Псаломтӕ 68 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Зарӕг «Хъоппӕг»-ы зӕлтӕм гӕсгӕ. Давиды псалом. 2 О Хуыцау, баххуыс мын кӕн! Мӕ улӕфӕнтӕм схӕццӕ ис дон. 3 Арф цъымарайы ныссагъдтӕн, ӕмӕ дзы цӕуыл ӕрлӕууон, уый нӕй. Хуыдымы бахаудтӕн, ӕмӕ мӕ тагъд аныхъуырдзӕн. 4 Ӕрдиаг кӕнын дӕр нал у мӕ бон, мӕ хъӕлӕс ныффӕсус ис. Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты, мӕ Хуыцаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ. 5 Ӕнаххосӕй ӕнӕуынон кӕмӕн сдӕн, уыдон мӕ сӕрыхъуынтӕй фӕфылдӕр сты. Сбирӕ сты ме знӕгтӕ, азымджын нӕ дӕн, афтӕмӕй зилынц мӕ фӕдыл. Никӕй бастыгътон, афтӕмӕй мӕ агурынц фиддон. 6 О Хуыцау, Ды зоныс ме ’нӕзонд митӕ, мӕ тӕригъӕдтӕ ӕмбӕхст не сты Дӕуӕй. 7 О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, ма мӕ фӕхудинаг кӕн, науӕд фегад уыдзысты, Дӕуыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон, о Израилы Хуыцау! 8 Уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ сӕраппонд фӕфидиссаг дӕн, мӕ цӕсгомыл худинаджы гакк сбадт. 9 Ме ’фсымӕртӕн сдӕн искӕйон, мӕ мады зӕнӕгӕн — ӕцӕгӕлон. 10 Дӕ Хӕдзары мӕт мӕ удхарӕй мары, Дӕ фыдгойгӕнджыты фидистӕ мӕ фауынц. 11 Ӕз дзынӕзтон ӕмӕ ком дардтон — уый тыххӕй мын фидистӕ кӕнынц. 12 Дарӕсы бӕсты мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, ӕмӕ мӕ ӕмбисондӕн хӕссынц. 13 Сахары кулдуармӕ адӕм мӕ фыдгой кӕнынц, рассыггӕнджытӕ мыл айуаны зарджытӕ сисынц. 14 Фӕлӕ ӕз кувын Дӕумӕ, Дунедарӕг, хорз цӕстӕй мӕм куы кӕсыс, уыцы рӕстӕг. Де стыр хорзӕхы фӕрцы мӕ фехъус, фервӕзын мӕ кӕн Дӕ иузӕрдионы фӕрцы. 15 Цъымарайӕ мӕ слас, цӕмӕй дзы ма аныгъуылон, йе сӕфт мӕ чи уыны, уыдонӕй мӕ бахиз, ӕнӕбын хуыдымӕй мӕ фервӕзын кӕн, 16 науӕд мӕ йӕ уӕлныхты сисдзӕн ӕмӕ мӕ аныхъуырдзӕн, мӕ сӕрмӕ сӕхгӕндзӕн йӕ ком. 17 О Дунедарӕг, дзуапп мын ратт, Ды хӕларзӕрдӕ ӕмӕ иузӕрдион куы дӕ! Ӕркӕс мӕм, Дӕ хорзӕх бирӕ куы у! 18 Дӕ цагъарӕй Де ’ргом ма аздах, батагъд кӕн ӕмӕ мын дзуапп ратт — уымӕн ӕмӕ тынг тыхст дӕн! 19 Ӕрцу ӕмӕ мын фервӕзын кӕн мӕ уд, фервӕзын мӕ кӕн ме знӕгты фыддӕрагӕн. 20 Ды зоныс, фидистӕ мын куыд кӕнынц, куыд мӕ ӕгад кӕнынц, аллайаг куыд фӕдӕн, уый! Мӕ фыдгултӕ иууылдӕр Дӕ разы сты. 21 Сӕ фидистӕй зӕрдӕсаст фӕдӕн, басасти мӕ хъару. Ӕнхъӕлмӕ кастӕн, исчи мын кӕд батӕригъӕд кӕнид, фӕлӕ ахӕм нӕ разынди; ӕнхъӕлмӕ кастӕн ныфсӕвӕрӕгмӕ, фӕлӕ ахӕмы дӕр не ссардтон. 22 Хойраджы бӕсты мын марг радтой, мӕ дойны та мын дзымарийӕ састой. 23 Сӕ цӕл сын ахсӕн хыз фестӕд, сӕ минасы фынгтӕ — къӕппӕг. 24 Сӕ цӕстырухс сыл баталынг уӕд, ӕндзыгнизӕй фӕсӕйӕнт, цӕрӕнбонты ӕдзухъом куыд уой, афтӕ. 25 Дӕ фыдӕхы амӕттаг бауӕнт, Дӕ судзгӕ маст сӕ баййафӕд. 26 Сӕ цӕрӕнуат гӕныстон фӕуӕд, сӕ цатырты цӕрӕг мауал баззайӕд. 27 Уымӕн ӕмӕ, Ды кӕй ӕрцавтай, уыдонӕн сӕ фӕдыл зилынц, кӕй барӕхуыстай, уыдоны хъизӕмарыл цинӕй райынц. 28 Ды сын сӕ алы тӕригъӕд дӕр ӕрымыс, сӕхи сраст кӕнын сӕ ма бауадз! 29 Царды чиныгӕй сын ахахх кӕн сӕ нӕмттӕ, рӕстгӕнджыты хыгъдмӕ сӕ куыннӕ бахӕссой. 30 Ӕз ӕфхӕрд дӕн ӕмӕ хъизӕмар кӕнын, фӕлӕ мын Ды, Хуыцау, баххуыс кӕндзынӕ, мӕ къӕхтыл мӕ слӕууын кӕндзынӕ. 31 Зарӕджы ӕппӕлдзынӕн Хуыцауы номӕй, Йе стырад Ын кады зарӕгӕй стаудзынӕн. 32 Уый Дын ӕхцондӕр уыдзӕн, Дунедарӕг, сыкъаджын ӕмӕ сӕфтӕгджын галтӕ ӕмӕ уӕнгуытӕй. 33 Ӕфхӕрд адӕм уый куы феной, уӕд бацин кӕндзысты. Хуыцауы чи агуры, уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ байдзаг уыдзысты царды ныфсӕй. 34 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хъусы мӕгуырты лӕгъстӕтӕ, Йӕ адӕмы уацары нӕ ныууадздзӕн. 35 Стауӕнт Ӕй арв, зӕхх, денджызтӕ ӕмӕ, сӕ мидӕг цыдӕриддӕр змӕлы, уыдон! 36 Хуыцау баххуыс кӕндзӕни Сионӕн, сӕндидздзӕн Иудейы сахартӕ. Йӕ адӕм та дзы ногӕй ӕрцӕрдзысты, ӕмӕ сӕ исбойнаг зӕхх фӕстӕмӕ сӕхи бауыдзӕн. 37 Хуыцауӕн кад чи кӕны, уыдоны байзӕддагӕн уыцы зӕхх баззайдзӕни фыдӕй-фыртмӕйы исбонӕн. Уым-иу ӕрцӕрдзысты, Хуыцауы чи уарзы, уыдон. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia