Псаломтӕ 73 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Асафы зондамонӕн псалом. О Хуыцау, ӕнусмӕ ныл цӕмӕн бахъоды кодтай? Цӕмӕн рафыхт Дӕ маст Дӕ сӕрвӕты дзугмӕ? 2 Ӕрымыс, незаманты кӕй равзӕрстай, кӕй балхӕдтай, ӕнустӕм Дӕ исбон кӕй скодтай, уыцы адӕмы, стӕй Сион — кӕм ӕрбынат кодтай, уыцы хох! 3 Ӕнусон хӕлддзӕгтӕм ӕркӕс: ныддӕрӕн кодтой знӕгтӕ Кувӕндон. 4 Дӕ Кувӕндоны Де знӕгтӕ рыхынц, сӕ тырыса дзы сауыгътой. 5 Бӕласы къалиутӕм фӕрӕт куыд сисынц, уыйау 6 дзӕккортӕй ӕмӕ фӕрӕттӕй нывӕфтыдтӕ ныссастой. 7 Дӕ Кувӕндон Дын басыгътой, Дӕ номы цӕрӕн фӕчъизи кодтой. 8 Дзырдтой сӕхинымӕр: «Бынтондӕр сӕ ныццӕгъдӕм!» Хуыцаумӕ-иу кӕм куывтам — ӕгас бӕстӕйы уыцы бынӕттӕ басыгътой. 9 Ӕвдисӕйнӕгтӕ нал уынӕм, пехуымпар нал ис, кӕд уыдзӕн адӕттӕн кӕрон, уый махӕй иунӕг дӕр нӕ зоны. 10 Хуыцау! Кӕдмӕ хынджылӕг кӕндзӕн знаг? Ӕнусмӕ фаудзӕни ныхмӕлӕууӕг Дӕ ном? 11 Цӕмӕн айстай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух? Сис Дӕ къух ӕмӕ сӕ бабын кӕн! 12 О Хуыцау, ӕнусты райдианӕй Ды мӕ Паддзах дӕ! Ды зӕхмӕ ирвӕзындзинад ӕрхастай! 13 Дӕ хъаруйы фӕрцы денджызы уылӕнтӕ фӕцыдысты фӕйнӕрдӕм, ныссастай доны кӕлмытӕн сӕ сӕртӕ, 14 Левиафанӕн ныппырх кодтай йӕ сӕр, хъӕддаг сырдтӕн ӕй радтай холыйӕн. 15 Ды айгӕрстай фӕндаг донгуырӕнтӕн ӕмӕ суадӕттӕн, Дӕ хъомысӕй стыр цӕугӕдӕттӕ байсыстысты. 16 Дӕ бар цӕуы бон ӕмӕ ӕхсӕвыл; хур ӕмӕ мӕй Ды сфӕлдыстай. 17 Ды скодтай арӕнтӕ зӕххӕн, сӕрд ӕмӕ зымӕг Ды сфӕлдыстай. 18 Ӕркӕс-ма: знаг Дунедарӕджы фауы, ӕдылытӕ цъыф калынц Дӕ номыл. 19 Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон. 20 Ӕрымыс Дӕ фидыд! Зӕххыл алы тар къуым дӕр байдзаг ис тыхмийӕ. 21 Ӕфхӕрд лӕг ма аздӕхӕд ӕгадӕй, мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыкк Дын сыстауӕнт Дӕ ном. 22 Сыст, Хуыцау, раст тӕрхон рахӕсс! Ӕркӕс-ма: ӕдылытӕ Дын ӕрвылбон Дӕ ном фауынц. 23 Ма ферох кӕн, ам Де знӕгтӕн сӕ хъӕр кӕй хъуысы ӕмӕ ӕдзух кӕй змӕнтынц Дӕ ныхмӕ. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia