Псаломтӕ 74 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. «Ма мӕ фесаф»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Асафы псалом. Зарӕг. 2 Кад Дын кӕнӕм, стауӕм Дӕ, Хуыцау! Ӕдзухдӕр нӕ былалгъыл ис Дӕ ном, адӕмӕн хъусын кӕнӕм Дӕ диссӕгтӕ. 3 «Афон куы ралӕууа, уӕд Ӕз раст тӕрхон кӕндзынӕн, — зӕгъы Хуыцау, — 4 зӕхх куы нынкъуыса, йӕ цӕрджытӕ ӕмризӕджы куы ризой, уӕд Ӕз фидар хӕцдзынӕн йӕ бындуртыл». 5 Сӕрыстыртӕн фӕдзӕхсын: «Уӕ хъал митӕ ныууадзут!» Ӕнаккӕгтӕн зӕгъын: «Ӕнӕрвӕссон ма ут! 6 Ӕгӕр бӕрзӕндты ма хӕссут уӕ сӕртӕ, схъӕл ныхасӕй хизут уӕхи!» 7 Мацы тӕрхонмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут нӕдӕр скӕсӕнӕй, нӕдӕр ныгуылӕнӕй, нӕдӕр ӕдзӕрӕг быдырӕй, нӕдӕр хӕхтӕй. 8 Тӕрхонгӕнӕг у Хуыцау: иуы ӕрныллӕг кӕны, иннӕйы та бӕрзонд сисы. 9 Дунедарӕджы къухы ис ӕхсидгӕ сӕны кӕхц, маст хъацӕнтӕй — йедзаг, ӕмӕ Уый ӕгас зӕххы ӕнӕхуыцӕуттӕн уыцы сӕнӕй бануазын кӕндзӕн йӕ бынтӕм. 10 Ӕз та мыггагмӕ кад кӕндзынӕн ӕмӕ стаудзынӕн Йаковы Хуыцауы. 11 Хуыцау зӕгъы: «Ӕнӕхуыцӕуттӕн се ’ппӕтӕн дӕр сӕ сыкъатӕ ныссӕтдзынӕн, рӕстгӕнджытӕн сӕ кад уыдзӕни бӕрзонд!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia