Псаломтӕ 72 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Асафы псалом. Куыд ауды Хуыцау Израилыл, куыд ауды сыгъдӕгзӕрдӕтыл! 2 Ӕз та, чысыл ма бахъӕуа, фӕцудон, фӕкӕлынмӕ мӕ бирӕ нал хъуыди: 3 ӕдзӕсгӕмттӕм бахӕлӕг кодтон, ӕнаккӕгтӕ цардӕй къӕртт куыд ӕппарынц, уымӕ кӕсгӕйӕ, 4 сӕ цард-цӕрӕнбонты хъизӕмар кӕй не ’взарынц, сӕ амӕлӕты онг сӕ хъару кӕй нӕ сӕтты, уый уынгӕйӕ. 5 Уыдон царды зындзинӕдтӕй хызт сты, иннӕтау царды уӕз нӕ базонынц. 6 Сӕрыстырдзинад фӕрдгуыты халау сӕ хъуырыл ӕртыхсти, сӕ дарӕс — ӕгъатырдзинад. 7 Фырнӕрдӕй сӕ цӕстытӕ аныгъуылдысты фиуы, сӕ зӕрдӕтӕ — чъизи монцтӕй йедзаг. 8 Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй. 9 Арвы ныхмӕ ныххӕлиу кодтой сӕ дзыхтӕ, ӕгас зӕххыл уырзӕй сгары се ’взаг. 10 Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц! 11 Уыдон фӕзӕгъынц: «Хуыцау ӕй цӕмӕй базондзӕн? Бӕрзӕндтыл Бадӕг афтӕ уынаг у?» 12 Фыдгӕнджытӕ сӕ цард ӕрвитынц ӕдыхстӕй, сӕ мулкыл ӕфты, афтӕмӕй. 13 Уӕдӕ ӕз дзӕгъӕлы архайдтон сыгъдӕгзӕрдӕйӕ цӕрыныл, мӕ къухтӕ ӕназымӕй дарыныл? 14 Мӕхи цы хордтон алы бон дӕр, ӕрвылрайсом цы катай кодтон? 15 Фӕлӕ ӕз афтӕ куы загътаин, уӕд Дӕ хъӕбултыл гадзрахатӕй рацыдаин. 16 Мӕн уыдӕттӕ бамбарын фӕндыд, фӕлӕ уый тынг зын уыди, 17 цалынмӕ Хуыцауы Кувӕндонмӕ бацыдтӕн ӕмӕ сын сӕ кӕрон базыдтон, уӕдмӕ. 18 Ды сын сӕ фӕндаг скӕныс бырынцъаг ӕмӕ сӕ быныскъуыд фӕкӕндзынӕ. 19 Ӕрбайсӕфдзысты ӕваст, ӕбуалгъ уыдзӕни сӕ кӕрон. 20 Куы райхъал уай, уӕд фын куыд ӕрбайсӕфы, афтӕ сын Ды, Бардарӕг, фесафдзынӕ сӕ бӕллицтӕ. 21 Мӕ зӕрдӕ куы байдзаг ис мастӕй, куы тыхсти мӕ уд, 22 уӕд ӕз ӕнӕзонд уыдтӕн, ницы ’мбӕрстон, фосӕй уӕлдай нӕ уыдтӕн Дӕ разы. 23 Ӕз Демӕ дӕн кӕддӕриддӕр, мӕ рахиз къухыл мын хӕцыс, 24 раст фӕндагыл мӕ аразыс ӕмӕ мӕ уый фӕстӕ бакӕндзынӕ Дӕ кадмӕ. 25 Уӕларв ма мын Дӕу йеддӕмӕ чи ис? Ды мемӕ куы уай, уӕд ницӕмӕ бабӕлдзынӕн зӕххыл дӕр. 26 Слӕмӕгъ сты мӕ буар ӕмӕ мӕ уд, фӕлӕ Хуыцау — мӕ фидар ныфс, мӕ амонды хай мыггагмӕ. 27 Дӕуӕй чи адард ис, уый фесӕфдзӕн. Йӕ зӕрдӕ Дыл чи сивта, уыдоны Ды се ’ппӕты дӕр фесафдзынӕ. 28 Мӕнӕн та Хуыцауы раз ӕхцон у: Дунедарӕг Хуыцау — мӕ мӕсыг. Ӕз Де ’ппӕт хъуыддӕгты тыххӕй дзурдзынӕн. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia