Псаломтӕ 76 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Йедутуны зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. 2 Хуыцаумӕ сидын, Хуыцаумӕ дзыназын, ӕмӕ мӕ фехъусдзӕни Уый. 3 Бӕллӕхы бон Бардарӕджы агурын, ӕхсӕв-бонмӕ Йӕм мӕ къухтӕ дарын; ӕнцой нӕ ары мӕ уд. 4 Хуыцауы мысгӕйӕ, ныхъхъӕрзын; хъуыдыты аныгъуылын, бастади мӕ уд. 5 Нӕ мӕ уадзыс ӕрцъынд кӕнын дӕр, адӕргӕй мӕ дзыхы ныхас дӕр нал бады. 6 Раздӕры бонтыл, ивгъуыд азтыл сагъӕс кӕнын. 7 Мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, куыд-иу зарыдтӕн, ӕхсӕвыгон мӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсын, уӕдӕ цы ракодтон, зӕгъгӕ. 8 Ау, Дунедарӕг мыл мыггагмӕ атигъ кодта Йӕхи, Йӕ хорзӕхы аккаг мӕ никуыуал скӕндзӕн? 9 Ау, байсысти Йӕ хорзӕх, никуыуал фехъуысдзӕни Йӕ ныхас? 10 Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн? 11 Ӕз загътон: «Мӕ бӕллӕх уый у, ӕмӕ Бӕрзӕндтыл Бадӕджы къух раздӕры хуызӕн нал у». 12 Ӕрымысдзынӕн Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ, Дӕ кӕддӕры диссӕгтӕ ӕрлӕудзысты мӕ зӕрдыл. 13 Цытӕ сарӕзтай, уыдӕттӕ ӕрымысдзынӕн, Дӕ диссӕгтыл хъуыды кӕндзынӕн. 14 О Дунедарӕг, уаз сты Дӕ фӕндӕгтӕ! Кӕцы хуыцау у нӕ Хуыцауӕй стырдӕр? 15 Ды — диссӕгтӕ ӕвдисӕг Хуыцау, адӕмтӕн фенын кодтай Дӕ хъомыс. 16 Дӕ тыхджын къухӕй фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы, Йаков ӕмӕ Йосефы фӕдонты. 17 Хуыцау, дӕттӕ Дӕ федтой ӕмӕ сӕ тас бацыди Дӕ уындӕй, ныззыр-зыр кодтой хуыдымтӕ. 18 Мигътӕй фемӕхсти дон, ӕврӕгътӕй арвы нӕрын хъуысы, алырдыгӕй тӕхынц Дӕ фӕттӕ. 19 Гыбар-гыбур фестадысты уӕлӕрвтӕ, арвӕрттывдтӕй ныррухс ис дуне, ӕнкъуысы ӕмӕ ризы зӕхх. 20 Дӕ фӕндаг — денджызыл, Ды афӕд кӕныс арф дӕтты риуыл, ничи Дын зоны Дӕ фӕндаг. 21 Дӕ адӕмы Ды бабар кодтай Моисей ӕмӕ Ааронӕн, фысты дзугау сӕ размӕ кодтай. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia