Хуыцау, сыст ӕмӕ тӕрхон кӕн зӕххӕн, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт адӕмтӕ сты Дӕ исбон!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan