Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 75 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Асафы псалом. Зарӕг.

2 Иудейы адӕм зонынц Хуыцауы, стыр у Йӕ ном Израилы адӕмы ’хсӕн.

3 Йӕ цатыр ис Салимы, Йӕ цӕрӕнбынат — Сионы хохыл.

4 Уыцы ран фыдгултӕн ныссаста сӕ зынг фӕттӕ, сӕ уартытӕ ӕмӕ сӕ кӕрдтӕ, тохы хӕцӕнгӕрзтӕ.

5 Дӕ тӕмӕнӕй ныррухс вӕййы дуне, Ды кадджындӕр — сырдарӕх хӕхтӕй.

6 Ӕхсарджын хӕстонтӕ фестадысты амӕттаг, мӕрдон фынӕй баисты; фидар хӕстонтӕй иунӕг дӕр йӕ къух сисын нӕ бафӕрӕзта.

7 О Йаковы Хуыцау, Ды сӕм бартхъирӕн кодтай, ӕмӕ бандзыг сты бӕхтӕ ӕмӕ бӕхджынтӕ.

8 Ды дӕ тасӕфтауӕг Хуыцау. Дӕ масты цӕфӕн чи бафӕраздзӕн?

9 Уӕларвӕй нын фехъусын кодтай Дӕ тӕрхон, ӕмӕ дуне фыр тӕссӕй ныссабыр,

10 Ды, Хуыцау, тӕрхон кӕнын куы райдыдтай ӕмӕ ӕфхӕрд адӕмы сӕрыл куы рахӕцыдтӕ, уӕд.

11 Адӕмы фыдӕхы раз Дӕ кад ноджы фӕбӕрзонддӕр уыдзӕн. Дӕ азары фӕстӕ ма чи аирвӕза, уыдон дӕр ӕрсӕтдзысты Дӕ разы.

12 Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, дзырд дӕттут ӕмӕ-иу сӕххӕст кӕнут уӕ ныхас; Йӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, уыдон иууылдӕр сӕ хуынтӕ хӕссӕнт тасӕфтауӕг Хуыцауӕн!

13 Уый бӕстыхицӕуттӕн сӕ ныфс асӕтты, а зӕххы паддзӕхтыл тас бафтауы.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan