Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 71 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Соломоныл. О Хуыцау! Саккаг кӕн паддзахӕн Дӕ рӕстдзинад, паддзахы фыртӕн — Дӕ раст тӕрхон!

2 Уадз ӕмӕ раст тӕрхон кӕна Дӕ адӕмӕн, уадз ӕмӕ раст ӕвзара мӕгуырты хъаст.

3 Уадз ӕмӕ хӕхтӕй адӕммӕ амонд ӕрцӕуа, уадз ӕмӕ къуыбыртӕ адӕмӕн рӕстады дыргътӕ ’рхӕссой.

4 Уадз ӕмӕ мӕгуыртӕн сӕ хъаст ӕвзара, фервӕзын кӕна мӕгуыр лӕджы цоты, басӕтта тыхгӕнӕджы, —

5 уӕд мыггагмӕ кад кӕндзысты Дӕуӕн, цалынмӕ ’рттивой хур ӕмӕ мӕй.

6 Къӕвдайау, тыгъдызӕйау ӕрцӕуӕд зӕхмӕ;

7 йӕ заманы рӕстуд фӕрнӕйдзагӕй цӕрӕд! Цалынмӕ мӕй рухс кӕны, уӕдмӕ зӕхх амондӕй йедзаг уӕд.

8 Паддзахиуӕг кӕнӕд иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.

9 Ӕдзӕрӕг быдыры сырдтӕ ӕрзоныг уӕнт йӕ разы, йе знӕгтӕ рыг сдӕрӕнт.

10 Фидӕнт ын хъалон Таршиш ӕмӕ сакъадӕхты паддзӕхтӕ; Сава ӕмӕ Севайы паддзӕхтӕ йын лӕвӕрттӕ хӕссӕнт.

11 Бакувӕнт ын ӕппӕт паддзӕхтӕ, лӕггад ын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ.

12 Уый фервӕзын кӕндзӕни мӕгуыры, фӕхӕцӕг кӕуыл нӕй ӕмӕ чи дзыназы, уыцы ’фхӕрд адӕмы.

13 Фӕтӕригъӕд кӕндзӕн мӕгуырӕн, мӕгуыр адӕмы фервӕзын кӕндзӕни,

14 мӕнгарддзинад ӕмӕ тыхмийӕ сӕ бахиздзӕн, зын ын уыдзӕни се сӕфтмӕ кӕсын.

15 Бирӕ цӕрӕд! Савайӕ йын ласдзысты сыгъзӕрин, ӕдзух ын кувдзысты, ӕрвылбон ын арфӕ кӕндзысты.

16 Ӕмӕ зӕххыл сбирӕ уыдзӕни хор, Ливаны хӕхтау дыргъӕй нал зындзӕн, сахарты адӕм кӕрдӕгӕй фылдӕр суыдзысты.

17 Йӕ ном цӕрдзӕни ӕнусмӕ. Цалынмӕ хур рухс кӕна, уӕдмӕ нӕ ферох уыдзӕн йӕ ном. Уый уыдзӕнис арфӕгонд, ӕппӕт адӕмтӕ йӕ амондджын хондзысты.

18 Арфӕгонд у Дунедарӕг Хуыцау, Израилы Хуыцау! Ӕрмӕстдӕр Уый аразы диссӕгтӕ.

19 Йӕ кадджын ном арфӕгонд у ӕнусмӕ, ӕппӕт зӕхх байдзаг уӕд Йӕ кадӕй. Аммен, аммен!

20 Уыйадыл фесты Йессейы фырт Давиды куывдтытӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan