Псаломтӕ 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Давиды шигаййон (ӕнкъард зарӕг) Дунедарӕгӕн, Куш ӕй, Бениамины мыггагӕй иу, азымы куы бадардта, уӕд. 2 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ агурын мӕхицӕн ӕмбӕхсӕн, ӕмӕ мӕ бахиз, мӕ фӕдыл зилджытӕй мӕ фервӕзын кӕн! 3 Науӕд мӕ акъабӕзтӕ кӕндзысты домбайау, ӕмӕ мын ӕххуысгӕнӕг нӕ уыдзӕни. 4 О Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, кӕд, цы не ’мбӕлы, ахӕмӕй исты ракодтон, фыдракӕндӕй мӕ къухтӕ фӕчъизи кодтон, 5 кӕд, мемӕ хӕларӕй чи царди, уымӕн йӕ хорз ӕвзӕрӕй бафыстон, — ӕз, ӕнӕ исты ’фсонӕй-иу ме знаг чи сси, уый дӕр-иу чи фервӕзын кодта, — 6 уӕд фыдгул мӕ фӕдыл ӕфтыд фӕуӕд, раййафӕд мӕ, сыджыты бын мӕ фӕкӕнӕд, мӕ кад мын рыджы сӕвдулӕд! 7 О Дунедарӕг, Дӕ масты цӕхӕртӕ скал! Ме знӕт фыдгулты ныхмӕ ралӕуу! Ӕркӕс мӕм ӕмӕ рахӕц мӕ сӕрыл, цы тӕрхон рахастай, уый сӕххӕст кӕн! 8 Дӕ алыварс ӕрӕмбырд уыдзысты адӕмтӕ, Ды сӕ сӕрмӕ бӕрзонд Дӕ паддзахы бадӕны ӕрбад! 9 Дунедарӕг адӕмтӕн тӕрхон кӕны. О Дунедарӕг, равзар мын мӕ хъаст, мӕ рӕстадмӕ, ӕнӕкъӕм кӕй дӕн, уымӕ гӕсгӕ! 10 Фыдгӕнджыты хӕрам бамынӕг уӕд! Рӕстудӕн та фӕфидар кӕн йӕ зӕрдӕ, рӕстаг Хуыцау, — Ды фӕндтӕ ӕмӕ зӕрдӕтӕ фӕлварыс. 11 Мӕ уарт — Хуыцау, рӕстзӕрдӕты Ирвӕзынгӕнӕг! 12 Хуыцау у раст тӕрхонгӕнӕг, ӕрвылбон карзӕй дзуапп Чи домы, Уый. 13 Йӕ тӕригъӕдтыл чи не ’рфӕсмон кӕны, уыдоны бафхӕрынӕн рацӕгъды Йӕ кард, Йе ’рдынбос айвазы ӕмӕ сӕм ныхъхъавы. 14 Райсы мӕлӕтхӕссӕг гӕрзтӕ, ӕрцӕттӕ кӕны судзгӕ фӕттӕ. 15 Фыддзинад саразынмӕ чи хъавы, гуырдзау фыдвӕнд йӕ зӕрдӕйы чи хӕссы, уымӕй райгуыры мӕнгдзинад. 16 Искӕмӕн дзыхъхъ чи къахы, уый дзы йӕхӕдӕг ныххауы. 17 Йӕ фыдракӕнд йӕхи ныхмӕ рауайы, йӕхи сӕрыл ӕрцӕуы. 18 Стауын ӕз Дунедарӕджы рӕстад, зарын ӕз Иууылбӕрзонд Хуыцауы номы кадӕн! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia