Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 77 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Асафы зондамонӕн псалом. О мӕ адӕм, уӕ хъус ӕрдарут мӕ зонды ныхасмӕ, ӕрбайхъусут мӕ зондамындмӕ.

2 Ӕз дзурдзынӕн ӕмбисӕндтӕй, рагзаманты сусӕгтӕ уын ӕрхӕсдзынӕн.

3 Цы фехъуыстам ӕмӕ цы базыдтам, фыдӕлтӕ нын кӕй радзырдтой,

4 уый мах сӕ байзӕддагӕй нӕ бамбӕхсдзыстӕм: фӕстагӕттӕн ракӕндзыстӕм Дунедарӕджы кады хъуыддӕгты, Йӕ хъомысы, Йӕ диссӕгты кой.

5 Уый Йаковимӕ сфидар кодта фидыд, Израилӕн радта Ӕгъдау ӕмӕ загъта нӕ фыдӕлтӕн, сӕ сабитӕн ӕй куыд амоной.

6 Нӕ фӕстагӕттӕ, ӕрцӕуинаг фӕлтӕртӕ сӕ куыд зоной ӕмӕ сӕ уыдон дӕр сӕ сабитӕн куыд амоной сӕ рады.

7 Цӕмӕй сӕ зӕрдӕ дарой Хуыцауыл, ма рох кӕной Хуыцауы хъуыддӕгтӕ, ӕххӕст Ын кӕной Йӕ фӕдзӕхстытӕ.

8 Цӕмӕй сӕ фыдӕлты хуызӕн ма уой — нӕсӕттон ӕмӕ змӕнтӕг фӕлтӕр, уыдон ӕппӕт зӕрдӕйӕ Хуыцауимӕ нӕ уыдысты, ӕнувыд Ыл нӕ разындысты сӕ удтӕ.

9 Ефремы фырттӕ, хӕстифтонг фатӕхсджытӕ, лидзӕг фесты тохы бон.

10 Уыдон Хуыцауы фӕдзӕхст фехӕлдтой, Йе ’Гъдаумӕ гӕсгӕ цӕрын нӕ бакуымдтой.

11 Ферох сӕ сты Йӕ хъуыддӕгтӕ, Йӕхӕдӕг сын кӕй фенын кодта, Йӕ уыцы диссӕгтӕ.

12 Сӕ фыдӕлты цӕсты раз Уый диссӕгтӕ сарӕзта Мысыры, Цоаны фӕзы:

13 Уый фӕйнӕрдӕм фӕцӕуын кодта денджызы дӕттӕ, хъен сӕ сӕвӕрдта сисау ӕмӕ сӕ ракодта йӕ астӕуты.

14 Боныгон сӕ разӕй цыдис ӕврагъау, ӕхсӕвыгон — арты рухсау.

15 Айнӕг афаста ӕдзӕрӕг быдыры, цӕмӕй сӕ бафсада донӕй — раст цыма дӕтты ӕнӕбын арфӕй.

16 Айнӕджы риуӕй феггуырсын кодта суадӕттӕ, ӕмӕ калдысты цӕугӕдӕттау.

17 Фӕлӕ нӕ фыдӕлтӕ Йӕ разы сӕ тӕригъӕдтӕм ноджы бафтыдтой — Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ сыстадысты ӕдзӕрӕг быдыры.

18 Хуыцауы бафӕлварын сфӕнд кодтой: сӕ уды фӕндиаг хӕринаг Дзы домдтой.

19 Хуыцауы ныхмӕ ахӕм ныхӕстӕ дзырдтой: «Хуыцауӕн ӕдзӕрӕг быдыры фынг сӕвӕрын Йӕ бон суыдзӕн?

20 О, уый айнӕг ӕрцавта, ӕмӕ дзы дон фемӕхсти, ракалдысты суадӕттӕ. Уӕд Йӕ бон нӕу, ӕмӕ нын дзул ратта, Йӕ адӕмы фыдызгъӕлӕй бафсада?»

21 Дунедарӕг сӕ фехъуыста ӕмӕ смӕсты ис, Йӕ маст рафыхти Йаковмӕ, артау ссыгъд Израилы ныхмӕ.

22 Уымӕн ӕмӕ уыдон сӕхи нӕ бафӕдзӕхстой Хуыцауыл, кӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн, уый ныфс сӕ нӕ уыди.

23 Уый бардзырд радта мигътӕн ӕмӕ арвы дуӕрттӕ байтыгъта.

24 Ӕрсаха сыл кодта маннӕ — уӕларвон дзул сын радта хойрагӕн.

25 Зӕдты дзул хордтой адӕм — бафсӕста сӕ Дунедарӕг.

26 Уый арвыл сыстын кодта скӕсӕйнаг дымгӕ, хуссайраг дымгӕ Йӕ хъаруйӕ ӕрбалӕууын кодта —

27 рыгау сыл ӕруарын кодта фыдызгъӕл, мӕргъты бын сӕ фӕкодта денджызы змисау.

28 Сӕ цатырты раз сын, асадӕны, мӕргътӕ ӕркалдта

29 ӕмӕ асастой се стонг, фыдызгъӕлӕй сӕ уӕлдай ныууагътой — сӕххӕст сын кодта сӕ фӕндон.

30 Фӕлӕ сӕ мондӕгтӕ нӕма суагътой ӕмӕ сӕ ком нӕма равдӕлон,

31 афтӕ сӕ Хуыцауы азар баййӕфта: адӕмӕн сӕ тыхджындӕртӕ ӕрбамардысты, Израилы тырынтӕ адӕргъ сты зӕххыл.

32 Фӕлӕ уӕддӕр адӕм тӕригъӕды цыдысты, Йӕ диссӕгтыл Ын не ’ууӕндыдысты.

33 Ӕмӕ сын Уый сӕ цӕрӕнбон скаст ӕмӕ ӕркаст скодта, сӕ бонтӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрвыстой.

34 Марын-иу сӕ куы райдыдта, уӕд-иу Ӕм раздӕхтой се ’ргом, ногӕй та-иу Хуыцауы агурын райдыдтой.

35 Сӕ зӕрдыл та-иу ӕрлӕууыд, Уый сӕ къӕдзӕх кӕй у, Иууылбӕрзонд Хуыцау сӕ Ирвӕзынгӕнӕг кӕй у,

36 ӕмӕ Йӕ разы цурон митӕ кодтой, сайдтой Йӕ ӕвзагӕй.

37 Афтӕмӕй та Йӕм ӕндӕр зӕрдӕ дардтой, Йӕ фидыдыл нӕ уыдысты ӕнувыд.

38 Фӕлӕ Уый уарзӕгой у, сӕ азымтӕ сын барста, нӕ Йӕ фӕндыд сӕ фесафын. Бирӕ хӕттыты сӕм урӕдта Йӕ маст, Йӕ судзгӕ масты фӕдыл нӕ цыди.

39 Уымӕй рох нӕ уыди, уыдон буарӕй уӕлдай кӕй ницы сты — чи ацӕуы ӕмӕ нал фӕзыны, уыцы уддзӕфау.

40 Цал ӕмӕ цал хатты сыстадысты Йӕ ныхмӕ ӕдзӕрӕг быдыры, змӕлӕг кӕм нӕй, уыцы бӕсты!

41 Цал ӕмӕ цал хатты фӕлвӕрдтой ӕмӕ ӕфхӕрдтой Израилы Уаз Хуыцауы!

42 Ферох сӕ ис Йӕ къухы хъомыс, знагӕй сӕ куыд фервӕзын кодта, уыцы бон;

43 Мысыры кӕй равдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ, Цоаны фӕзы диссӕгтӕ кӕй сарӕзта;

44 Мысырӕгты цӕугӕдӕттӕ иууылдӕр туг куыд фестын кодта, ӕмӕ сӕ дон нуазынӕн куыд нал бӕззыд;

45 дзынгатӕ ӕмӕ ӕлгъаг галхӕфсыты ахӕсты сӕ куыд фӕкодта, цӕмӕй сӕ бацарӕфтыд кӕной;

46 сӕ тыллӕг сын мӕтыхты хай бакодта, сӕ бирӕ фыдӕбон зулчъыты амондӕн разынди;

47 сӕ сӕнӕфсир сын ихӕй ныххоста, сӕ сикомортӕ сын ныссӕлын кодта;

48 сӕ фос сын фесӕфта ихӕй, сӕ рӕгъӕуттӕ сын арв ӕрцавта.

49 Йӕ судзгӕ маст сыл ныккалдта, Йӕ азар, Йӕ фыдӕхы хай сӕ бакодта, фыдбылыз сыл ӕруагъта ӕмӕ сӕм сӕфты зӕдты рарвыста.

50 Нал баурӕдта Йӕ маст, марынӕй сыл нӕ бацауӕрста, рыны амӕттаг сӕ бакодта.

51 Ӕрцавта мысырӕгты зӕнӕджы хистӕрты, фыццаггуырдты фӕцагъта Хамы цатырты.

52 Ӕмӕ фыстау ракодта Йӕ адӕмы, фосы дзугау сӕ размӕ кодта ӕдзӕрӕг быдыры.

53 Йемӕ сын ницӕмӕй уыди тас, сӕ фыдгулты та сын аныхъуырдта денджыз.

54 Ӕрбакодта сӕ Йӕ уаз зӕхмӕ, Йӕхи къухӕй кӕй райста, Йӕ уыцы хохмӕ.

55 Сӕ сӕрвӕлтау фӕсырдта адӕмты, сӕ зӕххытӕ сын байуӕрста Израилӕн, ӕцӕгӕлӕтты цатырты сӕ ӕрцӕрын кодта.

56 Фӕлӕ Йӕ уыдон раздӕрау фӕлвӕрдтой, Бӕрзӕндтыл Бадӕджы ныхмӕ-иу сыстадысты, Йӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты.

57 Сӕ фыдӕлтау Ын Йӕ зӕрдӕхудт истой, гадзрахатӕй Йыл цыдысты, сайдтой Йӕ тӕссонд ӕрдынау.

58 Йӕ хъыджы цыдысты сӕ уаз къуыппыты аххосӕй, сӕ гуымирыты тыххӕй сӕм цӕхӕртӕ калдта фыр мӕстӕй.

59 Хуыцау уый куы фехъуыста, уӕд сӕм Йӕ маст рафыхти ӕмӕ Йӕхи атигъ кодта Израилыл.

60 Ныууагъта Силомы Йӕ цӕрӕн, ныууагъта, адӕмы ’хсӕн кӕм ӕрбынат кодта, Йӕ уыцы Цатыр.

61 Йӕ тыхы ӕвдисӕн уацары радта, знаджы къухмӕ радта Йӕ кад.

62 Карды комыл бафтыдта Йӕ адӕмы, Йӕ маст ныккалдта Йӕ исбоныл.

63 Ӕрыгон лӕппутӕ арты хай баисты, чындзхӕсджыты зарджытӕ нал кодтой чызджытӕн.

64 Сӕ сауджынтӕ карды амӕттаг баисты, фӕлӕ сӕ бон кӕуын нӕ уыди сӕ идӕдз устытӕн.

65 Уӕд Дунедарӕг цыма Йӕ фынӕйӕ фехъал ис, цыма бӕгъатыр йӕ нозтӕй ӕрӕрвонг,

66 уыйау Йе знӕгты Йӕ уӕлныхты айста, ӕнусмӕ сӕ фӕхудинаг кодта.

67 Уый Йӕхи атигъ кодта Йосефы цатыртыл, Ефремы хӕдзарвӕндаг нӕ сӕвзӕрста.

68 Фӕлӕ равзӕрста Иудӕйы хӕдзарвӕндаг, бауарзта Сионы хох.

69 Уӕлӕрвтау сарӕзта Йӕ Кувӕндон, ӕнустӕм ӕй ӕрфидар кодта зӕххау.

70 Уый равзӕрста Йӕ цагъары, Давиды, фосдарӕнтӕй йӕ ракодта,

71 фысты дзугтӕй йӕ фӕиртӕста, цӕмӕй Йын Давид хиза Йӕ адӕмы — Йаковы байзӕддӕгты, цӕмӕй хиза Израилы — Йӕ исбон.

72 Ӕмӕ сӕ хызта сыгъдӕгзӕрдӕйӕ, куырыхонӕй сӕ размӕ кодта.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan