Псаломтӕ 79 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. 2 Фехъус нӕ, Хуыцау, Израилы Фыййау, фосы дзугау Йосефы байзӕддаджы Йӕ фӕдыл Чи кӕны, Уый! О Херувимтыл Ӕнцайӕг, раргом нӕм кӕн Дӕхи! 3 Ефремы, Бениамины ӕмӕ Менассиайы байзӕддагӕн Де стыр хъомыс раргом кӕн, ӕрцу ӕмӕ нӕ фервӕзын кӕн! 4 О Хуыцау, сног нын кӕн нӕ тых, Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм. 5 О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Дӕ адӕмы куывдтытӕм кӕдмӕ мӕсты кӕндзынӕ? 6 Дзулау нӕ куы бафсӕстай цӕссыгӕй, цӕссыгты кӕхц нын бануазын кодтай дзагӕй. 7 Нӕ сыхӕгтӕн нӕ хъазинаг скодтай, хынджылӕг нӕ кӕнынц. 8 Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сног нын кӕн нӕ тых! Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕзӕм! 9 Мысыры зӕххӕй ӕрбахастай сӕнӕфсиры тала, фӕсырдтай адӕмты, сӕ бынаты сын уыцы тала ныссагътай. 10 Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ, ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ, йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта. 11 Йӕ аууонӕй ӕрӕмбӕрзта хӕхтӕ, егъау кедрты къалиутау райрӕзтысты Йӕ къабузтӕ. 12 Денджызы онг айтыгъта йӕ къабӕзтӕ, Евфраты доны онг — йӕ талатӕ. 13 Уӕд ын цӕмӕн ныппырх кодтай йӕ бырутӕ, йӕ цупӕлттӕ йын цӕмӕн тонынц фӕндаггӕттӕ? 14 Хъӕддаг хуытӕ йӕ хӕрынц, быдираг сырдтӕ йын йӕ уидӕгтӕ ӕхсынынц. 15 Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Де ’ргом нӕм раздах, ӕркӕс уӕларвӕй ацы таламӕ, 16 бахъахъхъӕн Дӕхи къухӕй сагъд сӕндон, Де схаст фырты! 17 Сӕндон басыгъди, ныццагътой йӕ, Дӕ азарӕй Дӕ адӕм сӕфынц. 18 Дӕ рахизфарс чи лӕууы ӕмӕ Де стыр хъомысӕй кӕмӕн бахай кодтай, уыцы адӕймагыл Дӕ арм ӕрӕвӕр, ахъаз ын бакӕн! 19 Мах Дыл никуы сивдзыстӕм нӕ зӕрдӕ; цардмӕ нӕ раздах, ӕмӕ Дын ссардзыстӕм Дӕ ном! 20 О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сног нын кӕн нӕ тых! Дӕ рухс цӕсгом нӕм равдис, ӕмӕ фервӕздзыстӕм! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia