Псаломтӕ 66 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Хъисфӕндырты цагъдимӕ. Псалом. Зарӕг. 2 О Хуыцау, батӕригъӕд нын кӕн ӕмӕ нын арфӕ ракӕн. Дӕ рухс цӕстӕй нӕм ракӕс, 3 цӕмӕй зӕххы цъары ӕппӕт адӕмтӕн раргом уа Дӕ фӕндаг, Дӕ ирвӕзындзинад. 4 О Дунедарӕг, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ! 5 Дзыллӕтӕ цин кӕнӕнт ӕмӕ райӕнт: Ды адӕмтӕн кӕныс ӕнӕхӕрам тӕрхон, раст фӕндаг амоныс дзыллӕтӕн. 6 О Хуыцау, адӕмтӕ Дӕ стауӕнт, кад Дын кӕнӕнт ӕппӕт адӕмтӕ! 7 Зӕхх тыллӕг радта; Хуыцау нын арфӕ ракӕнӕд, нӕ Хуыцау. 8 Нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕнӕд. Йӕ разы адӕм ӕмризӕджы ризӕнт ӕгас зӕххы кӕрӕтты. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia