Псаломтӕ 70 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг, Ды — мӕ хъахъхъӕнӕг, ӕмӕ ӕз никуы фегад уыдзынӕн. 2 Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ мӕ бахиз, фервӕзын мӕ кӕн, фехъус мӕ, ӕххуысмӕ мӕм фӕзын! 3 Айнӕг къӕдзӕх мын басгуых — мӕ сӕр-иу кӕм бафснайон. Фервӕзын мӕ кӕн: Ды — мӕ къӕдзӕх, мӕ фидар. 4 О мӕ Хуыцау, бахиз мӕ ӕнӕхуыцауӕй, фыдгӕнӕг ӕмӕ сурӕджы къухӕй. 5 Бардарӕг — Ды мӕ иунӕг ныфс, О Дунедарӕг, ме ’взонджы бонтӕй Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. 6 Мӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ Ды дӕ мӕ иунӕг ныфс, Дӕ фӕрцы рантыстӕн дунемӕ; кад Дын кӕнын кӕддӕриддӕр. 7 Бирӕтӕ мӕ диссагӕн хӕссынц, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ Дӕуыл лӕууы. 8 Мӕ былалгъыл — Дӕуӕй ӕппӕлӕн ныхӕстӕ, ӕрвылбон Дын Де стырад стауын. 9 Мӕ зӕры бонты мыл ма атигъ кӕн Дӕхи, ма мӕ ныууадз, мӕ хъару куы байсыса, уӕд. 10 Ме знӕгтӕ фыдвӕндтӕ аразынц мӕ ныхмӕ, мӕ мӕлӕтмӕ у сӕ каст ӕмӕ дзурынц: 11 «Хуыцау ӕй ныууагъта. Йӕ фӕстӕ зилут, хӕцут ыл! Ӕххуысгӕнӕг ын нӕй!» 12 О Хуыцау, ма мӕ ныууадз! О Дунедарӕг, ӕххуысмӕ мӕм фӕзын! 13 Худинаджы бын фӕуӕнт ӕмӕ фесӕфӕнт, ӕнӕуынон кӕмӕн дӕн, уыдон! Фӕхудинаг уӕнт, аллайаг фӕуӕнт ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ! 14 Ӕз кӕддӕриддӕр мӕ зӕрдӕ дардзынӕн Дӕуыл, кад Дын кӕндзынӕн ног ӕмӕ ногӕй. 15 Ӕрвылбон стаудзынӕн Дӕ рӕстад, Дӕ ирвӕзындзинад, уымӕн ӕмӕ Дӕ хорзӕхтӕ никуы фӕуыдзынӕн нымад. 16 Дунедарӕджы хъомысы кой кӕндзынӕн, Ды, иунӕг Ды кӕй дӕ раст, уый тыххӕй дзурдзынӕн. 17 О Дунедарӕг, ме ’взонджы бонтӕй фӕстӕмӕ мӕ Ды раст фӕндагыл аразыс, ӕмӕ абон онг Дӕ диссӕгты кой кӕнын. 18 О Хуыцау, ма мӕ ныууадз мӕ зӕры бонты, мӕ сӕр куы сурс уа, уӕд дӕр, цӕмӕй адӕмӕн Дӕ хъомысы, фидӕны фӕлтӕрӕн Дӕ хъаруйы кой ракӕнон. 19 О Дунедарӕг, Дӕ рӕстад — арвӕй уӕлдӕр, кӕуылты сты Дӕ хъуыддӕгтӕ! О Дунедарӕг, Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? 20 Цас мыл ӕруагътай судзгӕ бӕллӕхтӕ, ӕмӕ мӕ ногӕй царды ныфс бауадз, арф дӕлдзӕхӕй мӕ ракӕн фӕстӕмӕ. 21 Ногӕй мӕ сбӕрзонд кӕн ӕмӕ та мын фӕлӕууын кӕн мӕ зӕрдӕ. 22 О мӕ Хуыцау! Хъисфӕндыры зӕлтӕй Дын скад кӕндзынӕн, Дӕ иузӕрдиондзинад Дын стаудзынӕн! Дыууадӕстӕноныл Дын кады зарӕг сисдзынӕн, о Израилы Уаз Хуыцау! 23 Дӕ кады зарӕг ме ’взагӕй куы рацӕуы, уӕд мӕ уд дӕр фыр цинӕй райы, уымӕн ӕмӕ йӕ Ды фервӕзын кодтай! 24 Ӕрвылбон ме ’взаг стауы Дӕ рӕстад, худинаджы бын фесты ме сӕфтмӕ бӕлджытӕ! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia